Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ Кæфты Мæй – Кæфти Мæйæ

0
780

3 Дзылаты Уастырджийы бон (Тæтæртупп) – 5 бон – хуыцаубоны, Хуцаубони 

Раздæр Тæтæртуппы бæрæгбон уыд сæрды, ахаста-иу дыууææртæ боны. Фæстæдæр бæрæгбон кæнын райдыдтой кæфты мæйы, фæззыгон куыстытæ куы фæвæййынц, адæм сæ хор, сæ тыллæг куы бафснайынц, уæд (кæс Тæтæртуппы дзуар). Тæтæртупмæ куывтой, Уацилламæ куыд куывтой, афтæ. Уый уыд хоры, бæркады, адæмæн фарнхæссæг бардуаг. Куыдфæстæмæ йын йæ ном бæттын байдыдтой Уастырджиимæ. Æмæ ныр Ирыстонæй бæлццæттæ куы фæцæуынц, уæд бирæтæ скувынц: «О Тæтæртуппы Уастырджи, фæндараст нæ фæкæн! Hæ Райгуырæн зæххæй цæуæм, æмæ йыл фæстæмæ æнæниз, сæрæгас, æнæфыдбылызæй куыд сæмбæлæм, уыцы хорзæх нын ракæн!» Тæтæртуппы кувæндон æрæнцад Елхотмæ хæстæг, Тæтæртуппы хохыл. Раздæр ардæм цыдысты ирæттæ æмæ кæсгæттæ. Ам-иу уынаффæ кодтой сæ иумæйаг хъуыддæгтыл, лыг кодтой, дыууæтæн дæр ахсджиаг чи уыди, ахæм фарстатæ. Уый уыд, дыууæ адæмыхатты минæвæрттæ кæрæдзиуыл кæм æууæндыдысты, ахæм бынат. Бæрæгбон-иу акусарт кодтой гал, сфыхтой-иу бæгæны æмæ-иу Тæтæртуппы дзуарæй куырдтой, цæмæй сын хорз хорæрзад йæ цæст бауарза, сæ гонтæ хорæй се дзаг куыд уой, сæ бæлццæттæ амондджын фæндæгтыл куыд цæуой. Кувæндон стыр бынат ахста адæмы царды. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæм кувын райдыдтой стдæсæм æнусæй фæстæмæ.  

Тæтæртуппи тауæрæхъ: Ногьай æма Хъалмухъ кæд дууæ æнсувæри адтæнцæ, уæддæр се `хсарæ адтæй Тæтæри Ахсахъ-Темури æфсæдтæ. Еу заман ку æркодта, уæд æртемæн дæр сæ хъауритæ сæттун баидæдтæ. Кæсæг, дигорæ `ма ирæ нæбал фæразтонцæ Ногьайæй… Еу бон ку адтæй, уæд сæбæл Æргиунгæгмæ æрæмбурд æнцæ кæсæг, дигорæ, ирæ `ма цæцæн æма ногьай æмæ тæтæри бунцагьд никкодтонцæ Дзулати мæсуги рази æма сæ Æргиунгæгæй фæссурдтонцæ. Тæтæри Хуцау уотæ фæттæрсун кодта, æма бустæги сæхе райстонцæ ардигæй. Уæдæй ардæмæ еци бунат хуннуй “Тæтæртупп”, — е ба æй — тæтæрæн сæ тьупп кæми фæццудæй, еци рауæн, ома тæтæр кæми бабун æнцæ. Æгас адæмтæн ковæндони бунат иссæй уæдæй ардæмæ Тæтæртупп, дауæ стур гьуддаги туххæй кæбæл уидæ цит, уомæн адæм стæрхон кæнионцæ Тæтæртуппæй ард хуæрун. Ходаистæй æма бæгьæнвадæй фæццæуионцæ ковæндонмæ. Ард ка бахуæридæ, ой æгас мæйæ адæм сæхемæ нæ уагьтонцæ ка `й зонуй, кæд мæнг ард бахуардта, уæд мах дæр басодздзæнæй, зæгьгæ. Уой бæрцæбæл тухуаст адтæй еци ард. Тæтæртуппæй гиризæй мæнгæ соми кæнæн н’ адтæй. (Ирон таурæгьтæ / Чиныг сарæзта æмæ йын фиппаинæггæ ныффыста Джыккайты Шамил: 57-8) 

Бæрæгбон

Тæтæртуппы дзуармæ куывд: 

– О Тæтæртуппы Уастырджи,  

Хуыцауы минæвар дæ æмæ нæ дæ хорзæх уæд!  

– Оммен, Хуыцау!  

– Бирæ адæм дæ бынмæ цæуы, бирæ дзыллæ дæ рæзты цæуы,  

Æмæ се ппæтæн дæр ахъаз бакæн!  

– Оммен, Хуыцау!  

– О Тæтæртуппы Уастырджи,  

Дæ алфамбылай цы адæмтæ цæрынц,  

Уыдон кæрæдзийы цы æмбарой, кæрæдзимæ хорздзинæдтæм цы цæуой,  

Кæрæдзийы зыныл райгæ нæ, фæлæ хъыг цы кæной,  

Кæрæдзийы циндзинад сын æхсызгон цы уа,  

Уыцы арфæ сын ракæ.  

– Оммен, Хуыцау!  

– О Тæтæртупп!  

Быдырон дзуар дæ æмæ нæ быдыртæ хорджын сойджын куыд уой,  

Aхæм арфæ нын ракæ!  

– Оммен, Хуыцау!  

– Нæ чысыл бакуысты бирæ бæркад куыд уа  

Амæ дзы куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæ куыд кæнæм!  

– Оммен, Хуыцау!  

– О Тæтæртуппы Уастырджи,  

Хорзæй цы курæм, уый нын нæ къухы бафтын кæн,  

Кæм рæдийæм, уый нын ныббар!  

– Оммен, Хуыцау!  

– Бирæ кувынæй бирæ амæндтæ хуыздæр  

Æмæ нын сæ саккаг кæн, кадджын Тæтæртупп!  

– Оммен, Хуыцау!  

Горийы дзуар (Борджнис)

4 Фæззæджы Тутыр / Тотурта (фæззæги уæритæ фустæмæ ку бафтаунцæ, уæд), Авдисæри (1-аг авдисæри), Хæдзæртти, уотæртти 

Тутыр ахæм ахъаззаг, ахæм ахсджиаг бардуаг у, æмæ йæм ирон адæм куывтой тынг арæх. Сæрмагондæй йæ номыл алы аз дæр кодтой дыууæ куывды – уалдзæджы æмæ Фæззæджы, Майрæмыкуадзæнæй-иу фондз къуырийы куы рацыд, уæд. Уыцы бæрæгбон хуыдтой Фæззæджы Тутыр, Тутыры æхсæв, Тутыры хæргæкъуыри. 

Бæрæгбонмæ-иу бахсыстой бæгæны, рауагътой арахъ. Нывондагæн æвзæрстой цæу кæнæ сæгъ. Хуыдтой йæ Тутыры цæу. Кусарт кодтой, цалынмæ ма-иу рухс уыд, уæдмæ. Бинонты хистæр-иу скуывта Тутырмæ, цæмæй сын сæ фос бирæгътæй хъахъхъæна, сæ нымæц ма фæкъаддæр уа, фæлæ фылдæрæй-фылдæр кæна. 

Тутыры кувинæгтæй искæйы бинонтæн нæ лæвæрдтой. Цыд ахæм ныхас, зæгъгæ, йæ кувинæгтæй æндæр бинонтæн чи радта, уыдонæн бирæгъ сæ фосæй æнæ ахæсгæ нæ фæуыдзæн. 

Тутыры куывд: 

– Тутыр, Стыр Хуыцауы къухы цы сыгъдæг дауджытæ, цы кæстæриуæггæнджытæ ис, 

Уыдонæй иу дæ, æмæ дын табу. 

– Оммен! 

– Hæ фос, нæ сæр дæ фæдзæхст, де уазæг уæнт. 

– Оммен! 

– Дæ къæбылайы нæм ма рауадз, 

Мах дæ фæдзæхст, уый та – дæ фыдæх. 

– Оммен! 

– Худистæй дын кувдзыстæм. 

– Оммен! 

– Хингæнæг æмæ кæлæнгæнæг дæр – дæ бар! 

– Оммен! 

– Тутыр, табу дын уæд! 

– Оммен! 

Горийы дзуар (Борджнис)

10 Ичъына / Екъина (нæуæг бунæтти баридауæг), Хуцаубони (2-аг хуцаубони), Хæдзæртти, уотæртти 

Ичъынайы бæрæгбон кодтой рухæны мæйы астæу, къуырисæры кæнæ цыппæрæмы, хаттæй-хатт-иу хуыцаубонмæ дæр æрцыд (кæс Ичъына) Бæрæгбон уæлдай кадджындæр уыд Дыгургомы. Дард бæстæйæ, зæгъынц, æрбатахт Ичъына, йæхи æруагъта Дунты фæзы. Æмæ уæдæй фæстæмæ фæз хонын райдыдтой Дзуаристон. Фæлæ, зæгъы, цæмæндæр уыцы фæз йæ зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ атахт æндæр ранмæ – Сонгуыты коммæ, уым æрсабыр, уым æрбынæттон. Æмæ йын адæм уым сарæзтой кувæндон, уым ын-иу скодтой хъæугуывд. 

10 Дыгуры Уастырджийы бон, Хуцаубони 

Алы аз дæр тъæнджы мæйы фынддæсæмы Дыгургомы æмæ Дыгуры хъæуты цæрджытæ бæрæг кодтой Дыгуры Уастырджийы бон. Бæрæгбон ныр дæр бирæ адæм кæнынц. 

Бæрæгбон-иу ахаста къуыри. Кувæндоны —иу скодтой иумæйаг куывд, фæлæ уымæй уæлдай алы хæдзар дæр кодта кусарт — нæл фыс кæнæ уæрыкк. Æмæ куывтой, сæ бинонты, адæмы фæдзæхстой Уастырджийыл, æнæниз, æнæмаст куыд уой, цæмæй хорз аз скæна, сæ фос æнæфыдбылыз уой, адæм царды хорздзинæдтæй хайджын уой. 

Ногиры Кувæндон

10 Джеры Уастырджи, Хуыцаубоны 

Джеры Дзуар: Aдæмы психикон низтæй дзæбæхгæнæг дзуар иры мифологийы, цæры бæрзонд хохы сæр Джеры хъæумæ ‘ввахс (Хуссар Ирыстоны). Афтæ нымадтой, зæгъгæ, нывонд (нæл фыс) æрхæссыны æмæ иу къорд магион архайды фæстæ рынчын хъуамæ æнæмæнг фæдзæбæх уа. Кæд æмæ-иу хъуыддаг афтæ нæ рауадис, уæд та-иу цасдæр рæстæджы фæстæ æргæвстой ног нывонд æмæ-иу ногæй фæтк æмæ æгъдаумæ гæсгæ кодтой магион архайд. 

Джеры Дзуары Бæрæгбон 

Джеры дзуары кувæндон ис Дзауы районы, Джеры хъæумæ хæстæг. Дзуарыл сæхи фæдзæхстой канд ирæттæ нæ, фæлæ гуырдзиæгтæ дæр. Куывдмæ цыдысты афæдз дыууæ хатты – Майрæмы мæйы кæрон æмæ джеоргуыбайы мæйы Уастырджийы бонты. Бæрæгбон-иу ахаста къуыригæйттæ, адæм-иу æм сæхи цæттæ кæнын райдыдтой рагацау. Иæ бынмæ-иу æрбаластой кусæрттæгтæ, арахъ, бæгæны, сæн. Аргæвстой-иу гал, фыстæ. 

Джеры дзуармæ куывтой тынг зæрдиагæй, адæмы уырныдтæ цыдæр æгæрон тых ис дзуармæ, æмæ йæм сæ рынчынты кодтой, уæлдайдæр, зондæй чи фæцудыдта, ахæмты. Рынчыны-иу бæндæнтæй бабастой æмæ, кувæндонмæ хæстæг цы сæрсæфæн ис, уырдæм-иу æй ауагътой, дæ хæйрæджы ном зæгъ, науæд дæ аппардзыстæм ардыгæй, зæгъгæ. Рынчын-иу цы нæмттæ загъта, уыдон-иу гæххæттыл ныффыстой æмæ-иу сæ басыгътой. Куыд дзурынц, афтæмæй уыцы рынчынтæй бирæтæ сдзæбæх. 

Джеры дзуарыл адæм абон дæр фæдзæхсынц сæхи. Скувынц æм, цæмæй сæ Джеры Уастырджийы хорзæх уа, амондджын уой, амондджын фæндæгтыл цæуой. 

Горийы дзуар (Борджнис)

15 Къостайы райгуырæн бон, Майрæмбоны 

Къоста фыццаджыдæр уыд ирон адæмы сæрхъуызой, фæлæ уыцы иу рæстæг йæхи хуыдта дунейы хъæбул, йæ фыдыбæстæ та – æгас дуне. Йæ уацмысты иу адæмы тыххæй дæр иунæг уæлæнгай фауæн ныхас нæй. Уый хыгъд дзаг сты алы адæмтæм уарзондзинады æнкъарæнтæй. Кавказы æфхæрд адæмты хъысмæтыл æмхуызон рыст æмæ сæ сæрыл карзæй дзырдта хæдхæцæг паддзахы ныхмæ. Йæ уацмысты стауы бирæ адæмты минæвæртты, уæлдайдæр та – уырыссаг номдзыд лæгты. Къостайæн йæ адæмы царды алы хъуыддаг дæр уыд йæ хъуыдыйы, йæ сагъæсты æмæ йæ архайды сæр. Алы хъуыддаджы дæр балæггад кодта йæ адæмæн. Суанг ма нын гимнæн дæр ныффыста йæ «Балцы зарæг». Къоста æдзухдæр у фæлтæрты æмдугон, рæстдзинады тырысайы бын нæ цырен кæны Ирыстонæн лæггад кæнынмæ, иудзинадмæ, адæмы æфсымæрдзинадмæ, хоны нæ «рухсмæ æнæзивæг».  

Горийы дзуар (Борджнис)

Фæзæгъынц, хорз адæймагæн, дзыллæйы рисæй чи фæрыст, сæ амондыл тохы чи нæ бафæллад, ахæмæн мæлæт нæй. Ис ын æрмæст райгуырæн бон. Уый свæййы адæмон бæрæгбон. Ахæм кадджын бон у Ирыстонæн, ирон адæмæн 15 октябрь — Къостайы райгуырæн бон. Фыццаг хатт Хуссар Ирыстоны тырыса рæвдыстауыд 1987-æм азы, Цæгат Ирыстоны Нары, Хетæгкаты Къостайы райгуырæн боны банысан кæныны рæстæджы. 

16 Горийы дзуар (Борджнис), Сабаты,  

17 Стули, Хуцаубони, (3-аг хуцаубони), Къуссуй ковæндони. 

31 Хуари сæртæ / Хоры Сæры куывдтæ (æхсирфити комбаст райхалунцæ), Хуцаубони (Фæстаг хуцаубони), Хæдзæртти 

Хоры сæры куывд (ир.), хуарисæр (диг.) бæрæгбон, кодтой йæ тыллæг сисыны куыстыты райдайæны номыл, стæй дзуæрттæн, цы хорæрзад радтой, уый тыххæй табу фæкæнын æмæ фæкувынæн. Æгас ирæн кæнæ хицæн хъæуæн иумæйаг дзуæрттæй-иу иуы номыл цы зæххы хай уыдис, уымæй (кæд-иу хъæуы ахæм зæххы хай нæ уыдис, уæд та æнтыстджындæр цæрджытæй иуы зæххы хайæ) тыллæг куы систой, уæд-иу уый фæстæ кусарт акодтой æмæ-иу скодтой хъæугуывд, табу-иу кодтой æмæ куывтой аграрон дзуæрттæм, цæмæй сын фидæны дæр ратта стыр тыллæг; дзуæрттæн-иу куывтой, табу кодтой хор-иу куы не’рзад, уæддæр, кæннод, дам, дзуæрттæ адæммæ тынгдæр смæсты уыдзысты, æмæ фидæны тыллæг хъуамæ цауддæр разына. 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz