Иры Адæмы Бæрæгбæттæ æмæ Зианы кæндтæ

0
532

Иры Адæмы Бæрæгбæттæ æмæ Зианы кæндтæ

Хумидайæн берæ рауæнти бæрæг кодтонцæ «хори» къæлиндарæй. Хор гъæубæстæбæл «хумидайæн» хъабагъæбæл æфтуйун ку райдайидæ, уæд афонæ уидæ хумæ кæнунмæ. Зæнхæ дæр уæдмæ уалдзигон хори тунтæй исгъар уидæ, кæрдæг дæр æргом искæлидæ. Нихаси лæгтæ бадзибанди кæниуонцæ æма, хуарз «къах» кæмæн уидæ, уомæн барæ раттиуонцæ фиццаг ауæдзæ ракæнунмæ. Хестæрти унафæмæ гæсгæ, фæккæсун ци хæдзарæмæ гъæуидæ, уой хумæ дæр фиццагти хæццæ бахумæ кæниуонцæ, цæмæй, иннетæмæ кæсгæй, мА тухстайуонцæ æма сæ уалдзигон куститæ афонæбæл бакодтайуонцæ æма сæ уалдзигон куститæ афонæбæл бакодтайуонцæ. Алли хæдзарæ дæр, æ хуми готон рауадзуни размæ, æртæ къерей исковидæ. 

2 Лауызгæнæнтæ / дыккаг – сабаты 

2 Рамадан – сабаты 

6 Астæумархо / Кæфхæрæн 

09 3азхæссæн (Назуттæ) / Нæзуихист – сабаты 

Ног мæрдты уалдзыгон кæндтытæй иу у Зазхæссæн. Ирон адæмæн сæ иу хай кæнынц Зазхæссæнтæ, иннæтæ та БАДÆНТÆ, Бадæнæхсæв. Зазхæссæн вæййы, Куадзæнмæ ма къуыри куы баззайы, уæд, сабаты. Баст у заз бæласимæ. Æнусон цъæх бæлас – царды, фидæны нысан. Йæ къух кæмæн куыд амоны, афтæ сцæттæ кæнынц фынгтæ алыхуызон хæринæгтæ æмæ нозтытимæ. 

Заз кæнæ нæзы бæласыл æрцауындзынц адджинæгтæ æмæ дыргътæ. Заз бæлас арæхдæр кодтой сылгоймагæн, нæлгоймагæн та арæзтой æлæм. Цыллæ бæттæнтæй-иу скодтой хызы хуызæн, цыма тырыса у, афтæ. Æрцауыгътой-иу ыл адджинæгтæ æмæ дыргътæ, алыхуызон лыстæг дзаумæттæ: цъындатæ, къухмæрзæнтæ, бапъирозтæ æмæ а.д. Ныххæлар-иу æй кодтой фынджыдзагимæ æмæ-иу æй бæхыл рахастой, уынггы-иу адæм фылдæр кæм лæууыд, уым-иу æй ныууыгътой, æмæ-иу æлæм уæлмæрдмæ ахастой, ингæныл-иу æй ныссагътой. 

Заз бæлас-иу уæлмæрдтæм ахастой сылгоймæгтимæ, ныххæлар-иу æй кодтой, йæ уæлæ цы уыд, уыдон-иу æртыдтой æмæ-иу сæ сылгоймæггыл байуæрстой, бæлас та-иу цырты цур сæвæрдтой. 

Ныры рæстæг, зæгъæн ис, æлæм ничиуал кæны, фæлæ ма заз бæлас саразынц. Аразынц ма хъæдæй кæнæ телтæй гыццыл бæласы хуызæн, сфæлгонц, срæсугъд æй кæнынц, æрцауындзынц ыл адджинæгтæ, къафеттæ, дыргътæ, хонынц æй – цырагъ. 

10 Къутугæнаен – хуыцаубоны 

Аларды

Ацы бæрæгбон нæ рæстæджы бирæтæ нал кæнынц, фæлæ раздæр адæм хорз кæй зыдтой æмæ æхсызгонæй кæй кодтой, уыцы бæрæгбæттæй уыд иу (кæс Къутугæнæн). Къутугæнæн у хоры, зæххы куысты бæрæгбон. Hæ алы фæзылд дæр дзуры, адæм зæххимæ, æрдзимæ, азы афонтимæ фидар баст кæй сты, ууыл. Кæмæн куыд йæ фадат уыд, афтæ-иу скодта бæрæгбоны фынг. Адæм кæрæдзимæ цыдысты арфæтæм. Куывтой, сæ къутутæ æдзухдæр хорæй се дзаг куыд уой, цæмæй ацы аз ивгъуыд азæй бæркадджындæр уа, чындзæхсæвтæ æмæ куывдтæ куыд кæной. Сылгоймæгтæ-иу хыссæйæ сарæзтой рæсугъд къутуты хуызæттæ æмæ-иу сæ сфыхтой, алчидæр архайдта, уæдæ мæ къутутæ рæсугъддæр уой, адæмы зæрдæмæ тынгдæр фæцæуой. Къутугæнæн æрмæст хистæрты бæрæгбон нæ уыд, афтæ зæгъæн дæр ис, æмæ фыццаджыд;ер уыди æрыгон лæппуты бæрæгбон. Уыцы бонмæ-иу сын сæ хистæртæ фаттæ æмæ æрдынтæ сарæзтой, æмæ-иу лæппутæ ерысы бацыдысты, уæдæ мысан хуыздæр чи акъуырдзæн, кæй фат ыл тагъддæр сæмбæлдзæн. Нысантæ та сын уыдысты, сылгоймæгтæ хыссæйæ цы къутутæ кодтой, уыдон. Фылдæр къутутæ чи рамбылдтаид, уый уыд амондджын, уымæн æмæ уый амыдтæ сæ къутутæ уыдзысты хорæй седзаг, бæркадджын. 

17 Куадзæн – хуыцаубоны 

Аларды Дзуар, Цамад

Куадзæн у уалдзыгон, æхсызгондзинады бæрæгбон. 325 азæй фæстæмæ Куадзæн æрцæуы, мæй йæ цалхыдзаг куы свæййы, уый фæстæ хуыцаубонмæ, апрелы дыккаг – æртыккаг къуырийы хуыцаубонмæ. Куадзæн куыд равзæрд, уый бæраг у дзырд комуадзæнæй, ома адæм сæ ком суадзынц, мархо нал фæдарынц. Адæм Куадзæнмæ сæхи цæттæ кæнын райдайынц рагацау; хæдзары æфсин кæнæ æфсинтæ сцæттæ кæнынц уæлибæхтæ, нозт, хæрд, бæгæны. Бæрæгбоны фынгыл сæрмагонд бынат ахсынц ахуырст æйчытæ, цæхджын дæр сæ кæнынц. Сыхæгтæ, хæстæджытæ кæрæдзимæ арфæтæм фæцæуынц, Чырысти райгас, зæгъгæ. Арфæгæнæгмæ айк авæрынц. Ныртæккæ бирæ адæм ком нал дарынц, фæлæ раздæрты адæймаг айк райста æмæ дзы скомдзаг кодта, уæд уый амыдта æмæ йæ ком суагътæ Арфæтæ кæнынмæ фыццагдæр цыдысты ног мæрдджынтæм, загътой-иу сын ныфсæвæрæн, зæрдæдарæн ныхæстæ. Бинонтæ-иу фындæы уæлхъус куы ‘рбадтысты, уæд-иу хæдзары хистæр скуывтæ Хуыцаумæ, ссардта-иу Барастыры ном. Уый у Мæрдты бæстæйы хицау, æмæ йын цы нывонд скодтой, уый йын барст уæд, батабу кæнæд Хуыцауæй, цæмæй хорз бынæттæ саккаг кæна зæронд мæрдтæн, стæй рæхджы æцæг дунемæ чи ацæуа, уыдонæн рæр. Куадзæны бон-иу хъæубæстæн чыд стыр бæрæгбон, сарæзтой-иу иумæйаг куывд. Зарыдысты, кафыдысты, алырдыгæй хъуыст хъæлдзæг ныхас, фæндырдзагъд. Уæлдай хъæлдзæгдæр уыдысты сывæллæттæ. Куадзæнмæ-иу сын бахуыдтой ног дзаумæттæ. Сывæллæттæ хæдзæрттыл зылдысты æмæ сын алкæмдæр лæвæрдтой æйчытæ. 

18 3æриноных – къуырисæры 

18 Тыхост – У. к. – къуырисæры  

21 Цæуæккаг – цыппæрæмы. 

24 Бæлдæрæн – хуыцаубоны 

25 Аларды / Сырх дзуар – къуырисæры 

Аларды у æппæты карздæр бардуаг. Карз æмæ æгъатыр бардуаг кæй уыд Аларды, адæм ын кад æмæ табу дæр уымæн кодтой. Алардыйы къухы уыдысты фадынæг, цæстниз, дзуар æмæ ноджы æндæр низтæ. Низ-иу кæй фæзынд, уый-иу æнахуыргонд адæм кодтой Алар­дыйы аххос, уый нæм фæхæрам, зæгъгæ, æмæ ныл йæ низтæ бафтыдта. Рагон Ирыстоны-иу фадынæгæй сабитæ дзæвгартæй цагъды кодтой, цы сывæллон-иу дзы фæрынчын, уымæн-иу сдзæбæх æнхъæл ничиуал уыд. Афтæ карз уыд ацы низ, æмæ дзы ирон адæм тынг тарстысты. Уый тыххæй дзы нымд кодтой, йæ фæсномыгæй йæ хуыдтой «дзуар». Дзуары бынаты йæ сæвæрдтой. Аларды та уыд йæ бардуаг. Уымæ гæсгæ алы хъæуы дæр Алардыйы номыл арæзтой кувæндæттæ æмæ йын тасмæ табу кодтой. Сывæллæттæ æмæ сылгоймæгты бардуагыл нымад кæй уыдис Аларды, уымæ гæсгæ æвзонг чызджытæ дæр цыдысты Алардыйы кувæндæттæм. Алардыйы бæрæгбон афæдз вæййы дыууæ хатты: уалдзæджы æмæ рагвæззæг, бонтæй та — къуырисæры. Фæлæ цы рæстæгмæ æййафы йæ бон, уый Ирыстоны алы ран иухуызон нæу. Уымæ куывтой, уымæй агуырдтой, цæмæй сын сæ цотмæ фадынæг ма æрбауадза. Алардыйы хуыдтой рухс, сыгъзæрин. «Рухс, сыгъзæрин Аларды, табу дæхицæн, — куывта-иу хистæр. — Зæхмæ куы æрцæуыс, уæд-иу нæ хъазгæ-худгæйæ ныууадз! Де ‘ргом нæм макуы равдис. Дæ чъылдыммæ дæм сыгъзæрин тæбæгъты кувдзыстæм». Рынчыны цур хъæрæй нæ ныхас кодтой, чи йæм каст, уый та хъуамæ уыдаид сыгъдæг æмæ аив уæлæдарæсы. Алардыйæн æргæвстой урс уæрыччытæ, кæнæ афæдздзыд фыстæ. Цæмæй йын йæ хорзæх ссардтаиккой, уый тыххæй-иу йæ номыл куывдтæ адаргъ сты мæйы бæрц дæр. 

Аларды дзуар (Алардыйы кувæндæттæ), Дигориа

Алардыйы кувæндонмæ Ир кувынмæ æрмæст йæ боны нæ цыдысты, æнæуый бонты дæр-иу цыдысты, зæгъæм, сывæллæттæ-иу дзуарæй куы фæрынчын сты, уæд. Дзуары низæн ирон адæм лæвæрдтой ахæм эпитеттæ: рухс, сыгъзæрин базыр, сырх (рæсугъды нысаниуæджы) сыгъзæрин. Алардымæ-иу куы куывтой, уæд-иу æм дзырдтой ацы нæмттæй. Алардыйы зарджыты ма ацы бардуаджы хуыдтой базырджын дæр. Ирæтты уырнынадмæ гæсгæ, дзуарæй рынчын сывæл-лонæн хос кæнын (дохтыры хостæй) нæ фæтчыдис, уæд, дам, рынчын фыддæр кæны. Рынчынæн сæрмагонд хæринæгтæ нæ арæзтой, хæрын ын кодтой хъæдурдзæхдон, хъайла æмæ а. д. Дзуарæй рынчыны-иу ахастой кувæндонмæ кæнæ та-иу æй дардтой искуы уазал ран. Ацы уавæр рынчыны кодта фыддæр, æмæ-иу сывæллæттæ зæфцыфыдæй, фæкæсынхъуагæй мардысты. Дзуарæй рынчын сывæллон амардис, — уæд ыл нæ куыдтой, нæ фæтчыдис кæуын, уæд, дам, Аларды хъызгæ кæны. Дзуарæй рынчын сывæллоны бинонтæ хъуамæ арæзтаиккой бæлвырд ритуалтæ: нæлгоймагæн нæ фæтчыдис йæ бинойнагмæ æввахс бацæуын. Сæ куывдты-иу Алардымæ хатыдысты, цæмæй уый хъæумæ æввахс ма бацæуа, кæд, зæгъы, хъæуæй искæмæ бафтдзынæ, уæд та сæ хъæлдзæг æмæ сæрæгасæй ныууадз. Иæ карз-дзинадæй йын тæрсгæ кæй кодтой адæм, хъæумæ хæстæг бацыдаид, уый дæр сæ уымæн нæ фæндыдис. Алардыйæ афтæ тынг тарстысты, æмæ йын йæ номыл цы кувæндон арæзтой, уымæн фæрсæгтæ нæ арæзтой, йæ дуар та йын кодтой хъæуæй иннæрдыгæй фарсы ‘рдæм, цæмæй сæм комкоммæ ма кастаид. Алардыйы фыдæхæй тынг кæй тарстысты ирон адæм, уый ма бæрæг у уымæй дæр, æмæ ард хæрын, сомы кæнын æмæ æлгъысты арæх пайда кодтой Алардыйы номæй. Алардыйы куывдты сылгоймæгтæ нæ бадтысты, фæлæ дзуарыл уыдонæй тынгдæр ничи аудыдта: цотгæнæг уыдон сты, сомы дæр дзы уыдон кодтой. Ногбоны-иу Фыссæн æхсæвы чызджытæ куывтой, цæмæй сын Аларды сæ фидæны цот фадынæгæй бахъахъхъæна. Уæдæ æппæты тынгдæр æлгъыст та уыд: «Алардыйы фыдæх ссар». Фадынæгæй-иу цы сывæллон амард, ууыл Алардыйы тæсæй кæугæ дæр нæ кодтой. Алардыйы зарæг кæнгæйæ-иу æй баныгæдтой.

 

АЛАРДЫЙЫ ЗАРÆГ 

Табу дæуæн кæнæм, рухс Аларды! 

Хуссары мæнæуæй — дæ чъирийаг. 

Уæй, табу — дæ бæгæныйаг 

Табу дын фæуæд, рухс Аларды! 

Фæлвæрайы фосæй дын урс уæрыкк нывондаг! 

Табу дын кæнæм, сыгъзæринбазырджын рухс Аларды! 

Фæрвы хуымæллæгæй — дæ бæгæныйаг, 

Мысираг æвзист — дæ мысайнаг. 

Меретаг бæмбæг — дæ æвæрæн. 

Æй! Табу, табу дын кæнæм, рухс Аларды! 

Уæй! Фидинаг чи у, уыдон дзæбæхæй бафидын кæнай, 

Уæй! Табу, табу дын кæнæм, рухс Аларды!

26 Фæлвæра – Дыццæджы 

30 Касутæ – сабаты 

Аларды дзуар (Алардыйы кувæндæттæ), Дигориа

Куадзæнæй дыууæ къуырийы фæстæ вæййы Касуты бон, хонынц ма йæ Донмæцæуæн бон дæр (кæс Касутæ). Бæрæгбон хъæубæстæ арæзтой иумæ, хъæугуывд-иу скодтой. Изæрмæ-иу фæбадтысты, фæкуывтой, фæзарыдысты, фæкафыдысты. Фидæн аз фысым чи уыдзæн, уый-иу равзæрстой æмæ-иу ын йæ хæдзармæ æртæ чъирийы, сгуы æмæ нозт арвыстой. Уымæй уæлдай алы хæдзары дæр кодтой æртæ чъирийы. Скодтой-иу алыхуызон кастæ, æмæ-иу сæ сылгоймæгтæ кувинæгтимæ ахастой хуымтæм, доныбылмæ. Уыцы бон æрыгон сылгоймæгтæ æмæ чызджытæ ног чындзы хуыдтой донмæ. Сылгоймæгты хистæр-иу чындзы бафæдзæхста Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл, куырдта-иу ын бирæ цот – авд лæппуйы авдæны куыд ауза, батабу-иу кодта Доны чызджытæм, адæмы фыдбылызæй куыд хизой, дæттæ куыд нæ ивылой, ног чындзы сæ хорзæх куыд уа. 

Нæлгоймæгтæй ног чындз æмæ иннæ сылгоймæгтимæ доны былмæ цыд къухылхæцæг, æмдзуарджын æмæ хызисæг. Чындз-иу доны былæй сæ хæдзармæ дон схаста. Йемæ чи ацыд, уыдонæн-иу хæдзары хистæр сылгоймаг фæарфæтæ кодтæ «Доны чызджыты хорзæх уæ уæд, Донбеттыры фæдзæхст ут, цардæй бафсæдут, донарæхæн уæ цард уæд…» Касутæ кæнæ Донмæцæуæн бон мах рæстæджы фыццаджы хуызæн нал кæнынц, рох кæнын райдыдта, фæлæ ма йын кæм кувынц, ахæм хъæутæ æмæ мыггæгтæ ис. 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz