Табуйæг Ирон Мæйрадуаг, Ирон Адæмы бæрæгбæттæ, УАСТЫРДЖИЙЫ БОНТЫ МÆЙ (Чындзæхсæвы Мæй)

0
1500

Ацæты Уфук Гюнес

Уастырджийы Бæрæгбонтæ Хорзæхтæ Уæ Уæд!
(Уастырджийы Бонты Мæй – ма уал хонут нæ фыдæлты бæрæгбон гуырдзиаг номæй: Джеоргуыба!).

3ыгуымоны бæрæгбон 8 бон, хуыцаубоны
Зыгуымон æхсæв у фæззæджы бæрæгбæттæй иу, кодтой йæ Джеоргуыбайы мæйы, хуыцаубоны, Уастырджийы Бонты Мæймæ ма-иу къуыри куы уыди, уæд. Ацы бæрæгбон абон адæмæй ферох, фæлæ йæ раздæры заманты кодтой хуссары дæр æмæ цæгаты дæр.
Адæм-иу сæ фæззыгон куыстытæ бакодтой, сæ хор-иу систой, сæ хос-иу бафснайдтой. Суанг ма иу хъæмп æмæ зыгуым дæр æфснайд æрцыдысты. Хохаг лæджы зæрдæ ницæмæуал æхсайы – куывдты рæстæг æрцыд. Бæрæгбон кодтой бинонтæ. Хистæр-иу æртæ чъирийы скуывтæ Хуыцауы фæстæ тынгдæр куывтой Уацилла æмæ Галæгонмæ, цæмæй хор æмæ фосæфсæст уой, сæ бæркад фылдæрæй-фылдæр кæна, дымгæйы бардуаг Галæгон сæ фыдбылызæй хиза. Афтæ дæр уыд, æмæ иу бинонты хистæр се ‘ртæ чъирийы скуывта, сæ хортæ кæм уыдысты, уым – сæ гонты, сæ къутуты цур, ома уæд Хуыцау æмæ Уацилламæ, хоры бæркад кæмæй аразгæ у, уыцы зæдтæ, уыцы дауджытæм йæ ныхас хуыздæр фехъуысдзæн, зæгъгæ.

Ñêóëüïòóðà Ñâÿòîãî Ãåîðãèÿ ó ñâÿòèëèùà Íûõàñû Óàñòûðäæè

Уасгерги 10 бон, Дыццæджы бон
Галæргæвдæн 15 бон, Хуыцаубо
Уастырджийы бонæй дыууӕ къуыри раздæр ирон адӕм нысан кодтой Галæргæвдæнтӕ. Ацы къуыри адæм аходæн кодтой фыдызгъæлæй. Хъæзныг бинонтæ–иу аргæвстой, цалдæр аз кæй фæхъомыл кодтой, ахæм гал. Марходарджытæ-иу Уастырджийы боны рæстæгмæ цы бæрæгбонтæ хауд, уыдон нысан кодтой Галæргæвдæн къуырийы.

Тыхост, Дæргъæвсы ком, 17 бон, Дыццæджы бон
Тыхост у ирон адæмы рагондæр бæрæгбæттæй иу. Ирон адæмы уалдзыгон бæрæгбонты æхсæн сæрмагонд бынат ахсы Тыхост кæнæ Тхост (дыгуронау Тухуаст). Ацы бардуаджы номыл Цæгат Ирыстоны, уæлдайдæр та Уæлладжыры комы æмæ Куырттаты комы арæзтой бæрæгбон Куадзæнæй фондз къуырийы фæстæдæр. Æргæвстой гал æмæ кодтой иумæйаг хъæугуывд. Тхост нымад цыдис карз бардуагыл. Ирон адæм æм сидтысты иууыл тыхстдæр сахаты, зæгъæм, хурвæлтæр-иу бирæ куы ахаста, сæ халсар-иу æнæдонæй куы сæфтис æмæ сын-иу Уациллайы номыл куывд дæр куынæ баххуыс кодта ацы хъуыддаджы, æрмæст ахæм рæстæджы. Фольклорон уацмысты Тхост æвдыст цæуы Уациллайы хæлары хуызы. Æмæ уæдæ Тхостæн дæр йæ бон уыдис хъæздыг хор æрзайын кæнын, хурвæлтæры рæстæджы къæвда рауадзын, их, тыхдымгæ æмæ сахкъæвдатæй бахизын.
Тхостмæ куывтой афтæ:
О Тхост, ды дæ нæ сыхаг æмæ нын уыныс нæ тыхстдзинад, ды Уациллайы хæлар дæ, – балæгъстæ йын кæн (Уациллайæн), æмæ къæвда рауадза, нæ хуымтæ æнæ донæй сæфынц. Тхост цæмæй къæвда рауагътаид, уый тыххæй-иу суадонæй дон рауагътой, Тхосты номыл цы стыр дуры цур куывтой, уыцырдæм, дуры-иу донæй бапырх кодтой, стуры сойæ дæр-иу æй байсæрстой.
Цæуæггаг скæнынц афтæ: лæппуйæн йæ къахæй йæ къухмæ цы хъæуы, уый ног балхæнынц æмæ йын скæнынц сæрак дзабыртæ, сæ хъустыл хæрдгæбыд æвæрд куыд уа, афтæ, ноджы сæрак зæнгæйттæ, мидæггаг хæлаф æмæ хæдон, куырæт, цухъа, рон минтъалæй арæзт, минтъал гыццыл хъама, хъусбос, сахаты бос, стæй ирон дамбацайы хуымпъыр, уæлдзарм худ, уæлейы йыл хæрдгæйæ лыстæг куыстæй нывæвæрдтытæ (уæлтаутæ). Хæдзары бинонтæ акæнынц кусарт, сцæттæ кæнынц нозт, хæринæгтæ, æрхонынц сыхбæсты. Лæппуйы фæсивæдимæ арвитынц Мадымайрæмы кувæндонмæ куывды. Уыцы ранмæ цæуæггаджы лæппутимæ æрæмбырд вæййы бирæ адæм. Цæуæггаджы лæппутæн саразынц хъæдын фæттæ æмæ сыл бакæнынц алыхуызон хæцъилтæ, гæнæк æмæ амал цас уа, уыйасæй глази хæцъилтæ. Йæхимæ кæмæн нæ уа, уый искæмæй дæр ракуры. Мадымайрæмы кувæндоны цур скувынц, цæуæггаджы лæппутæн сæ худтæ сисынц, сæ сæртæ сын зыгъар даст ныккæнынц фыццаг хатт. Куывд куы фæвæййынц, уæд сын сæхицæн ацаходын кæнынц. Адæм фæминас кæнынц, фæзарынц æмæ заргæ æрцæуынц хъæумæ. Цæуæггæгты бæрæгбон чи кæны хъæуы, уыдон хъуамæ иу ранмæ дæр æрæмбырд уой æмæ иумæ куывд скæной, æмæ бон-изæрмæ хъæлдзæгæй арвитой».
Уди ма дзы, æмæ ис, ахæм æгъдау, Тхосты дзуары цур ис ныхас хистæртæ иу леппуйы сбадын кодтой ныхасы семæ æмæ йæ фарстой – зæгъæм мæнæ ахæм цау æрцыди æмæ куыд бакæнæм, зæгъ дæ хъуды. Æртæ азы цыд лæппутæн нæ фыдæлтæ лæджы кад кодтой æмæ сæ ахур кодтой лæг уæвын. Ныр дæр нæ дуджы махæй нæ ’сты рох нæ фыдæлты рæссугъд æгъдæуттæ, æмæ куыд раздæр, афтæ ныр дæр, Тхосты дзуары куывды вæййы Цæуæггаг.

Уастырджийы бон (Æрæстон хуыйнын: Джеоргуыба – Галæргæвдæн) 22 бон, хуыцаубоны
Ирон адæмы бæрæгбæттæй иууыл ахсджиагдæр æмæ кадджындæр у Уастырджийы бон, Уастырджийы стырбон. Уастырджийы Бонты Мæйы фæстаг æххæст къуыри. Райдыдта иу уый хуыцаубонæй æмæ иу ахаста 1-2 къуырийы бæрц. Ирыстоны хæххон хъæуты (Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр) Уастырджийы номыл кувæндæттæ ис алы ран дæр. Уыдонæй се ппæтæй зындгонддæр уыдысты Ныхасы Уастырджи (Уæлладжыры комы), Найфат (Дзомагъы), Джеры дзуар (Джеры комы), Къуайцайы дзуар (Къуыдаргомы), Рекомы дзуар (Цъæйы комы), Дзывгъисы дзуар (Куырттаты комы), Дигори изæд (Дыгургомы).

Уастырджимæ Кувæн Æхсæв 23 бон, къуырисæры изæрæй.
Уастырджийы боны æхсæвы куывд:
– Хуыцау, табу Дæхицæн! Дунесфæлдисæг дæ, дзуæртты дæр Ды сфæлдыстай æмæ нæ Дæ хорзæх уæд.
– Оммен, Хуыцау!
–Тбау Уацилла, хор-фосы хицау дæ æмæ нæ дæ хорзæх уæд. Фидæнмæ ноджы хуыздæр нывондтæ куыд æрхæссæм, уыцы ахъаз бакæн.
– Оммен, Хуыцау!
– Йе сызгъæринбазыр Уастырджи, ахсæв де ‘хсæв у, æмæ дын табу уæд!
– Оммен, Хуыцау!
– Ахсæв дын бирæ адæм дæ ном ардзысты, уыдонæй хуыздæрæн кæй куывд айстай, Нæ куывд дæр уый æмбал фæкæн.
– Оммен, Хуыцау!
– Уастырджи! Тыхгæнæгæй нæ бахиз.
– Оммен, Хуыцау!
– Уастырджи! Нæ цот, нæ кæстæртæ – де уазæг.
– Оммен, Хуыцау!
– Уастырджи! Нæ уазæг дæр де уазæг уæд, амондджын уазджытæ нæм цæуæд.
– Оммен, Хуыцау!
– Уастырджи! Нæ бæлццæттæ де уазæг, сæ хæдзæрттыл æнæмаст, æнæфыдбылызæй, дзæбæхæй æмбæлæнт!
– Оммен, Хуыцау!
– Уастырджи! Мæгуыр лæгæн æххуысгæнæг дæ æмæ мах дæр дæ хорзæх уæд. Дæ Фидæн бонтæ ныл хъæлдзæгдæрæй куыд æрцæуой, уыцы арфæ нын ракæн.
– Оммен, Хуыцау!

Къуайсайы Дзуары Бон 23 бон, къуырисæры изæрæй
Хьугомы Дзуары Бон (Часавалы) 23 бон, кьуырисæры изæрæй
Æрджынарæджы Уастырджи (Черчесты Хъ.) 23 бон, кьуырисæры изæрæй
Джеры Дзуары Бæрæгбон 23 бон, кьуырисæры изæрæй
Джеры дзуары кувæндон ис Дзауы районы, Джеры хъæумæ хæстæг. Дзуарыл сæхи фæдзæхстой канд ирæттæ нæ, фæлæ гуырдзиæгтæ дæр. Куывдмæ цыдысты афæдз дыууæ хатты – Майрæмы мæйы кæрон æмæ Уастырджийы боны мæйы Уастырджийы бонты. Бæрæгбон-иу ахаста къуыригæйттæ, адæм-иу æм сæхи цæттæ кæнын райдыдтой рагацау. Иæ бынмæ-иу æрбаластой кусæрттæгтæ, арахъ, бæгæны, сæн. Аргæвстой-иу гал, фыстæ. Джеры дзуармæ куывтой тынг зæрдиагæй, адæмы уырныдтæ цыдæр æгæрон тых ис дзуармæ, æмæ йæм сæ рынчынты кодтой, уæлдайдæр, зондæй чи фæцудыдта, ахæмты. Рынчыны-иу бæндæнтæй бабастой æмæ, кувæндонмæ хæстæг цы сæрсæфæн ис, уырдæм-иу æй ауагътой, дæ хæйрæджы ном зæгъ, науæд дæ аппардзыстæм ардыгæй, зæгъгæ. Рынчын-иу цы нæмттæ загъта, уыдон-иу гæххæттыл ныффыстой æмæ-иу сæ басыгътой. Куыд дзурынц, афтæмæй уыцы рынчынтæй бирæтæ сдзæбæх. Джеры дзуарыл адæм абон дæр фæдзæхсынц сæхи. Скувынц æм, цæмæй сæ Джеры Уастырджийы хорзæх уа, амондджын уой, амондджын фæндæгтыл цæуой.

Уастырджимæ Кувæн Къуыри 23-29 бонты
Фылдæр хатт Уастырджийы мæйы фæстаг къуыри райдайы æмæ къуыри ахæссы. Уыимæ йе ’рвитæн бон дæр хъуамæ уа Уастырджийы мæйы. Бæрæгбон Цыппурсы Мæймæ нæ хизы. Уастырджийы мæй, стæй ма Чындзæхсæвты мæй дæр. Раздæр-иу алчидæр тырныдта бæркадджын фæззæджы – ацы мæй йæ фыртæн ус ракурынмæ, хъæздыг чындзæхсæв скæнынмæ æмæ-иу фидыды рæстæг чызджы бинонтимæ баныхас кодтой ацы мæймæ. Æмæ йæ рахуыдтой Чындзæхсæвты мæй дæр. Йæ хæд фæстæ ралæууы зымæг. (Цгойты Хазби).
Уастырджийы бонтæ фæззæгмæ кæй æййæфтой, уымæн дæр ис йæхи нысаниуæг: фæззæгмæ фæвæййынц хæдзарадон æппæт куыстытæ дæр, (хуым кæрдын, най кæнын, холлаг æфснайын æмæ а. д.), зæхкусæг вæййы сæрибар, æнцой йæ афæдзы куысты бæркадæй æхцондзинад бавзара, уый фадат ын вæййы сæрибарæй. Уастырджийы бонты агъоммæ дыууæ къуырийы раздæр-иу райдыдтой къайон цардимæ баст æгъдæуттæ аразын: чызджы бинонтæм минæвæрттæ æрвитын, хæдзаруынæг цæуын, нысан уадзын, ирæды куывд æмæ а. д. Архайдтой, цæмæй-иу Уастырджийы бонмæ æрæййæфтаиккой чындзæхсæвтæ, уымæн æмæ, дам, Уастырджийы бонты чындзæхсæв цы дыууæ æвзонг адæймаджы скæной, уыдон уыдзысты иууыл амондджындæр. Афæдзы æндæр афонты дам-иу чындзæхсæв кæмæн скодтой, уыцы дыууæ æвзонг адæймаджы къайон цард дам-иу уыдис æнамонд, тагъд дам-иу ахицæн сты. Чындзæхсæвтæ æнæмæнг Уастырджийы бонты кæныны æгъдау канд ирæттæм нæ, фæлæ бирæ æндæр адæмтæм дæр у зындгонд: уырысмæ, немыцмæ, албантæм æмæ а. д. Уастырджимæ цастæрбæрцæй æввахс лæууы уырыссаг, гуырдзиаг, абхазаг бардуаг сыгъдæг Георги, кæсæг-балхъайраг – Керги, Ааушь-Гр, Георге. Гъе, фæлæ ранымад бардуæгты динон функцитæ ирон Уастырджийы хуызæн уæрæх æмæ универсалон нæ уыдысты.

Дзывгъисы Уастырджийы Фæдзæхсæн Бон 29 бон, хуыцаубоны
Дзывгъисы дзуар – Уастырджийы номыл æппæты кадджындæр кувæндæттæй иу Куырттаты комы. Чи зоны, хъуамæ Дзывгъисы дзуар кæддæр уыдис Дзывгъисы хъæубæсты бардуаг. Хъæуы цæрджытæ Дзывгъисы аргъуаны цы кувæндон ис, уый хонынц Уастырджийы номæй, Уастырджийы кувæндон. Дæллагхъæуы цæрджытæ та йæ хонынц Дзывгъисы дзуары кувæндон. Алфамблайы хъæутæ-иу радæй ноябры мæй дзуары бын Уастырджийы номыл кодтой стыр æхсæны куывдтæ. Йæ боны-иу аргæвстой, сæрмагондæй куывдмæ кæй хастой, ахæм нывонд нæл фыстæ, кæнæ гал. Бæрæгбон-иу ахаста æнæхъæн къуыри. Чызг раттыныл-иу цы бинонтæ бафидыдтой, кæнæ-иу ног чындз цы бинонтæ æрхастой, уыдон дæр-иу дзуары бын гал æргæвстой. Æвæццæгæн, ацы æгъдау баст у, Фыййагдоны фаллаг фарс Майрæм, зæгъгæ, цы кувæндон уыдис, уый кæй ферох æмæ йын йæ функцитæ Дзывгъисы дзуарæн кæй радтой, уыимæ. Ацы дзуары куывдтæн уыдис хицæн миниуджытæ: цыдис сæм бирæ адæм,хъазыдысты дзы «цæсгæмттæ», кодтой худæджы кæфтытæ, архайдтой хæрз цыбыр хицæн театралгонд равдыстыты.

Уастырджийы Æрвитæн (Фæндараст Кæнæн) Æхсæв 30 бон, къуырисæры изæрæй.

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz