Аланты Хъæлæс Ocak 2021

0
1397

Рухсаг У, Нæ Зынаргъ Хистæр Хъаныхъуаты Ремзи…

 

Ирон Дзыллæйы Зиан

Ис нæм нæ културæйы, марды фæстæ кувгæ кæнгæйæ дзурынц:
Мард уыдзæн алы хæдзары дæр, уый уыдзæн бинонты зиан.
Мард уыдзæн алы мыггаджы дæр, уый уыдзæн уыцы мыггаджы зиан.
Мард уыдзæн алы хъæубæсты дæр, уый уыдзæн уыцы хъæуы зиан.
Ахæм мард та уыдзæн æмæ уый та уыдзæн æнæхъæн дзыллæйы зиан.
Хъаныхъуаты Ремзи у Ирон дзыллæйы зиан.

Æрмæст Ирон дзыллæ нæ фæлæ бирæ азты Турчы зæххы Кавказаг æхсæнадтыл чи куста уыцы Кавкaзаг идейы хицау уыди Хъаныхъуаты Ремзи. Турчы зæххы Кавказаг дзыллæты зиан дæр уыди Ремзи.

Мах гъер дзыллæйы зианыл хъыг кæнæм.

Кæд абон нæ æхсaнад АЛАН æмæ Кавказаг дзыллæты æхсæнадтимæ фидар бастдзинæдтæ æмæ æмвæнддзинад кæд ис уый аразæг уыди.

Абон кæд нын ис Ирыстонимæ хорз ахастдзиад уыцы фидар бастдзинaд æмæ æмвæнддзинады аразджытæй сæ иу уыди.

Ирыстонæн йæ уарзон хъæбулы зиан дæр уыди Ремзмйы мæлæт.

Ремзийы фæллой æмæ æнтыстдзинæдтæн кæрон нæй.

Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатоли куыд загъта Ремзийы зианы фæдыл уымæн исты бафтауын нæ хъæуы: “Ремзи махæн дæр дæнцæг уыди.”

Бирæ азты дæргъы иумæ фæкустам Ремзиймæ æмæ уымæй бирæ цыдæртæ базыдтон.Нæ хъудыты хицæндзинад дæр уыди иуæй иу хатт. Фæлæ зыдтам мах цы идейыл баст стæм æмæ уый тыххæй кæй архайæм уымæ гæсгæ кæрæдзимæ хæрам дæр никуы уыдыстæм.

Нæ фыдæлтæй куыд федтам æмæ нæ куыд сахуыр кодтой уымæ гæсгæ раст фæндагыл чи цæуы уыйимæ æмдзу кæнын хъæуы. Уыцы фарн хæссын нæ хæс кæй у уый никуы ферох кодтам.

Фидарæй уырнæм, а дунeйы алы цыппæттæ Стыр Хуыцауæй аразгæ кæй у. Уымæ гæсгæ бафæразынмæ архайaм Ремзийы æнафон цыдыл.

Ремзи, рухсаг у! Рухс дзæнæт уæд дæ бынат…

Хъусаты Садреттин, Турчы Цæрæг Ирæтты Æхсæнад АЛАН-ы Сæрдар.

***

Хъаныхъуаты Ремзийы зианы фæдыл

Зæрдæрыстæй хъынцъым кæнын Ирыстоны иузæрдыг хъæбул, Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын минæвар Турчы Республикæйы Хъаныхъуаты Ремзи кæй фæзиан, ууыл, æмæ йын мæсæллæй зæгъын йæ хæстæджытæ, хиуæттæ æмæ æввахс адæмæн.

Маст кæнын сымахимæ иумæ, баххæст кæнын кæмæн нæй, уыцы зианы фæдыл.

Ирыстон бирæ фесæфта Ремзийы ацыдæй. Йæ куысты алы фадыджы дæр уый, йæхиуыл æнæ ауæрдгæйæ, цæсты гагуыйау, хъахъхъæтта Ирыстон æмæ ирон адæмы бартæ, æнувыд уыд ирон æвзаг æмæ ирон æгъдауыл, фидар бындур æрæвæрдта Турчы зæххыл Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады куыстæн.
Уæздан ирон лæг, адæмуарзаг, æргомзæрдæ удгоймаг, Ханыхъуаты Ремзи фидарæй хæцыди йæ царды бæрзонд принциптыл, махæн та уыд æнæбасæтгæ удварн æмæ удыхъæды дæнцæг.

Йæ царды фæндагыл рацыд цæсгомджын æмæ сæрбæрзондæй, йæ фæстæ ныууагъта йæ хорз хъуыддæгты тæхудиаг дыргътæ, æмæ уыдон та мæлæтæй тыхджындæр сты. Хуссар Ирыстоны мингай цæрджытæ бæрзонд аргъ кодтой æмæ бузныг уыдысты Ремзийæн, йæ хъæздыг уды уаз, нæртон лæвæртты тыххæй, æмæ йын сæ зæрдæты æнусмæ бавæрдзысты йæ рухс ном.

Рухсаг у, Ремзи…

Хуссар Ирыстон-Алани Республикæйы Президент Бибылты Анатоли

***

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад 

2020 азы Цыппурсы мæйы 31 боны махæй æнæнхъæлæджы ахицæн Хуссар Ирыстоны Республикæйы Æххæстбарджын Минæвар Турчы Республикæйы – нæ зынаргь ‘фсымæр Хъаныхъуаты Ремзи.

Хъаныхъуаты Ремзи райгуырд 1952 азы хуымгæнæны мæйы 5-ам боны Турчы сахар Сивас-Йылдызелиймæ баст Конакозу хъæуы. Цæрджытæ дзы уыдысты æрмæст ирæттæ.

Скъола дæр уыцы сахары фæци. 1972 азы уаелдаер ахуырады тыххæй Истанбулмæ ацыд. Фаеци каст дыууæ уæлдæр ахуырады – Радио Телеуынынады редакцийы факультет æмæ Экономика æмæ бизнесы факультет.

Хъаныхъуаты Ремзи йæ царды сæйраг архайд равзæрста ирон адæмы фидæны тохыл. Бирæ рæстæг фæкуыста Цæгат Кавказаг адæмы æхсæнад кълубы, 1977 -1978 азты æвзæрст æрцыд фæсивæды советы сæргълæуæгаей, 1979 азæй – 1986 азмæ та æхсæнады советы сæргълæуæгæй.

1987 азы Хъаныхъуаты Ремзи хъæппæрисæй арæст æрцыд Alan Kültür ve Yardım Vakfı – Турчы цæрæг ирон адæмы културон Æхсæнад.

Фыццаг хатт Ремзи Ирыстонмæ æрцыд 1978 азы. 1992 азы рухæны мæйы Хуссар Иры хæст йае тæмæны куы уыд, уæд гуманитарон æххуысимæ Цхинвалмæ дæр ацыд. Уыцы рæстæджы Дзæуджыхъæуы цыд Дунейы Ирæтты 1-аг Конгресс æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ Ремзийæн балæвар кодтой Хуссар Ирыстоны Республикæйы тырыса.

Хъаныхъуаты Ремзи Ирыстоны Стыр Ныхасы Турчы æххастбарджын минæвар уыд бирæ азты дæргъы. 2007 азы Ирон адæмы 6-æм Уанелы сахар Цхинвалы дæр райста активон хайад.

2014 азы кæфты мæйы Хуссар Ирыстоны Хæларады Орденæй хорзæхджын æрцыд.
Хъаныхъуаты Ремзи хорз ном ныуагъта Ирыстоны æмæ Турчы цæрæг ирон адæмы ‘хсæн. Æппæт Ирыстоныл стыр зиан æрцыд.

Фæсарæйнаг Хъуыддæгты Министрад тæфæрфæс кæны Хъаныхъуаты Ремзийы бинойнаг Слонаты Сæхриза, йæ чызджытæн Вилдан æмæ Пынарæн.
Хъынцым кæнæм æппæт ирон адæмы културон Ахсæнады уæнгтимæ.

с. Цхинвал, 2020 азы Цыппурсы мæйы 31 бон.

***

Иры Стыр Ныхасы номæй

Ног азы къæсæрыл ныл сæмбæлд уæззау хабар Туркæй. Йæ цардæй æнæнхъæлæджы ахицæн нæ хорз æмбал, не’фсымæр, Турчы ирон æхсæнад æмæ Иры Стыр Ныхасы бирæ æзты хъазуатон архайæг, Хъаныхъуаты Ремзи (Remzi Yıldırım).

Хæларзæрдæ, райдзаст, æргом ныхас, Иры фидæныл зæрдæбынæй чи тыхстис, ахæм кадджын æмæ намысджын лæгæй баззайдзæн нæ зæрдæты. Æвдайæм æзты фыццаг хатт куы сæмбæлд Ирыстонмæ, уæдæй фæстæмæ нын йæхи тынг бауарзын кодта, æмæ дызæрдыг нæ кæнын, йæ ном рох кæй никуы уыдзæн.

Рухсаг у Ремзи. Дæ фæстæ чи баззад, уыдоныл цардаудæн кæн.
Иры Стыр Ныхасы номæй тæфæрфæс кæнын бинонтæн, хиуæттæн, Хъаныхъуаты кадджын мыггагæн.

Кучиты Руслан, Иры Стыр Ныхасы номæй

***

Хъаныхъуаты Ремзи Йылдырым-Ы Фæдыл

Нæ иу зæрдыг æфсымæр Ремзи хæрзбондæрнын нæ захта афтæмæй (31.12.2020) йе’цæг дунемæ атахт!!! Фæндараст зæгъындæрманын нæ бантыст. Ремзи æрмæст ирæттæн нæ фæлæ æппæт кафказаг адæмæн дæр сæ уарзон æфсымæр уди.

Ремзи 1989 азы Æхсæнад Аланы бындур аразджытæй уыд, бирæ хатт сæргълæууæгæй йембæлттимæ иузæрдыгæй ирон адæмы, ирон културайы æмæ фидæны тыххæй фæфæллой кодта. Æздæр бирæ рæстæджы иумæ фæкуыстон. Дууæхатт йемæ цæгат/хуссар ирыстоны дæр уыттæн.
Ремзи нæ зæрдæтыл уæззау уаргъ ныууахта, иæ бынат афтидæй баззад, алцæмæй æххæст æцæг ирон лæг, рох кæнынæн амал нæй, хъуамæ иæ къахфæдтыл цæуæм.
Мæ зынаргъ æфсымæр Ремзи, нæ зæрдæты мидæгнын æнæ ахуысгæ зынг ныууахдай, рухсаг у, рухс дзæнæт дæ бынат.

Хосонты Мутлу

***

Хъаныхъуаты Ремзийы Фæдыл

Нæ зынаргъ æфсымæр Ремзи не’уæлæ стыр хъыг нууахда æмæ иæцард йе’цæг дунемæ ауыфда. Иæ бынат афтидæй баззад.

Ирон културæйы тыххæн нæ фидæны тыххæн зæрдиагæй фæфæллой кодта.
Ме’фсымæр Ремзи Æхсæнад Аланы сæргълæууæг куыуыди уæдмæ фыццагхатт феллойгæнæг къордмæ бсхуыдта, фыццагхат мын ирыстонмæ цæуны фæндаг сарæста.

Мæ зæрдиаг хъуыдымæ гæсгæ нæ културæ дæр не’хсæнад Алан дæр æнæ Ремзийæ нæ фидаудзæн. Æхсæнад Аланы æмæ Хуссар ирыстоны комитеты сæргълæууæг куыуыди уæд иумæ демократикон хъуыдытимæ ахсджиаг фæллой кæй фæкодтам уый тыххæй мæхи иу дыгæй амондджын, иу дыгæй та моралон хæсджын хонын.
Мæ зынаргъ æфсымæр Ремзийымæ фыццагхат 1978 азы Багъларбасы Цæгат Кафказы Култура Æхсæнады базонгæдæн. Ремзи адæмы мидæг иæ уæздан лæудæй, иæ айыв ныхæстæй кадджын уыди.

Ремзи цалдæр аз фæстæ Æхсæнад Аланы бындур æвæрыны тыххæй газамонæг уыд, æнæзивæгæй æмæ иузæрдыгæй фæфæллой котда, 1989 азы иннæ фæллойгæнджытимæ ирон æхсæнады сарæстой. Æнæхъæн ирон дзыллæйы ацы иумæйаг хæдзары алфамбылай райдзастæй æмбырд кæнын зынаргъ Ремзийæн бантыст.

Рæмзийы хоныны фæдыл 2007 азы Æхсæнад Аланы 7 фæллойгæнæгæй (æнæгæды æз исты сарæхсдзынæн зæгъгæ дызæрдыг уыттæн) фæкуыстам. Æгайттæрма, семæ кусын байдыттон 2008 азы Гуырдзы Хуссар ирыстонмæ куыныппырста уæд Ремзи сæргълæууæгæй уайтагъд Хуссар ирыстоны комитеты сарæста, æнæхъæн цæгат кафказы адæм æмæ ирон дзыллæ иæ алфамбылай рæмбырдкодта, сæрыстырдæн тынг хорз æнтыстдзинæттæ равдыстам.

Ме’фсымæр Ремзи æрмæст социалон хъуыддæгты мидæг нæуыд, нæхæдзæртты, нæ куысты бынатыдæр иу зæрдыгæй нæфарсммæ ныфсдæттæг уди.
Нæ районы æнæ бæзгæ хъуыддæктæйу ку рауад уæд зыттон уайтагъд ме’фсымæр Ремзи кæйагурдзæн уый.

Ныр уцы зынаргъ Ремзи нын нали, иæ фæллæйтты бафидын нæ бон нæу, хъуамæ аргъ кæмæн лæвæртта уцы хъуыддæктæн хицаудзинад кæнæм, кæй ныууахта уцы фæддыл зæрдиагæй цæуæм, уый махæн нæ хæс у.

Фæстейæ кæй ныууахта иæ зынаргъ цард æмбал Сехриза, иæ буц чызытæ Вилдан æмæ Пынарæн тынг зын уавæр кæйуы уый зонæм, Хуыцау сын æххусгæнæг уæд.
Рухсаг у мæ зынаргъ æфсымæр Ремзи, рухс дзæнæт дæ бынат.

Æлбегты Лейла
11.01.2021

***

Хъаныхъуаты Ремзи! Ацы кадджын лæгимæ базонгæ дæн Стамбулы. Уæздан ирон, адæмуарзаг æмæ æргомзæрдæ адæмаг! Йæ хъарм ныхас, йæ фæлмæн цæстæнгасæй æркæсын кодта йæхимæ. Æмæ yæд куыд рæсугъд дзырда иронау. Растдæр зарæджы хуызæн. Йæ алы ныхасы дæр уыд æнæкæрон, стыр уарзондзинад Ирыстонмæ . Ремзи уарзта йæ адæмы, æнувыд уыд йæ ирон æвзаг æмæ æгъдауыл , дард Турчы бæстæйы.

Мæсæллæй зæгъын Ремзийы бинонтæн æмæ æвахс адæмæн.
Размæ цæугæ, фæcтæмæ kæcгæ…

Рухсаг у!

Венера Дудайты
Финляндия

***

Хъаныхъуаты Ремзи

Аланы æхсæнадæн иæ бындур æвæрджытæй,
Дæхæдæг кæй сарæзтай ‘стыр фыдæбонтимæ,
Деппæлинæгтæм кæсгæ баззадыстæм æнкъардæй,
Дæуæй хъахъхъæнинæктæ ацыдысты дæуимæ…

Ацы æнæрай азæй ничи баззад бузныг,
Йæхæдæг ахъуыдтыйы, дæута цæмæн ахаста…
Йæхæдзар ныггæлинаг !!! рацахстадæ уыдисæг,
Ногазмæ бахизгæйæ ‘стыр хъыгнын ныууахта.

Ирыстоны адæмы де’руаджы куы базыдтам,
Ирондзинады зæххæй уæларвмæ куы фелвæстай !..
Нæ мадæлон æвзаджы дæумæ хъусгæ бауарстам.
Нæ дзыллæйæн дæ хъару, фæсивæдæн ныфс радтай.

Дæ къахдзæфæй дæ кафтæй, МЕМНОМ дæуæй хъал кодтам.
Размæ ацæуæм зæгæ æнæлæугæ архаидтай,
Куыналдын бантыст фылдæр, дæуæй цытæ хъахъхъæдтам !..
Дæ фыдæбонты иууыл дæ фæстейæ ныууахтай.

Хъаныхъуаты РЕМЗИ дæ тагъд цыуыди дæуæн,
Базыртæдыл æрзади цъиуы хуызæн
атахдæ!..
Хæрзæбондæр нæ захтай дæу чи уарзта уыдонæн…
Рухс дзæнæты фæндæктыл фæндараст фæуай уæдæ…

03.01.2021
Не’стыр хъыгы фæдыл ацы æмдзæвгæйы фыссынмæ бахъавыдтæн

Хосонты Ремзи

***

 

Мæ Хæлар Хъаныхъуаты Ремзийы Тыххæй Цалдæр Ныхасы

Бæргæ, Ногазы æрмæст арфæтæ куы кæниккæм, фæлæ, стыр хъыгагæн, иуыл афтæ нæ вæййы…

Ног 2021 азы къæсæрыл нæм Туркæй сыхъуыст тынг уæззау хабар. Йæ цардæй ахицæн Хъаныхъуаты Ремзи.

Хорз адæймаг йæ æнусон бынатмæ куы ацæуы, уæд дзы арæх фæдзурынц ЙÆ ФÆСТÆ ХОРЗ ФÆД НЫУУАГЪТА, зæгъгæ. Афтæ зæгъæн ис Ирыстоны Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр тынг хорз кæй зыдтой, уыцы Турчы зæххыл цæрæг ирон лæппу Хъаныхъуаты Ремзийæ дæр.

Ремзи мæнæн ме ‘ввахс хæлар лæг уыд. Турчы ирон диаспорайы сæргълæууæг кæй уыд, уый тыххæй бахауд мæ чиныг «Осетия и осетины»-мæ дæр, йæ къам рамкъæйы кондæй ауыгъд ис мæ хæдзарон музейы дæр. Уæдæ йæ фыццаг хатт Хуссар Ирыстонмæ дæр æз æркодтон. Ацы къамы сымах уынут Ремзи æмæ Сæбæтхъуаты Рамазаны. Нæ къам куы истам,уæд мæм Рамазан бахатыд, цæмæй йæ къам сиса мæ нымæтхуды. Сæ дыууæ дæр Дзæуджыхъæуы уыдысты уазæгуаты сæ хæлæрттæм æмæ сæ Хуссармæ куы ркодтон (Рамазаны раздæр, Ремзийы та фæстæдæр) уæд, хорз хъуыды кæнын куыд дис кодтой, Хуссар Ирыстоны иуылдæр иронау кæй дзурынц, ууыл.

Иухатт мын Ремзи афтæ дзуры: «Хъазбег, цалынмæ Хуссармæ не рцыдтæн, уæдмæ афтæ æнхъæлдтон æмæ Ирыстон æрмæст Цæгаты ис, æмæ иу мын зын уыд, иуыл уырыссагау кæй дзурынц, уый тыххæй. Ныр мæнæ Цхинвалы стæм, горæты разил-базил кæнæм æмæ мæ зæрдæ цин кæны, иуыл ирон ныхас кæй хъуысын уый, тыххæй. Кæд искуы сфæнд кæнон Ирыстонмæ рыздæхынмæ, уæд æрмæстдæр Хуссармæ æмæ мын дæ цуры искуы цæрæн бынат ссар»-стæй йæ мидбылты бахудт.

Мæнæ ацы къам та ист у сентябры мæйы 1992 азы Дзæуджыхъæуы. Уæд уагъд цыд Ирæтты Дунеон Конгресс æмæ дзы Ремзи дæр хайад иста, куыд Стамбулы ирон æхсæнад «АЛАН»-ы сæргълæууæг. Улæфты рæстæджы мæм мæ зонгæ чызг (ЦИПУ журналистикæйы студенткæ) бахатыд, цæмæй Ремзимæ бахатон æмæ дзы чызг интервью райса.

Чызгæн баныфс æвæрдтон, фæлæ цы рабæрæг? Турчы зæххыл, æрмæст йæхæдæг нæ, фæлæ йæ фыд дæр æмæ фыды фыд дæр кæмæн райгуырд, уый сыгъдæг зыдта æмæ дзырдта иронау. Дзæуджыхъæуы цы ирон чызг райгуырд, уый та иронау нæ зыдта, йæ бон дзурын уыд æрмæст уырыссагау. Кæй зæгъын æй хъæуы, Ремзи Турчы цæргæйæ уырыссагау кæцæй зыдтаид æмæ ирон студенткæйæн йæ бон нæ уыд ирон лæппуйæ интервью райсын. Къамы ухæдæг уынут, æз се ‘хсæн бадын (сау кæсæнцæстыты) æмæ сын тæлмацгæнæг дæн. УÆДÆ МА УЫМÆЙ ХУДИНАГДÆР ЦЫ ХЪУАМÆ УА? Нæ дарддæры фембæлдтыты рæстæджы иу Ремзи ацы худинаг цау арæх æрымысыд.

Ремзийы тынг фæндыд, цæмæй иу хатт æрцыдаин Туркмæ æмæ фембæлдаин уым цæрæг ирæттимæ. Уæдæ мын дыууæ хатты визæтæ дæр сарæзта, фæлæ мын, хъыгагæн, бæрæг аххоссæгтæм гæсгæ, иухатт дæр нæ бантыст.

Æнæуый та арæх æмбæлдыстæм, Ирыстонмæ иу куы рцыд, уæд. Æмæ цæугæ та арæх кодта, æрмæст ирон адæмы съездтæм нæ цыд, фæлæ мА раздæр Къостайы бонтæ æрвылаз цытджын æгъдауæй куы нысан кодтам, уæд Нармæ дæр нæ зивæг кодта.
Уымæй дæр фæстаг азты ноджы уыд нæ республикæйы минæвар Турчы æмæ бирæ мадзалтæ уагътой Хуссар Ирыстоны тыххæй.

ÆМÆ МА ИУ ЦЫМЫДИСАГ ЦАУЫ ТЫХХÆЙ. Кæддæр мын Цхинвалы сахары цæрæг Лалыты Светланæ ирон нымæтхуд сарæзта. Дыккаг бон æй скодтон æмæ цыдæр хъуыддаджы фæдыл Нафимæ куыстмæ бацыдтæн. Нафи ногарæзт худ мæ сæрыл куы ауыдта, уæд мæ афарста: заманайы худ дыл ис, афтæ хорз ма сæ чи аразы? Æз куы фæхатыдтæн худ Нафийы зæрдæмæ фæцыд, уæд ын æй систон æмæ йын æй йæ сæрыл æркодтон æмæ йын афтæ дзурын: Нафи абонæй фæстæмæ дæу у, мæнæн уæддæр чысыл къаннæг у (барæй дзы рахъаст кодтон), стæй мæм хæдзары цалдæр худы ис, дæуæн та дæ худ æгæр фæзæронд ис.

Уымæй дыууæ боны фæстæ Цхинвалы цыд ирон адæмы уанел (съезд) æмæ йæ куысты Ремзи дæр хайад иста. Райсомæй Нафиимæ лæууæм æмæ нæ Ремзи куы ауыдта, уæд нæм бацыд, йæ хъæбысы нæ акодта æмæ стæй ногарæзт худ Нафийыл куы ауыдта, уæд æм афтæ дзуры: Нафи, Хъазбегимæ тæхудыйаг стут ахæм ирон нымæтхудтæ уæ сæрыл кæй хæссут.

Уыцы ныхасмæ Нафи фæцарæхст, йæ худ йæ сæрæй систа, Ремзийы сæрыл æй æркодта æмæ афтæ дзуры: уый дын мæ лæвар, стæй мæнмæ æрбакаст, йæ мидбылты бахудт æмæ афтæ дзуры, мæнæн та мæнæ Хъазбег саразын кæндзæнис. Ремзи Нафийы лæвар худæй тынг сæрыстыр уыд, арæх иу дзырдта, Нафийы лæвар худ мын у, зæгъгæ.

Фарон, октябры мæйы Фейсбукмæ баппæрстон иу уац нымæтхуды тыххæй: «ЦÆМÆН «РОХ» КÆНÆМ ИРОН НЫМÆТХУД?». Уац куы фыстон, уæд Ремзимæ адзырдтон, зæгъын, цы фæцис дæ нымæтхуд, кæд ма дæхимæ ис, уæд дзы къам сис æмæ йæ раппар. Ремзи мын ахæм дзуапп радта: «Хъазбег, ды уыцы худ æрмæст иу суткъæ хастай, Нафи дыууæ боны, æз та йæ ныр цалдæр азы хæссын, цæсты гагуыйау йæ хъахъхъæнын, æмæ нæм цыфæнды бæрæгбон ма уа, иуыл мæ сæрыл вæййы». Стæй дзы къам систа æмæ йæ раппæрста, уынут æй къамты ‘хсæн.

Стыр хъыгагæн, ныр уыцы нымæтхуд йæ мæрддзаг фæцис, чи зоны йын æй йæ ‘нусон бæстæм дæр йемæ нывæрдтой.

Ныр цы загъдæуа? Æрмæстдæр уый æмæ нын Ногазы къæсæрыл йæ мæлæт нæ зæрдæтæ фæриссын кодта.

Ремзийы зиан æрмæст йæ бинонты, хæстæджыты æмæ мыггаджы зиан нæу, фæлæ зиан æрцыд æнæхъæн Ирыстоныл, ирон адæмыл.
Цы мæрдтæм бацыд, уыдон хорзæх æй уæд! Йæ фæстæ кæй ныууагъта , уыдоныд рæстаудæн, цардаудæн кæнæд!

Ремзи, мæ хæлар! Рухсдзæнæты дæ бынат, дæ Фарн та фæстагæттæн баззайæд!
Ацы рæнхъытæ чи кæсы, уыдон та нырæй фæстæмæ хорздзинæдтæ хъусæд æмæ сæ Ногазы Хорзæх уæд!

PS: Ацы рæнхъыты кæсджытæй курæг дæн, цæмæй стиккертæ ма ппарой тæфæрфæс уацы фæстæ… дыууæ ныхас фыссын йæ бон кæмæн нæу, уыдон мæссæлитæ хъæугæ дæр нæ кæнынц…

Казбек Чел-Ахсартаг

***

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz