Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

ТУДЖДЖЫНЫ ЛÆГÆТ, Таурæгъ



Дæргъæвсгомы Хынцæджы хъæууатæй Къæхтысæры æхсæн къæдзæх хохы фахсыл иу лæгæты бацæуæн у дурæй амад. Лæгæтмæ фахсыл æнцон схизæн нæу, фæлæ йæ дардмæ дæр чи фены, уый йыл йæ цæст æрæвæры æмæ дисы бацæуы: «Нæ цæрынæн куы нæ бæззы, нæ мæсыгæн, уæд фахсыл лæгæтмæ схизæн сæхгæныны сæр кæй цæмæн бахъуыд!?» Бынæттон цæрджытæй искæй куы бафæрсай, уæд дын зæгъдзæн: «Уый Туджджыны лæгæт у».

Туджджыны лæгæтыл ис таурæгъ. Адæм æй алыхуызæтты дзурынц. Цагъаты Н. фысгæ дæр ныккодта æмæ йæ рауагъта l963 азы чиныг «Памятники материальной культуры Северной Осетии»-йы. Æз æй фехъуыстон æндæр хуызы æмæ уын æй афтæмæй уæ размæ хæссын.

Кæддæ… Уый раджы уыди. Хынцæджы цæрджытæй иу лæгæн цуаны йæ топп фæирвæзт йе ‘мбалмæ. Æнæбарæй лæг амардта, фæтуджджын тыхджын мыггагимæ æмæ, йын йæ рæстдзинад уыцы тызмæг дуджы кæй ницæмæ æрдардзысты, уый зыдта. Уæд-иу лæджы чи амардта, уый нæ, фæлæ кæй хæцæнгарзæй мард æрцыд, уый дæр нымад цыд туджджыныл, туджджыны фиддонтæ дзы домдтой. Æмæ цуанон лæг йæхи бафæсвæд кодта. Бон æмбæхст уыцы лæгæты, æхсæв та йæ фидæрттæ кодта – дуртæ йæм бæндæнæй ласта æмæ йын йе схизæн æхгæдта.

Туджджынæн йæ хæдзары дыууæ хойы æмæ мад йеддæмæ ничи уыд æмæ зыдта, уыдоны кæй ничи бахъыгдардзæн. Сылгоймаджы туджы тыххæй ничи мардта, æфхæрдта. Уый худинагыл нымад цыд. æмæ ма йын-иу йæ хотæ сусæгæй хæринаг дæр схастой. Уыцы хабар бафиппайдтой, дзæгъæл гæрахæй чи фæмард, уый æртæ æфсымæры дæр, фæлæ сæ хотæ не ‘ндæвтой. Лæджы лæгæтæй куыд расайой æмæ сæ туг куыд райсой, ууыл уыд сæ сагъæс. Хотæ йын хæринаг схæссынц, уый дæр уыдон нымадтой хорзыл — кæд сæм искуы дæлиау æрхизид, уæд ыл сæ хæцæнгарз сæндзариккой. Æмæ æдзух фæлтæрæнтæ кодтой. Фæлæ сæ къухы не ‘фтыд. Цуаны ауайы, уый дæр зыдтой. Йæ разы дæр-иу бабадтысты, дардæй-иу æй æхстой, æввахс бацæуын æм нæ уæндыдысты, йæ рæстдзæвины ахаст ын зыдтой. Хорз цуаноныл нымад уыд. Æфсымæрты фæцæгъдынæн ын фадат арæх уыд. Уæлдайдæр æм-иу лæгæтмæ куы бырстой, уæд. Фæлæ йæ барæй туг ныккалын нæ фæндыд, æмæ сæ-иу тæрсыны æхст кодта.

Æфсымæртæ сæхимидæг æмбæрстой цуаноны зæрдæйы уаг, фæлæ сæ ничи ницы дзырдта. Тугисыны тызмæг æмæ æгъатыр æгъдау сæ зонды мылазон мигъау ныббадт. Сæ сæртæ сисын, сæ дзыхы дзаг сдзурын сæ нал уагъта. Худинаг сæм каст, нырма се ‘фсымæры туг кæй нæ райстой, уый. Æмæ адæмы раз сæхи æнкъардтой ныхкъуырдæй.

Уæд иуахæмы кæстæр, царды нысан удæй хорз чи нæма банкъардта, уый йе ‘фсымæртæн куы райхалид, сæ худинаджы уавæрæй фервæзынæн æм цы хъуыды фæзынд, уый.

Иу мæйрухс æхсæвы, зæгъы, æз арсы цармы мæхи стухдзынæн, афтæмæй арсы цыдæй лæгæты æрдæм сабыргай мæ ных сараздзынæн. Нæ амæттаг мæ æнæ бафиппайгæ нæ фæуыдзæн, æрæхсдзæн мæ, æз фыццаг æхсты фæстæ мæхи мардæфсон скæндзынæн. Уый цуанон уæвгæйæ, йæхи нæ бауромдзæн, йе ‘мбæхсæн бынатæй «арсы мардмæ» æрхиздзæн. Сымах уыцы рæстæджы хъуамæ æмбæхст уат, лæгæтмæ фæндаг уæм æхсты бæрцмæ хорз кæдæм зына, ахæм ран. Æмæ-иу ыл ма бацауæрдут. Æз дæр æй æхсдзынæн.

Фæнд хорз фæнд уыд, фæлæ æфсымæртæ нæ разы кодтой сæ кæстæры топпы дзыхмæ æрæвæрыныл, уæд та дæ фыццаг æхстæй амардта, куыд рæстдзæвин у, уый нын амонын нæ хъæуы, зæгъгæ. Фæлæ кæстæр æфсымæр йæ фæнд атардта тугисыны карз æгъдауы фæрцы. Æмæ æртæ æфсымæры иу мæйрухс æхсæв араст сты сæ туджджыны марынмæ. Сæ фæнд конд уыд. Кæстæр йæхи арсы цармы æрбатыхта æмæ арсы цыдæй фæхилы хохы фахсыл. Æфсымæртæ йæм сæ цæст дарынц. Уалынмæ йæ бафиппайдта цуанон дæр. Ныхъхъавыд æм, æмæ мæйрухс æдзæм æхсæвы топпы хъæрæй ныццарыдтой кæмтты нарджытæ. «Арс» æрхаудта æмæ айнæгыл æнцадæй аззад. Цуанон иу дзæвгар йæхи нæ равдыста, фæлæ та бæстæ куы ныссабыр, уæд лæгæтæй йæ амæттагмæ рараст. Æфсымæртæ йæ дæлиау æруагътой, фæстæмæ алидзын ын куыд нæ бантыстаид, уый бæрц. Стæй йæм сæ дыууæ дæр æмхъавд фæкодтой, æмæ дæ балгъитæг – афтæ. Лæг фæцудыдта, стæй сæрбихъуырæйттæ кæнгæ æртылд се ‘фсымæры фарсмæ.

Æфсымæртæ се ‘мбæхсæн бынатæй фæгæппытæ кодтой æмæ чи фæраздæронæй атагъд кодтой сæ кæстæры уавæр базонынмæ. Арсы цармæй йæ фæхицæн кодтой, асгæрстой йæ, фæлæ дæ фыдгул уыйау уæд. Рæстдзæвин цуанон нæ фæивгъуыдта иу æхстæй дæр. Чысыл фалдæр йæ мæрдон хуызы хуыссыд йæхæдæг дæр.

Гъе, ахæм æгъатыр æмæ тызмæг æгъдæуттæ уыд нæ хæхты. Уыдонæн æнусты æвдисæнæй лæууы Туджджыны лæгæт.

Цгъойты Хазби

Yazarın Diğer Yazıları

Tarihte Bu Ay 2024

14 Aralık Abhazya-Gürcistan Savaşı’nda Ölen Çocukları Anma Günü 28 Aralık 1912 Yazar ve gazeteci Ahmet Mithat Efendi’nin (Hağur) vefatı 05 Aralık 1936 Kabardey-Balkar Özerk Cumhuriyeti’nin kurulması 05...

Anma: Kanıkoatı Remzi Yıldırım

Aralık 2020’de yitirdiğimiz, Güney Osetya Cumhuriyeti Tam Yetkili Türkiye Temsilcisi Kanıkoatı Remzi Yıldırım’ı saygıyla anıyoruz.

Anma: Işık Batur Özdemir

Aralık 2019’da yitirdiğimiz logor’i sevgi ve özlemle anıyoruz.  

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img