Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ

0
905

Рухæны Мæй / Рухæн

Беслæны сабийты Мысæн Бонтæ – 1, 2, 3 бонтæ,  
æртыццæджы-Майрæнбоны 

 

Иры Дзыллæйы Судзгæ-Дудгæ Рыстæн Нæй Кæрон 

 

Мæ зæрдæ, фест фыдохы бон дзæнгæрæг, 

Дæ хъæлæсæй нæ Иры маст нæрæд, 

Дæ цъæхахст дардыл азæлæд хъæргæнæг, 

Дæ хъæрæй Зæхх йæ хъæбултыл кæуæд. 

  

Беслæнæй абон судзаг марой хъуысы, 

Мæрдон фæздæгæй баталынг нæ бон. 

 Нæ тæригъæдæй арвы къæй æнкъуысы, 

Цæрдудæй мах куыд æвзарæм зындон! 

Джыккайты Шамил 

 

Нары дзуары бон –  
1 бон – æртыццæджы 
Джеры дзуары бон –  
5 бон – хуыцаубоны 
Æрджынарæджы фæндагсар Уастырджийы бон –  
5 бон – хуыцаубоны 
Фæззæджы Аларды – 6 бон – къуырисæры 
Реком, 9 Цуппæрæни  
(2-аг цуппæрæни)  
Дзинагъай, Гулæри – Фыдыуани (Сосланы куывд) –  
12 бон – хуыцаубоны 

 

Ацы бæрæгбон кодтой Майрæмы куадзæнæй дыууæ къуырийы фæстæдæр – Майрæмы мæйы фæстаг къуырийы кæнæ Рухæны мæйы фыццаг бонты. Фыдыуани у, ихæй, фыдкъæвдайæ, фыддымгæйæ адæмы, фосы æмæ быдыртæ чи хъахъхъæны, ахæм ахъаззаг бардуаг. У карз, æнæхатыр, æмæ йæм адæм куывтой курæгау, лæгъстæгæнгæ. Йæ бæрæгбоны ничи куыста, уæдæ нæм куы фæхæрам уа, йæ зæрдæхудты куы бацæуæм, зæгъгæ. 

Бæрæгбоны-иу сылгоймæгтæ сæ чъиритæ, сæ кувинæгтимæ хъæугæрон быдырмæ рацыдысты æмæ-иу Фыдыуанийæн табу кодтой, цæмæй хорз рæстæг ахæсса, фыдкъæвда æмæ сæ фыддымгæйæ бахъахъхъæна. 

Фыдыуани æмæ Уацилламæ бирæ иухуызон миниуджытæ ис. Фыдыуани æнгæс у дымгæйы бардуаг – Галæгонимæ дæр. 

Фыдыуани аграрон дзуар æмæ бæрæгбон уыцы дзуары номыл, дыгурæттæ йæ кæнынц августы райдианы æмбисы, ирæттæ та августы кæрон. Фыдыуани бæрæгбон хуымгæрдæнты хæдразмæ кæй вæййы, уымæ гæсгæ йæ сæйрагдæр хæс у, цæмæй адæм батабу кæной Фыдыуанийæн – нымадтой йæ ихы бардуагыл дæр скувой йæм æмæ дзы ракурой, балæгъстæ йын кæной, æмæ хуымгæрдæнты рæстæг хорз ахæсса. Фыдыуани бæрæгбоны архайдтой æрмæстдæр сылгоймæгтæ; хъæумæ ‘ввахс-иу бæрæг ран æрæмбырд сты сывæллонджын ас сылгоймæгтæ æмæ-иу скуывтой Фыдыуанийæн цæмæй радта хорз рæстæг, чысыл куывдгонд-иу скодтой, фæминас-иу кодтой, фæзарыдысты, фæкафыдысты. 

Сосланы куывд, Дыгуры дзыллæты бæрæгбон. Кодтой йæ алы аз дæр июлы мæй Мацутæмæ ‘ввахс, таурæгътæм гæсгæ, Сосланы ингæн кæй хуыдтой, уый фарсмæ. Сосланы номыл æргæвстой нæл фыс. Дзырддзæугæ нартон хъайтары адæн-иу цы кувинæгтæ æрхастой, уыдон скувгæйæ-иу ирон аграрон дзуæрттæй куырдтой хорз рæстæг, зад кæрдæг, хорарæх æмæ бирæ фос. 

 

Фæззæджы Тутыр –  
13 бон – къуырисæры 
Сидæны Мыкалгабыртæ –  
16 бон – цыппæрæмы 
Мыкалгабырты Бæрæгбон 

 

Ирон адæмы рагондæр дзуæрттæй иу у Мыкалгабыртæ. Æвæццæгæн, фæзынд Рекомимæ иу рæстæг. Ууыл дзурынц, Ирыстоны хæхты йын цы кувæндæттæ ис, уыдон. Мыкалгабырты бæрæгбон алы хæдзары дæр кодтой кусарт, дзуары бынмæ-иу схастой сæ кувинæгтæ. Хъæубæстæ бæрæгбоныл æмбæлдысты иумæ, нывондæн-иу фæззæджы гал равзæрстой æмæ-иу æй кувæндоны акусарт кодтой, чъиритæ æмæ-иу нозт æрбахастой. 

Нывондæн цы кусæрттаг равзæрстой, уымæн-иу йæ сыкъайы дзуары хуызæн æртæ уыгарды скодтой, йæ бæрзæйыл-иу ын къæлæт бафтыдтой. Уый амыдта, ацы гал Мыкалгабыртæн нывонд кæй у. 

Мыкалгабыртæ у хорарæх, бæркады, фарны бардуаг. 

Мыкалгабырты бæрæгбон хаста дыууæ къуырийы. Адæмæн ахæм уарзон уыд, æмæ йæ афæдз æртæ-цыппар хатты кæм кодтой, ахæм хъæутæ дæр уыди. 

Цины уа, зианы уа, ахæм фынг нæй, æмæ Мыкалгабырты тыххæй куывд кæнæ рæгъ кæм ма рацæуæ 

«Мыкалгабырты хорзæх нæ уæд. 

Нæ мард дæр æмæ не ‘гас дæр Мыкалгабырты фæдзæхст фæуæнт. 

Мыкалгабыртæ, уæдæ хуыздæр хæрзтæ кæмæн ракодтат, уый æмбал ацы хæдзар дæр уæд.» 

Чи-иу фæрæдыд, уый-иу йæхи сраст кæныны тыххæй Мыкалгабырты кувæндонмæ кувинæгтимæ ссыд æмæ-иу ын æтабу кодта, хатыртæ-иу дзы фæкуырдта. 

Ирон адæм ивгъуыд рæстæджыты цы бæрæгбæттæ кодтой, уыдонæй бирæтæ ферох сты, фæлæ Мыкалгабырты бæрæгбон абон дæр цæры, абон дæр адæм сæхи фæдзæхсынц Мыкалгабыртыл. 

Мыкалгабыртæ хорарæх æмæ зад кæрдæджы бардуаг, Цæразонты мыггагыл аудæг дзуар ирон мифологиййы. Мыкалгабыртæ куырдтой, цæмæй ратта стыр хорæрзад, фæфылдæр кæна фосы рæгъæуттæ, адæмы бахиза низтæй æмæ фыдбылызтæй. Уæлладжыргом æмæ Мамысонгомы цæрджытæм уæлдай кадджын кæй уыдис, уымæн æвдисæн у ахæм хъуыддаг, æмæ ирон къæлиндармæ гæсгæ ам Мыкалгабыртæ бон бæрæг кодтой афæдз цыппар хатты. Мыкалгабыртæ номыл сæйрагдæр бæрæгбæтты куывдтæ-иу кодтой майы мæйы йæ кувæндоны фарсмæ Къасарагомы, Хуыцау Батрадзы мардыл цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæй иу кæдæм æрхауд, уыцы ран. Бæрæгбон æмæ-иу йæ куывдтæ ахастой дыууæ къуырийы. Комгуывдæй уæлдай ма Уæлладжыргомы алы хæдзар дæр декабры мæй акæны кусарт комыл аудæг Мыкалгабыртæ æмæ Рекомы номыл, уæд-иу Мыкалгабыртæ æмæ Рекомы номыл бæрæгбон ссис хицæн хæдзары бинонты, хатт та æнæхъæн мыггаджы куывд. 

  

Гуццаты дзуары бон –  
21 бон – дыццæджы 
Мады Майрæмы бон –  
21 бон – дыццæджы 

 

Мады Майрæм у ирон адæмы рагондæр дзуæрттæй, рагондæр бæрæгбæттæй иу. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй равзæрд аланты дуджы. Ирон адæммæ ныр дæр æмæ раджы дæр сылгоймаг кадджын уыди. Суанг ма Болгарийы дæр ис аланты кувæндон Мады Майрæмы номыл. 

Мады Майрæмы кувæндæттæ Ирыстоны бирæ уыд, куывтой йæм алы хъæуы дæр. Уæлдай зындгонддæр сты Рекомы Мады Майрæм, Зруджы Мады Майрæм, Мæздæджы Мады Майрæм æмæ æндæр кувæндæттæ. 

Йæ бæрæгбоны – Майрæмы мæйы фæстаг къуырийы – кодтой хъæугуывдтæ. Дзуары бынмæ-иу æрцыдысты æрыгон сылгоймæгтæ æмæ чызджытæ. Сæхи йыл фæдзæхстой æнæцот сылгоймæгтæ, цæмæй сæ дзуары хорзæх уа, цот сын рантысæ Мады Майрæмы дзуары бынмæ-иу ног чындзы æрбакодтой æмæ-иу ын уым скуывтой, цæмæй каркау бæдулджын уа, авд лæппуйы æмæ йын иу цъæхдзаст чызг рантыса, ноггуырд сабиты-иу æрбахастой æмæ-иу сæ дзуарыл фæдзæхстой. 

Мады Майрæммæ сылгоймæгтæ абон дæр кувынц, табу йын кæнынц, цæмæй сæ йæ хорзæх уа, цы сывæллæттæ сын рантыса, уыдон æнæнизæй, æнæфыдбылызæй рæзой. 

  

Зары Уастырджийы бон –  
23 бон – цыппæрæмы 
Коми Уасгерги, 25, Фæстаг сабати, Хуцаубони, Уасгергий ковæндони  

 

Фыдыуани – аграрон дзуар æмæ бæрæгбон уыцы дзуары номыл, дыгурæттæ йæ кæнынц августы райдианы æмбисы, ирæттæ та августы кæрон. Фыдыуани бæрæгбон хуымгæрдæнты хæдразмæ кæй вæййы, уымæ гæсгæ йæ сæйрагдæр хæс у, цæмæй адæм батабу кæной Фыдыуанийæн – нымадтой йæ ихы бардуагыл дæр скувой йæм æмæ дзы ракурой, балæгъстæ йын кæной, æмæ хуымгæрдæнты рæстæг хорз ахæсса. Фыдыуани бæрæгбоны архайдтой æрмæстдæр сылгоймæгтæ; хъæумæ ‘ввахс-иу бæрæг ран æрæмбырд сты сывæллонджын ас сылгоймæгтæ æмæ-иу скуывтой Фыдыуанийæн цæмæй радта хорз рæстæг, чысыл куывдгонд-иу скодтой, фæминас-иу кодтой, фæзарыдысты, фæкафыдысты. 

  

Ичъынайы бæрæгбон 

Ичъынайы бæрæгбон кодтой рухæны мæйы астæу, къуырисæры кæнæ цыппæрæмы, хаттæй-хатт-иу хуыцаубонмæ дæр æрцыд (кæс Ичъына, ИЧЪЫНА). 

Бæрæгбон уæлдай кадджындæр уыд Дыгургомы. Дард бæстæйæ, зæгъынц, æрбатахт Ичъына, йæхи æруагъта Дунты фæзы. Æмæ уæдæй фæстæмæ фæз хонын райдыдтой Дзуаристон. Фæлæ, зæгъы, цæмæндæр уыцы фæз йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ атахт æндæр ранмæ – Сонгуыты коммæ, уым æрсабыр, уым æрбынæттон. Æмæ йын адæм уым сарæзтой кувæндон, уым ын-иу скодтой хъæугуывд. 

Ичъынайы бæрæгбон баст у фосдарыны, фосыкуыстимæ. Адæм сæ фос сæрдыгон хизæнтæй æртардтой хъæумæ, ныр зымæг-зымæджы дæргъы уыдзысты сæхимæ. Æмæ куывтой Ичъынамæ, цæмæй сæ фос фылдæрæй-фылдæр кæной, æнæфыдбылыз уой, цины хъуыддæгты бахъæуой. 

Ног чындз кæмæ уыд, кæнæ-иу лæппу кæмæн райгуырд æмæ йæ рæстæгыл хъæуы иумæйаг куывдмæ хуын бахæссын кæмæн нæ бантыст, уыдон-иу Ичъынайы бæрæгбон куывдмæ бахастой хуын, æмæ-иу сын уым скуывтой, Хуыцау æмæ-иу сæ Йе сконд зæдтыл бафæдзæхстой. 

Ичъына – фосдарыны циклы æрвылазон бæрæгбон. Ичъына нысан кодта, фос сæрдыгон сæрвæттæй хъæутæм скъæрд кæй фесты. Йæ боны бæрæг фæткмæ гæсгæ æргæвстой лыстæг фос æмæ-иу скодтой хъæугуывд. Ног чындз-иу цы бинонтæ æрхастой кæнæ-иу фыццаг лæппу цы хæдзары райгуырд, уыдон-иу кæд раздæр æндæр хъæугуывдтæм сæ хъалон нæ бахастой, уæд-иу æй хъуамæ æрбахастаиккой Ичъынайы куывдмæ. 

  

Ичъына 

Фосдарынимæ баст фæззыгон бæрæгбон. Бæрæг æй кодтой, фос-иу сæрдыгон хизæнтæй куы æрыскъæрдтой, уæд. «Ичъына вæййы рагвæззæгæй æрæгвæззæгмæ рахизыны рæстæджы, фосæлвынæн афон, — фыссы ахуыргонд Цыбырты Людвиг йæ чиныг «Ирон адæмон бæрæгбонты». Уый у фосдарыны культимæ баст стыр бон». 

Кæддæр нæ фосдарæг фыдæлтæм Ичъына кадджын бæрæгбон уыд, Ирыстоны йæ алы ран дæр парахатæй бæрæг кодтой. Ныр рох кæнын райдыдта. 

  

Фæззæджы Тутыр 

Тутыр ахæм ахъаззаг, ахæм ахсджиаг бардуаг у, æмæ йæм ирон адæм куывтой тынг арæх. Сæрмагондæй йæ номыл алы аз дæр кодтой дыууæ куывды – уалдзæджы æмæ Фæззæджы, Майрæмыкуадзæнæй-иу фондз къуырийы куы рацыд, уæд. Уыцы бæрæгбон хуыдтой Фæззæджы Тутыр, Тутыры æхсæв, Тутыры хæргæкъуыри (кæс Тутыр). 

Бæрæгбонмæ-иу бахсыстой бæгæны, рауагътой арахъ. Нывондагæн æвзæрстой цæу кæнæ сæгъ. Хуыдтой йæ Тутыры цæу. Кусарт кодтой, цалынмæ ма-иу рухс уыд, уæдмæ. Бинонты хистæр-иу скуывта Тутырмæ, цæмæй сын сæ фос бирæгътæй хъахъхъæна, сæ нымæц ма фæкъаддæр уа, фæлæ фылдæрæй-фылдæр кæна. 

Тутыры кувинæгтæй искæйы бинонтæн нæ лæвæрдтой. Цыд ахæм ныхас, зæгъгæ, йæ кувинæгтæй æндæр бинонтæн чи радта, уыдонæн бирæгъ сæ фосæй æнæ ахæсгæ нæ фæуыдзæн. 

Тутыры куывд 

-Тутыр, Стыр Хуыцауы къухы цы сыгъдæг дауджытæ, цы кæстæриуæггæнджытæ ис, 

Уыдонæй иу дæ, æмæ дын табу. 

-Оммен! 

-Hæ фос, нæ сæр дæ фæдзæхст, де уазæг уæнт. 

-Оммен! 

-Дæ къæбылайы нæм ма рауадз, 

Мах дæ фæдзæхст, уый та – дæ фыдæх. 

-Оммен! 

-Худистæй дын кувдзыстæм. 

-Оммен! 

-Хингæнæг æмæ кæлæнгæнæг дæр – дæ бар! 

-Оммен! 

-Тутыр, табу дын уæд! 

-Оммен! 

  

Фæдзæхст 

-æртæ азы онг-иу кæуыл цыдис, ахæм сывæллон-иу куы фæзиан, уæд ын йæ бавæрæн бон цы хист кодтой, уый. Ахæм цахъхъæны зиантæн ирон адæм æндæр кæндтæ нæ кодтой. Фæдзæхст уыдис чысыл фынг хъæубæстæн æмæ æввахс хæстæджытæн, сæ хистæртæ-иу хæрнæджы фынджы уæлхъус зиан сывæллоны бафæдзæхстой йæ хæстæджыты мæрдтæй сæ кадджындæрыл; хонгæ дæр æй «фæдзæхст» уымæн кæнынц. 

  

Фæлвæрайы Бæрæгбон 

Фæлвæрайы æхсæв бæрæг кæнынц Алардыйы бæрæгбоны фæстæ, дыццæджы Раздæры заманты (бирæ рæтты абон дæр) ирон бинонты цард зæхх æмæ фосæй аразгæ уыди æмæ уый тыххæй Фæлвæрамæ уæлдай зæрдиагдæрæй куывтой, фæдзæхстой йыл сæ фос, цæмæй æнæфыдбылыз уой, азæй-азмæ сыл фылдæр æфта, чындзæхсæвтæ æмæ куывдтæн куыд бахъæуой. Фæлвæрайæн кодтой кусарт, кувинæгты æхсæн сæрмагонд бынат ахста дзыкка. 

Нарты кадджыты Фæлвæра у уæларвон цæрæг, хæдзарон фосы бардуаг. Ирон зæдты æхсæн у тæккæ зæрдæхæлардæр, тæккæ фæлмæнзæрдæдæр, йæ цæст æвзæр никуы никæмæн загъта, никуы никæй бахъыгдардта, никуы никæй бафхæрдтæ Иу рæстæджы, дам, Тутыр йемæ сабыр, фæлмæн ныхас кодта, стæй йын æвиппайды йæ галиу цæст акъахтæ Уый та уымæн, цæмæй, дам, бирæгътæн йæ фосæй галиуырдыгæй давыды фадат фæуа. 

Ирон лæг, адæмæн уарзон æмæ æгъдауджын адæймагæй æппæлыд, зæгъгæ, уæд-иу загътæ Фæлвæрайы хуызæн лæг у. Æмæ йын уый уыд стыр кад. Ахæм цæстуарзон, фæлмæн, зæрдæхæлар бардуагæй баззад Фæлвæра адæмы зæрдæты. 

Фæлвæра, ирон мифологийы сæйрагдæр дзуæрттæй иу, лыстæг фосы, фыццаджыдæр, фысвосы бардуаг. Нарты эпосы Фæлвæра у уæларвцæрæг, хæдзарон фосы хицау. Иннæ ирон дзуæртты хуызæн Фæлвæра дæр æдзух бады нарты куывдты. Нартмæ хорз зæрдæ кæй дары, уымæ гæсгæ йæ арæх фæхонынц хæлардзæрдæ æмæ рæдау Фæлвæра. У æппæты фæлмæнзæрдæдæр æмæ зæрдæхæлардæр дзуар; алы аз дæр-иу рагуалдзæг дзуары бын цы хъæугуывдтæ кодтой, уыдоны кусарт кæнын нæ уагътой. Йæ боны-иу алы хæдзар дæр дзуары бымнæ æрбахаста æртæ чъирийы, урссагæй конд æндæр кувинæгтæ, арахъхъ кæнæ бæгæны. Фæлвæрайы куырдтой, цæмæй хъахъхъæна æмæ фылдæр кæна хъæубæсты фос. Фæлвæра æвдыст цауы сохъхъыр адæймаджы хуызы, галиу цæст ын нæй: Тутыр ын æй акъахта, цæмæй йæ бирæгътæн фæуа, Фæлвæра цы фосы рæгъæуттæ хъахъхъæны, уыдонмæ галиуырдыгæй хъуызыны фадат. 

 

Фæлвæрай кувд  

-Хуцау! Фиццаг Дæхе хуарзæнхæ,  

Уæдта нæ Де сконд изæдти хуарзæнхæ уæд.  

-Амменæ!  

-Фæлвæрай рохс дзиуарæ,  

Табу дин фæууæд! .  

-Амменæ!  

-Дæ лæварæй нæ хайгин искæнæ!  

-Амменæ!  

-Де ставд лæдзæг æмæ нæ дæ тумугъ уесæй  

Макæд фæццох кæнæ!  

-Амменæ!  

-Дæхе хуарзæнхæ  

Æма нæ дæ фурт Бузунай хуарзæнхæ фæууæд!  

-Амменæ!  

-Дæ лæвар фонси фæсте ка хæтуй,  

Йе рæствæндаг кæнæд зæрдæрохсæй!  

-Амменæ! 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz