Ирон Адæмы бæрæгбæттæ

0
702

Цыппурсы Мæй (Дыууæ Нафы мæй – Наф: хæдзарвæндаджы бардуаг) / Цыппорсе Мæйæ, Аразæг 

«Бон куыд даргъдæр кæны, афтæ адаргъдæр уæнт нæ цард, нæ амонд»

2 Хохы Дзуæрты Бон – Цыппæрæм

5 Ныкколайы бæрæгбон – Хуыцаубоны

Ныккола дæр у ирон адæмы рагондæр бардуагтæй иу. Афтæ рагон у, æмæ нæм æрбацыди аланты рæстæгæй. 

Никкола у зæххыл адæмы хорздзинадæн цы зайы, уыдоныл аудæг бардуаг. Зæххон адæммæ у тынг хæстæг. Кæд, дам, зæдтимæ цæры, уæддæр, дам, зæххмæ æрцæуы æмæ хуымгæнджытимæ хуым кæны, хосгæрдджытимæ хос кæрды æмæ а.д. 

Алы рагуалдзæг дæр-иу Никколайæн æргæвстой иумæйаг мысайнæгтæй æлхæд кусæрттаг. Куывтой-иу, цæмæй уой хосарæх, сæ фос æнæфыдбылыз уой, адæм та æнæниз æмæ амондджын. Нартимæ цæры хæларæй. Уыд Ацæмæзæн чындзхæссæг, уыимæ чындзхæсджытæн цыд сæ разæй. Йæ бадæн- Уазайы бæрзонд, хонгæ дæр æй Бæрзонд Ныккола кæнынц. Йæ бæрæгбон вæййы Цыппурсы мæйы фыццаг хуыцаубоны. Кадджыты загъд ис: «Хорæлдар, Ныккола, Уастырджи æмæ Мады зæд рацыдысты дæлæ быдырмæ хуым кæнынмæ». 

Артхураны хорзаех уае уает!

Чырыстон Сыгъдæг Никъала æмæ Дыгуры Зæд Уац Никкола. 

Рагон ивгъуыд рæстæджы, астæуккаг æнусты чырыстон дины тæфаг алæнтыл цыди дыууæ æрдыгæй: Уырым-Бердзенты паддзахадæй æмæ Гуырдзыстонæй. Уымæ гæсгæ та чырыстон бæрæгбæттæ æмæ зæдты нæмттæ не ’взаджы мидæг фæззындысты уыцы адæмты æвзæгтæй. Иу ахæм зæд Ирыстоны Уац Никкола, кæнæ Никколай ном хæссы. Фылдæр æй нымадтой æмæ уымæ куывдтой Дыгуры æхсæн. Зæды ном Никкола, куыд уырыссаг Никола, равзæрди бердзенаг Nikolaos-æй. Ацы ном хаста чырыстон сыгъдæг Николай Мирликиаг. Гуырдзиаг чырыстон дины æгъдауы мидæг сыгъд.  

Дыгур куывдысты Никколамæ куыд Уастырджи æмæ Уацилламæ. Никколайы куывд/бæрæгбон кодтой уалдзæджы, мæйы 9-аг боны. Уырысмæ дæр у ацы рæстæг нымадтой (весенний Никола, зæгъгæ). Дыгургом, Доныфарсы хъæуы сæрмæ ис хохаг лæгæт, кæцы нымад цæуы Никколайы кувæндоныл. Бынæттон цæрæг адæм ам кодтой бирæ кусæрттæ Никколайы зæды номыл, æмæ кувинæгтæм арæх æртæхой цæргæстæ: ома, зæды æрвыст дам сты. 

Kувæндон

Бирæ дыгурон таурæгъты æмæ кадджыты цæуы Никколайы кой: Нарты кадджытæ, «Ацæмæзы зарæджы» — Никкола иннæ зæдтæ æмæ дауджытимæ фæцæуы минæвары Ацæмæзæн Агуындæйы рæсугъдмæ. Иу ма зарæджы дæр йæ кой цæуы: «Уастырджи гутондар уыди, Никкола сæрыл хæцæг, Мады Майрæм мыггагдзау, Хоры Уацилла та мыггагтауæг уыдис». 

21 Зымæгон Хурхæтæн Дыццæджы (ногбон – рагон нымадæй) 

Ирон адæмы уарзондæр бæрæгбæттæй иу у Ногбон. Ногбон баст у хурхæтæнимæ. Хистæртæ-иу хуымæтæджы не скуывтой: «Бон куыд даргъдæр кæны, афтæ адаргъдæр уæнт нæ цард, нæ амонд». Ногбоны-иу адæм дзырдтой: «Рæстæг ног цардырдæм акъул». Бон æрбацъæхтæ, уæд-иу алы хæдзар дæр йæ размæ арт скодтæ Фæсивæд арт скæнынмæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Уæдæ кæй арт стырдæр уыдзæн? Уæдæ кæй арт тынгдæр ныррухс кæндзæн? Хъæу-иу ныррухс, дæсгай æмæ дæсгай æртытæ арвы хъæбысмæ сæхи ивæзтой. Хистæрæй-кæстæрæй-иу арты алыварс сæмбырд сты, фæсивæд «сой-сой» хъæргæнгæ æртытыл зылдысты. Арт-иу сыгъд куы фæци, уæд-иу хистæртæй исчи загътæ ацы арт куыд басыгъд, афтæ басудзæнт нæ фыдбылызтæ дæр, афтæ фесæфæнт не знæгтæ.  

Ногбоны фынгмæ бинонтæ сæхи рагæй цæттæ кодтой. Фынг цас бæркадджындæр уа, уыйас хуыздæр, уыйас бæркадджындæр уыдзæн æнæхъæн аз дæр. Бæрæтбоны фынгыл сæйраг бынат ахста æртхурон- дынджыр дзаджджын гуыдын. Уымæй хъуамæ бинонтæй алчидæр бахордтаид, искæмæн дæттын дзы не ‘мбæлд. Изæры-иу бинонтæ Ногбоны фынгмæ æрæмбырд сты, æмæ-иу хистæр нæлгоймаг фæкуывта, фæарфæтæ кодта, бинонтæй-иу алкæй дæр бафæдзæхста Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл, аз-азы дæргъы амондджын куыд уой, æнæмаст, æнæфыдбылыз, зæрдæрухсæй куыд цæрой.  

Ногбоны сæрмагондæй æртыгай чъиритæ кодтой Сафайæн, Сæрызæдæн, Бынаты Хицауæн, къутутæн, фосæн. Бинонтæй хуыздæр къах, амондджындæр къах кæмæн уыд, уый-иу скъæтты фосыл æрзылд. Ногбон æхсæв хъæлдзæг бæрæгбон у. Фæсивæд-иу сæуæлæ, куыд ничи сæ базыдтаид, афтæ алы дарæс скодтой æмæ хæдзæрттыл зылдысты заргæйæ: «Хæдзаронтæ, хæдзаронтæ! Уæ лæг саг куыд амара, уæ ус тыр куыд ныййара, уæ басылы къух мæн куыд фæуа». Бинонтæ-иу Ногбон бирæ фæбадтысты, райсомæй-иу сæ раздæр æддæмæ чи ахызт, уый æрбацыд лыстытæ, хъæмп, кæнæ хоры нæмгуытимæ æмæ-иу сæ хæдзары къуымты бапырх кодта, уал æмæ уал хорзы хæдзарыл æрцæуæд, зæгъгæ. Ногбон æхсæв-иу сылгоймæгтæ хыссæйæ скодтой басылтæ: адæмы, фосы, сырдты хуызæттæ æмæ-иу сæ сфыхтой. Хæдзармæ арфæтæ кæнынмæ чи цыд, уыдонæн-иу дзы радтой.  

Цыкурайы фæрдыг кæмæ уыд, уыдон-иу æй Ногбон æхсæв систой æмæ йæм кастысты, сæхи йыл фæдзæхстой, табу йын кодтой.  

25 Цыппурс (ног нымадæй) 

Сабаты (20-21 – рагон нымадæй) 

Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй бæрæгбон Цыппурс ирон адæммæ уыд Чырыстийы райгуырды размæ дæр, бæттынц æй скифаг бæрæгбонимæ. “Дзырд цыппурс равзæрд ирайнаг патвараат-æй, — фыссы ахуыргонд Цыбырты Людвиг — уый та амоны цыппор. Ахæм ном ын уымæн ис, æмæ Цыппурсы агъоммæ цыппор боны уыдис мархо”. Цыппор боны дæргъы-иу ирон адæм Цыппурсы бæрæгбоны суагътой сæ ком. Нæ фыдæлтæ афæдзы дæргъы комдарæнтæ кодтой æртæ хатты: Куадзæны, Майрæмы куадзæны æмæ Цыппурсы размæ. 

Цыппурс зæронд нымадæй бæрæг кодтой, Ног азмæ ма-иу къуыри куы баззад, уæд. Ирон адæмы фыдæлтæ Цыппурс нымадтой Ног азы размæ уд сыгъдæггæнæн къуырийыл, дардтой мархо. Бæрæгбоны-иу бинонты хистæртæ сывæллæтты кувæндæттæм акодтой, ноггуырд лæппуты тыххæй сæрмагондæй арæзтой куывдтæ. Цыппурсы-иу хур куы аныгуылд, уæд-иу алы хæдзар дæр йæ цуры скодта арт. Иæ арт кæмæн хуыздæр у, кæмæн стырдæр у, уый- амондджындæр. Хистæрæй, кæстæрæй-иу арты алыварс æрæмбырд сты. Фæсивæд кафыдысты, зарыдысты, сывæллæттæ арты сæрты гæппытæ кодтой. Хистæртæ-иу куывтой: «Нæ фыдбылызтæ арты басудзæнт, нæ фыдбылызтæ фесæфæнт».  

Ног боны (Нæуæгбон – Анзисæр) Æртхурон

Алы бинонты дæр фæндыд, цæмæй сæм Цыппурсы, «хорз къах» кæмæн ис, ахæм адæймаг æрбацæуа. Уæд цыма æнæхъæн аз амондджын, зæрдæрухс, æнæмаст, æнæфыдбылыз уыдзысты, цыма æнæхъæн аз дæр уыцы æрбацыдæй аразгæ у, афтæ сæм каст. Бæрæгбоны ницæуыл ауæрстой, фынгыл цыдæриддæр хæрд, нозтæй æрæвæрæн уыди, уыдон-иу æрæвæрдтой: æртæ æртæдзыхоны, арахъ, бæгæны… Бинонты хистæр-иу скуывта, цæмæй æнæхъæн аз хор æмæ фосæфсæст уой, афæдз сыл æнæмаст, æнæфыдбылызæй ацæуæ Скуывта-иу Цыппурсмæ, ды Нарты дуаг дæ æмæ нæ дæ хорзæх уæд, баххуыс нын кæн, зæгъгæ.  

Бинонтæй «хуыздæр къах» кæмæн уыд, уый-иу скъæттыл æрзылд æмæ-иу фосæн холлаг радта. Йæ фæстæ-иу бинонты хистæр бацыд æмæ-иу сæ фосы Фæлвæрайыл, Тутыр æмæ иннæ зæдтыл бафæдзæхста, æнæфыдбылыз куыд уой, бирæгъты амæттаг куыд никæд фæуой, сæ нымæц фылдæрæй-фылдæр куыд кæнæ. Куы-иу æрбарухс, уæд та-иу бинонтæ сæ хæдзары цур ног арт скодтой, æмæ сыхæгтæ, хъæубæстæ кæрæдзимæ арфæтæм цыдысты. Бæрæгбоны кусын не ‘мбæлд.  

Цыппурсы бæрæгбон у, цард та ногæй кæй базмæлыд, уый æвдисæн. Хур зæхмæ фæхæстæгдæр, цард йæ иугæндзон цыдæй размæ цæуы. Мах рæстæджы дæр Цыппурсы бæрæгбон бирæтæ кæнынц. 

26 Æртхурæн Цыппурс (Æртхурон) – Хуыцаубоны 

31 Ногбоны æхсæв (ног нымадæй)  

Майрæмбоны æхсæвыгон (20: рагон нымадæй; 13 Тъæнджы мæй: зæронд нымадæй). 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz