Мадæлон Æвзаг

0
973

Мадæлон Æвзаг

Фын алкæддæр лæджы æфтауы дисыл.
Æз федтон фын: мæ мæлæт мæм æрцыд.
Мæ уд æз истон иу тæвд боны ‘мбисыл
Дагъистаны, – нæмыг мæ риуы уыд.

Хæл-хæлæй уад хæххон суадон мæ цурты.
Нæ хъуыдтæн никæй, ферох кодтой мæн…
Хуыссын æнцад мæ гуырæн зæххы дуртыл,
Æмæ – рæхджы мæ мард сыджыт уыдзæн.

Цыма мæлын, æмæ мын ничи зоны
Мæ сæфты хабар, – нал хъуысы мæ хъæр,
Æрмæст ныууасынц цæргæстæ бæрзондæй
Æмæ ныннæтынц хъуазтæ та кæмдæр.

Æмæ кæуæг мæныл нæ зыны абон,
Æрыгонæй æдзард кæй фæдæн æз, –
Нæдæр мæ мад, нæдæр хæлар, нæ – уарзон,
Нæй, нæй, нæ хъуысы хъарæджы хъæлæс.

Гъе, афтæ мардтæн, цардæй кодтон хицæн;
Æваст дын хъусын: адæм мæм æввахс
Æрбацæуынц æмæ кæнынц сæхицæн
Раст ме ‘взагыл – авайрагау – ныхас.

Тæвд æмбисбон йæ фæзы Дагъистанæн
Æз мардтæн, о, æмæ мæ хъустыл цыд
Ныхас йæ хинтыл цавæрдæр Гасанæн
Æмæ – Али куыд фæливæг лæг уыд.

Куы хъуыстон дзурын мадæлон æвзагыл,
Уæд кодтон æз æгас, улæфгæ – фаг,
Уæд бамбæрстон: мæ хосгæнæг у рагæй…
Чи? Дæсны? Дохтыр? – Мадæлон æвзаг!

Ис ахæмтæ, сæ низы хай сын райсы
Æндæр æвзаг, – ды уыдонæй нæ дæ.
Æмæ кæд ме ‘взаг фесæфдзæнис райсом,
Уæд абон æз мæлæтмæ дæн цæттæ!

Æз уыцы ‘взаджы мæтæй дæн æгъуыссæг,
Уадз дзурой, зæгъгæ, ме ‘взаг у мæгуыр,
Кæд ассамблейты трибунтæй нæ хъуысы,
Уæддæр мын мадæлон æвзаг у стыр.

Цæмæй Махмуды бамбара мæ фæдон
Йæ фыстытæ тæлмацгондæй кæсдзæн?
Ау, æз авайраг фысджытæн сæ кæрон
Æлхынцъ кæнын, сæ фæстаг фыссæг дæн?

Æз зонын цард, æгас дунейы федтон,
Йæ къуымтæй алкæй бирæ уарзын æз,
Уæлдай фылдæр та хи бæстæ – Советон,
Мæ зарæг ыл – авйраджы хъæлæс.

Сæрибар у мæ бæстæ, хурмæ хъазы
Ыскæсæнæй ныгуылæнмæ – æппæт.
Мæлæтмæ йыл кæмдæриддæр дæн разы,
Æрмæст æз ам куыд æрцæуон ныгæд.

Цæмæй мæ ингæны уæлхъус мæ фæстæ
Авайрæгтæ ныхас куы кæной сом,
Уæд се ‘взагыл æрымысой сæ бæстаг
Гамзаты фырт Расулæн дæр йæ ном.

Расул Гамзатов,
Плиты Гришы тæлмацæй.

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz