Адæмæн сæ сомбон -се ‘взаг. Æвзаг куы уа, куы рæза, уæд уыдзæнис адæмыхатт. Иугæр æвзаг фесæфти, уæд нал ис адæмыхатт дæр. Уыдон рæсугъд ныхæстæ не сты, ногæй дæр ницы загътон, æвзаджы фарст чи æвзара, уый, æнæмæнг, ацы хъуыдыйæ райдайдзæнис йæ ныхас. Советон цардыуаг фехæлдис. Зæгъынц, уыцы рæстæджы домæнтæ ног цардимæ æмдзу нал кæнынц. Фæстаг рæстæг арæхдæр дзурæм ахуырады системæйыл. Ай-гъай! Раджы заман дæр, ныры дуджы дæр цардæн йæ сæрæвæрæн у ахуыр! Æмбарæм, Ахуырадон программæ дæр хъуамæ дзуапп дæтта нырыккон домæнтæн. О, фæлæ нæм уæдæ цæмæн афтæ кæсы, æмæ ног ахуырадон системæ мæгуырау у удварн æмæ патриотон фæзилæнтæй. Цымæ адæймаджы, фæнды -ирон, фæнды уырыссаг уа, фæнды хъазахъхъаг, цæцæйнаг, -патриот схонæн ис, мадæлон æвзаг, йæ адæмы культурæ, йæ адæмы традицитæ удæй куы нæ уарза, йæ дадзинты куы нæ уой, уæд? Уарздзæнис йе Стыр Фыдыбæстæ? Бахъуаджы заман æй, куыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, бахъахъхъæндзæнис знагæй? Кæд, мыййаг, уарзондзинад Стыр Фыдыбæстæмæ райдайы мадæлон æвзагæй, фыды къæсæй! Газет «Рæстдзинад»-ы редакцимæ фæдисы дзæнгæрджытæ цæуы Алагиры, Æрыдоны æмæ Кировы районты хъæутæй скъолаты ирон æвзаг ахуыр кæныны фарсты тыххæй йæ мадæлон æвзагыл, йæ рагфыдæлтыл ма дзы иузæрдион чи у, уыдонæй.
Ацы бирæ фæрстытæ газет «Рæстдзинад», куыд ирон æвзаг, культурæ æмæ традициты артдзæст дæтты филологон наукæты доктор, ЦИППИ-йы поликультурон æмæ полилингвалон ахуырады ЮНЕСКО-йы кафедрæйы сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы нацин-культурон фæрстыты фæдыл уынаффæгæнæг ХЪАМБОЛТЫ Тамерланмæ.
– Рæстдзинад -Дызæрдыггаг нæу, уырыссаг æвзаг нын ахсджиаг кæй у. Абоны царды, æнæ уырыссаг æвзаг зонгæйæ, ницы гæнæн ис. Уымæн ис не скъолаты рагæй-æрæгмæ дæр уырыссаг æвзагмæ стыр æргом здæхт. Уымæн æмæ уырыссаг æвзагыл дзурæм нæ уарзон Стыр Фыдыбæстæйы, уымæн æмæ уырыссагау дзурæм, нæ республикæйы цы бирæ адæмыхæттытæ цæры, уыдонимæ. Фæлæ не скъолаты мадæлон æвзаджы сахæттæ кæй къаддæр кæнынц, уый тыххæй мадæлон æвзаджы уавæртæ кадавар кæнынц. Нæ Министрадæн та йæ дзуапп: «Уый у Иумæйаг ахуырадон программæйы домæн». Æмæ афтæмæй нæ мадæлон æвзаг куы фесæфа, уæд нæ нацийы хæдхуыздзинад дæр куы сæфы! Нæ традицитæ æмæ нæ культурæ та царды удварны скъола сты! Ацы сагъæссаг фарсты фæдыл уыд, Тамерлан, дæ раныхас 3 октябры Мæскуыйы форум «Æвзаджы политикæ: æппæтуæрæсеон экспертизæ», зæгъгæ, уым. Ды загътай: «Æмткæй райсгæйæ, ахуырады къабазы æвзæгтæм цы цæстæнгас ис, уый рахонæн ис æбæлвырд, йæ бындуртæ кæмдæрты ныхмæлæуд сты федералон æмæ регионалон закъонæвæрынадимæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы æууæлтæ фадат нæ дæттынц бæстæйы адæмты мадæлон æвзæгтæ бахъахъхъæнын æмæ рæзынæн. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, уавæрыл хорзæрдæм сахаддзæн, раздæры Ахуырады базисон пъланмæ куы раздæхæм, уый (зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы пъланы сæрмагонд бынат уыд национ-регионалон компоненты предметтæ ахуыр кæнынæн). Стæй бæстæйы субъекттæн сæ конституцион æмæ закъонæвæрынадон æххæст барты фæлгæты раттын хъæуы бар, цæмæй, сæ регионты æвзæгты уавæр хынцгæйæ, лыг кæной мадæлон æмæ паддзахадон æвзæгты рæзты фæрстытæ». Дæ хорзæхæй, зæгъ-ма, дæ хъуыды куы райхæлдтай, уæд дæм форумы архайджытæ æрыхъуыстой? Цавæр фæрстытæ сæм сæвзæрдис дæумæ?
-Хъамболты Тамерлан: Раст зæгъгæйæ, сæ цæстæнгас мæ ныхасмæ иухуызон нæ уыдис. Чидæртæ мæ ныхмæ сдзырдтой, ома ницы ис тæссагæй, æвзаджы сахæттæ кæй фæкъаддæр сты, уым. Æрымысыдысты 1970-1980 азтæ, мадæлон æвзæгтæ æппындæр куы на ахуыр кодтой скъолаты, æмæ сæ уæддæр бирæтæ базыдтой бинонты руаджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæбыцæу дæн семæ, бадомдтон сæ дзуапп, уæдæ Уæрæсейы адæмыхæттытæн сæ фылдæр хай сæ мæдæлон æвзæгтыл цæй тыххæй нæ дзурынц абон, сæ национ литературæтæ æдзæллаг цæй тыххæй фесты, ЮНЕСКО-йы уынаффæмæ гæсгæ цæмæн хаст æрцыдысты, мæлæты къахыл чи лæууы, уыцы æвзæгты рæнхъмæ. Бæргæ сæвæрдтон ацы фæрстытæ, фæлæ сын дзуæппытæ на райстон. Иу хъуыддаг ма хъæуы баффиппайын. Æмбырды мæ фарс ничи рахæцыд иннæ республикæты минæвæрттæй, ацы фарстатæ кæд уыдонмæ дæр хауынц, уæддæр. Æмбырд куы фæцис, уæд мæм æрбацыдысты, æмæ мын арфæтæ кæнын райдыдтой. Ницы сын загътон, фæлæ мæ уавæр стыр сагъæсы бафтыдта.
-Ирон æвзаджы ахуыры тыххæй куы дзурæм, уæд ЦИППИйы поликультурон æмæ полилингвалон ахуырады ЮНЕСКО-йы кафедрæ цы ахуыргæнæн чингуытæ сарæзта, уыдоны кой æнæ скæнгæ нæй. Уымæн æмæ ныр а фæстаг цалдæр азы сæ алыварс цæуы быцæу ныхас. Æмбæрстгонд у, зæронд ахуыргæнæн чингуытæ ног иумæйаг ахуырадон программæйы домæнтæн дзуапп кæй нæ дæттынц. Чингуытæм ис бирæ фиппаинæгтæ ныййарджытæ æмæ, æвзагмæ бар чи дары, уыдонæй. Зæгъæм, зæронд, зын дзурæн дзырдтæ райдайæн кълæсты цæмæн хъæуынц. Ахæм æмбарынæдтæ æмæ стыр тексттæ сæм фæндзæм къласæй фæстæ мæ куы хæссиккой, цæмæй уал сывæллон бамбара мадæлон æвзаджы ад. Чингуыты æнæрастдзинæдтæ куыд иуварсгонд цæуынц, фиппаинæгтæм гæсгæ сæм цавæр ивддзинæдтæ хаст цæуы, стæй æмткæй цавæр уыдзæнис ахуыргæнæн чингуыты дарддæры хъысмæт?
-Программæ æмæ ахуыргæнæн чингуыты уавæр афтæ рауадис, æмæ фыццаг цæттæгонд æрцыдысты къуыри 4-5 сахаты пайда кæнынмæ. Уый фæстæ федералон стандарт аивта, æмæ дзы мадæлон æвзагæн баззад æрмæст æртæ сахаты. Афтæмæй та чингуытæ мыхуыры рацыдысты æмæ скъолатæм æрвыст æрцыдысты. Ныртæккæ автортæ бакуыстой программæ æмæ чингуытыл, фæхуымæтæгдæр сæ кодтой, стæй се ‘рмæджытæ фæкъаддæр кодтой, цæмæй сын æртæ сахаты мидæг сахуыр кæнынæн фадат уа. Ныр та сæ ратдзыстæм скъолаты ахуыргæнджытæм, цæмæй сæм уыдон дæр сæхи цæстæнгасæй æркæсой. Уый фæстæ сæ хъæудзæн мыхуыры рауадзын.
-Ды дæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы раз ирон æвзаг хъахъхъæныны æмæ йæ райрæзын кæныны къамисæн йæ сæрдары хæдивæг. Къамисы уæнгтæ сты, ирон æвзагмæ чидæриддæр бар дары, уыдон. Уæ бон цавæр фарстатæ у лыг кæнын? Цавæр мадзæлттæй у уæ бон æвзаджы абоны уавæрыл сахадын?
-Къамисы сæйрагдæр куыст уыдзæн, Республикон программæ «Ирон адæмы национ-культурон райрæзт»-ы мадзæлттæ куыд æххæст цæудзысты, уымæ цæст дарын. Ис дзы дыууæ дæлпрограммæйы, баст сты ирон адæмы культурон хæдхуыздзинад æмæ ирон æвзаг бахъахъхъæнынимæ. Уыцы нысæнттæм гæсгæ программæмæ хаст æрцыдысты бирæ ахсджиаг æмæ вазыгджын мадзæлттæ. Гъер та хъæуы, цæмæй уыдон афойнадыл æмæ, куыд æмбæлы, афтæ æххæстгонд æрцæуой. Æмæ къамисы уæнгты хæстæй сæйрагдæр уый уыдзæн.
-Бузныг, Тамерлан.