Нæ табуйаг бынæттæ

0
270

Ирон Æгъдæуттæ – 5

«Цард æгъдауæй фидауы», «Дунейы сæр æгъдау у», «Æгъдау кæй нæ баурома, уый æфсæн рæхыс дæр нæ бауромдзæнис», — ацы æмæ бирæ æндæр ахæм æмбисæндтæ ис ирон адæммæ. Уый та дзурæг у, æгъдауæн стыр аргъ кæй кодтой нæ фыдæлтæ. Æмæ, æцæгæйдæр, æнæгъдау адæймаг цард æвидауц кæны. 

Ирон æфсарм æмæ æгъдау дардыл хъуыстгонд уыдысты. Уыцы рæсугъд æгъдæуттæй сæ иу уыдис æмæ абон дæр у нæ дзуæрттæм кувын æмæ сын табу кæнын. Нæ рухс кувæндæттæ — уыдон сты нæ адæмы историйы иу хай. Æмæ йæ историйæн чи нæ аргъ кæны, уый нæ аргъ кæны йæ адæмы абон æмæ фидæнæн дæр. 


Куыд зонæм, афтæмæй нæ фыдæлтæ сæхи нымадтой Хуры цотыл, Хуыцауы сконд адæмыл, уымæ гæсгæ куывтой се сконд зæдтæ æмæ дауджытæм. Æмæ ирон лæг, кæмфæнды ма æрцардаид, уæддæр иу йæхицæн æвзæрста бæрзонддæр, райдзастдæр ран, Хуыцау æмæ йе скæнгæ зæдтæн, сæ дзуæрттæн кæм куывтаиккой, ахæм бынат. Афтæмæй ахæм кувæндæттæ Ирыстоны сырæзт алы хъæуы æмæ комы дæр. 

Нæ фыдæлтæ хуымæтæджы никуы куывтой Хуыцау æмæ йе скæнгæ зæдтæм. Кувынæн зыдтой бæрц æмæ æгъдау, афон æмæ бынат. Афтæ ирон дин сидтис Иры дзыллæтæм фидæнхуыздæрмæ, куыстуарзондзинадмæ, адæймагуарзонмæ. Фæлæ, хъыгагæн, абон нæ дзуæрттæм кувыны æгъдæуттæ фæцудыдтой. Абон сæ быны фенæн вæййы нозтджынтæй, æнæуаг дзыхæй, хъæрæй чи фæдзуры, ахæм адæймæгтæн. Уырдæм бирæтæ ссæуынц цæл-минас кæныны охыл. Æмæ уый раст нæу. Ирыстоны кувæндæттæ афтæ кадджын уыдысты æмæ сæ бынты хъæрæй ничи дзырдта, цыдысты йæм кувинæгтимæ æмæ мысайнæгтимæ. Нæлгоймæгтæ истой сæ худтæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæт-тæ ластой сæ къахыдарæс. Æмæ сæйраджы сæйраг та фæсивæд уырдæм цыдысты табу йын бакæнынмæ. Уый фæстæ-иу сарæзтой хъазт æмæ-иу дзы бирæтæ уым ссардтой сæ фидæны æмкъæйтты дæр. 

Фæлæ уыцы рæсугъд æгъдау абон кæй байрох ис, уый бахынцыдта Цхинвалы районы культурæйы хайады сæргълæууæг Гаглойты Ростик æмæ сорганизаци кодта ахæм мадзал «Нæ табуйаг бынæттæ», — зæгъгæ. Йæ нысан уыд нæ фыдæлты райсинаг традицитæ сног кæнын æмæ æвзонг фæсивæдæн ирон фольклор æмæ æгъдæуттæ бауарзын кæнын. Ныртæккæ Джеры дзуары бонтæ кæй нысан кæнынц нæ адæм, уымæ гæсгæ мадзал ауагътой Джеры дзуары кувæндоны. 

«Нæ мадзал Джеры дзуары бын ауадзын кæй сфæнд кодтам, уый æнæнхъæлæджы нæу, ныртæккæ йæм бирæ адæм цæуы куывды æмæ нæ фæнды, цæмæй уыдон дæр хайад райсой нæ мадзалы», — зæгъы Гаглойы фырт. Æмæ, æцæгæйдæр, уырдæм цы бирæ адæм ссыдысты куывды, уыдонæн дæр мадзал уыд цымыдисон. Мадзалмæ æрбацыдис æмæ дзы хайад райста нæ республикæйы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ. Райдианы уал, æгъдау куыд амоны, афтæ мадзалы хайадисджытæ ссыдысты Джеры дзуары кувæндонмæ. Уым сæ нæ республикæйы адæмон артист Уанеты Æхсар ныффæдзæхста Хуыцау æмæ йе скæнгæ зæдтыл. Джеры Уастырджийæ куырдта, цæмæй йæ дæлбазыр дара æгас Хуссар Иры адæмы, хъахъхъæна сæ фыдбылызтæй, ифтонг сæ кæна рæсугъд æмæ амондджын цардмæ. 

Джеры дзуарæн сæхи ныффæдзæхсыны фæстæ, æгъдау куыд амыдта, афтæ, дзуары фæзы арæзт æрцыдис стыр хъазт. Уым фæсивæд сæ арæхстдзинад æвдыстой алыгъуызон хъæзтытæй, зарджытæй, кæфтытæй. 

Æгъдаумæ гæсгæ уал фыццаг фæсивæд аив сæххæст кодтой нæртон «Симд». Уымæн æмæ «Симд» равзæрди ирон адæмæн сæ куыстæгты, сæ бæркæдты уагыл æмæ йæм æндæр адæмтæй ничи ницы бар дардта. Нæ-дæр æй хуызæй афæзмын уыд сæ бон, нæдæр мидисæй, уымæн æмæ у ирон адæмы дзыллон симфони — уæнгты змæлд æмæ мырты зæлтæй. 

Уыцы бон, мадзалы хъæлдзæггæнæн фæзмæн кæфтытæн кæрон нæ уыди, архайдтой сæ районы культурæйы адæмон ансамбль «Амонд»-ы лæппу æмæ чызг фæсивæд. 

Цасфæнды дæсны ма уыдаиккой сылгоймаг æмæ нæлгоймаг кафынмæ, уæддæр архайдтой æфсармы фæлгæтты. Ирон æгъдау куыд амыдта, афтæ. Уæлдай хъæртæ, бахудтытæ æгады хос уыдысты нæлгоймаг æмæ сылгоймагæн дæр. «Симд-Сандрахъ» афтæ хуыйны нæ фыдæлты рагондæр кæфтытæй сæ иу æмæ йæ аив сæххæст кодта ансамбль «Амонд»-ы фольклорон къорд. 

Æппæт ирон кæфтытæ дæр хастой ерысы уаг. Ахæм рæсугъд кафтыл нымад æрцыдысты «Хæххон кафт» æмæ «Чызджыты кафт» дæр. 

Гаглойты Ростик йæ раныхасы банысан кодта ацы мадзалы ахсджиаг нысаниуæг. «Нæ культурæ, не ‘взаг, не ‘гъдæуттæ цы уавæрмæ цæуынц, уый махæй алчидæр уыны. Æмæ, мах, хистæр фæлтæры кусын хъæуы, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ фыдæлты æгъдæутты. Бацархайæм ууыл, цæмæй не ‘гъдæуттæ куыд рæсугъд уыдысты, афтæмæй сæ адæттæм нæ кæстæртæм. Сусæггаг никæмæн у, абон бирæтæ кæй байрох кодтой нæ рухс кувæндæтты, фынгыл сæхи дарыны уаг. 

Нæ фынгтæм кæстæртæ цыдысты хæрд æмæ нозтдзуан кæ-нынмæ нæ, фæлæ алыгъуызон хъæзтыты хайад райсынмæ, зарын æмæ кафынæй сæхи равдисынмæ. Уыцы нысанæн арæзт æрцыд нæ абоны бæрæгбон дæр», — загъта йæ раныхасы Гаглойты Ростик. 

Бæрæгбонмæ æрцæуæг адæм цымыдисæй байхъуыстой Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Бибылты Валерийы раныхасмæ Джеры дзуары тыххæй. 

«Хуссар Ирыстоны Джеры дзуар нымад цæуы иууыл тыхджындæр æмæ карздæр дзуарыл. Йæ бонты йын адæм куывтой сæ хæдзæртты дæр. Иууыл тынгдæр æм цыдысты æмæ цæуынц тыхст адæм. Уый тынг зындгонд у, йæ къæдзæхæй. Уым иу ауагътой, йæ зонд иу кæмæн фæхæццæ, ахæмты, уæлдайдæр та гобиты… Джеры дзуар хæссы сыгъдæг Уастырджийы ном. Йæ бонтæ райдайынц фæззыгон хъæууон хæдзарадон куыстытæ куы фæрогдæр вæййынц, ома сентябры райдианты æмæ аххæссынц сентябры фæудтæм. Æмæ ацы бæрæгбонæн уый тыххæй дæр ис ахсджиаг нысаниуæг», — загъта Бибылты Валери. 

Кæронбæттæны РХИ-йы Культурæйы министр Зассеты Жаннæ дæр банысан кодта мадзалы ахсджиагдзинад, кæй йын ис хъомыладон нысаниуæг. Уый стыр бузныджы ныхæстæ загъта Цхинвалы районы культурæйы хайады сæргълæууæг Гаглойты Ростик, ансамбль «Амонды» артисттæн, йæ къухдариуæггæнджытæн, æппæт мадзалмæ æрбацæуджытæн. 

Мадзал цымыдисон кæй рауад, уымæ гæсгæ культурæйы министр зæрдылдарæн лæвæрттæ бакодта ансабль «Амонд»-æн æмæ сын ныфс бавæрдта уалдзæджы сæ кæй арвитдзæнис, йæхæдæг йæ царды рæсугъддæр азтæ кæм арвыста, уыцы бæстæмæ — Казахстанмæ. Уым уыдонæн фадат уыдзæн æндæр адæмты æхсæн сæ арæхстдзинад равдисынæн æмæ ирон национ аивад пропогандæ кæнынæн. 

Бестауты Валя 

https://xurzarin.ru/nae-tabujag-bynaettae/ 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz