Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Культурон Ивддзинæдтæ

Ирон культурæ у хъæздыг æмæ ирд. Абон Ирыстоны æрыгон фæсивæд бирæ дзурынц æмæ архайынц, цæмæй нæ аивадон хæзнатæ апарахат уой, цæмæй нырыккон хуыз райсой. Æмæ кæд хистæр фæлтæртæй бирæтæ ахæм фæндыл разы не сты, уæддæр æз мæхи фылдæр хæссын фыццæгтæм. Ивгæ цы нæ кæны, уый нæ цæры. Афтæмæй адæймаг йæхæдæг, нæ планетæйы цæрæгойтæ иууылдæр царды уавæртæм гæсгæ куы нæ ивтаиккой, уæд нырмæ нæ фæцардаиккой. Хъыгагæн, нæ райгуырæн культурæйæн дæр фесæфынæй тæссаг у. Алы рæстæг дæр вæййы, сæ адæмы цардмæ исты ногдзинад чи ’рбахæссы, ахæм адæм. Нæ заман дæр уыдонæй цух нæу. Æмæ, чи зоны, абон цы ирон культурæйы лæгкадгæнджыты нæ зонæм, уыдон ног фæлтæртæн уыдзысты куырыхонтыл нымад.

Уæдæ цавæр культурон ногдзинæдтыл цæуы ныхас? Ирд дæнцæджы хуызы ис æрхæссæн С.А. Герасимовы номыл Кинематографийы æппæтуæрæсеон паддзахадон институты (ВГИК) рауагъдон Цомайты Виктория кæй сарæзта, уыцы Нарты Сосланы тыххæй анимацион кино. Чызгимæ аныхас кодта Ossetia News. Виктория сын радзырдта, сывæллонæй йын йæ нана арæх кæй каст Нарты Сосланы тыххæй. Фæстæдæр институты студент куы сси, уæд сфæнд кодта йæ дипломон куысты фæлгæты кадджыты хъайтары цард баулæфын 2D-йы. Уый тыххæй чызг ногæй бакаст эпос, йæ кæддæры нывтæ æмæ райдыдта кусын. «Саби куы уыдтæн, уæд мын мæ бабу арæх каст кадджытæ. Рагæй ныв кодтон нæртон хъайтарты, хъуыды кодтон, куыд сæ ис спайда кæнæн. Уый фæстæ цалдæр кадæджы баиу кодтон, цæмæй дзы Сослан куыд райгуырд æмæ куыд рæзыд, ахæм иумæйаг сюжет рауайа», – радзырдта Виктория Ossetia News-æн.

Ахæм трейлер киноуарзджыты зæрдæмæ тынг фæцыд æмæ уый Викторияйы зæрдæйы бауагъта стыр ныфс. Чызджы фæндмæ гæсгæ хъуамæ уыцы трейлер кæронмæ арæзт æрцæуа æмæ дзы æппын фæстагмæ сæрмагонд кино скæна.

«Ис мæм фæнд трейлер кæронмæ фæуын, уый фæстæ нæ зонын, хабар куыд уыдзæн. Цæмæй æххæст мультфильм рауайа, уый тыххæй хъæуы ‘хцайы стыр фæрæзтæ, стæй нывты конд иу цасдæр аивын, цæмæй йæ хуыз фæдзæбæхдæр уа. Чи зоны йæ, фидæны бацæттæ кæнон питчингæн, фæлæ афтæ дард нæма кæсын», – бафтыдта Виктория.

Цæмæй йæ газеткæсæг хуыздæр бамбара, уый тыххæй æнæмæнг хъæуы зæгъын, Виктория цы мультфильм скодта, уымæн йæ кой кæй апарахат. Уæлдай уарзондæр сси ирон фæсивæдæн. Махæн стыр ахъаз уаид, æнæхъæн дуне ирон культурæимæ ахæм нырыккон хуызы куы базонгæ уаид. Æмæ, чи зоны, Викторияйы руаджы тагъд нæ къухы бафта.

Ирон культурæйы ногдзинæдтæ æвдыст цæуынц музыкалон фæзы дæр. Афтæмæй музыкалон къорд «Artrio» базыдта ирон зарæгхъусджыты зæрдæтæм цыбырдæр фæндаг. Кæд раздæр æрыгон фæсивæды ’хсæн стæмтæ хъуыстой ирон зарæгмæ, уæд абон «Artrio»-йы хуызæн къордты руаджы парахат кæны райгуырæн æвзаг æмæ культурæ. Фæстагмæ цы зарæг рауагътой – «Душа», уый ныффыстой ирон рэп-зарæггæнæг Ramirez-имæ. Трек уайтагъд апарахат. Дзæуджыхъæуы зарæгфысджытæ æмæ зарæггæнджытæй арæх фæзæгъынц: «Дæ ног куыст дæ рæсты цæуæг машинæтæй цас арæхдæр хъуысы, уыйбæрц уарзондæр у фæсивæдæн». Уый хъуыдыйы даргæйæ-иу, сымах дæр анымайут ахæм машинæтæ, зынаргъ газеткæсджытæ.

Ахæм курдиатджын фæсивæдмæ ис ахæссæн аивадон къорд «Уацамонгæ» дæр. Коллективы репертуары ис сæрмагондæй ирон националон зарджытæ. Сæ ныллæг хъæлæсты ‘вæрдæй адæмы зæрдæтæ ныззыр-зыр кæнынц – ахæм эмоционалон уылæнтæагур «Уацамонгæйы» мадзæлттæм бирæтæ æрбацæуынц. Арф нæлгоймаджы хъæлæсты хормæ фæлмæн ахорæнтæ ’фтауы коллективы иунæг чызг – Хадыхъаты Аланæйы хъæлæс. Кæй зæгъын æй хъæуы, зарæггæнджытæ сыгъдæг этникон æгъдаумæ гæсгæ ракæнынц сæ хъайтарон зарджытæ. Æмæ уый адæмы зæрдæмæ цæуы, ирон культурæ адæмы зæрдæмæ фæстæмæ арф кæй бахызт, уымæ гæсгæ. Табуафси, сымах дæр саккаг кæнут æмæ «Уацамонгæйы» зарджытæн уæ рæстæгæй рахай кæнут.

 

ТУЛДЗ БÆЛАС

(«Хæхты зæлты» репертуарæй, ногæй йæ азарыд аивадон къорд «Артрио»).

Зæронд тулдз бæлас тагау хус бауай мæ тæригъæдæй,

Дæ бындзарæй дæ хъæддзау акала йæ цыргъ фæрæтæй.

Мæн-иу ныууагъта æнæнхъæлæджы

Йæ уарзты кæрон, гъей.

Йæхæдæг ацыд æндæр чызгимæ,

Ныр ма цы кæнон…

Йе науæд басудз арвы æрцавдæй ам хъæугæроны,

Дæ аууонмæ дын уæд нал бакæндзæн уарзон уарзоны.

Мæн-иу ныууагъта æнæнхъæлæджы

Йæ уарзты кæрон, гъей.

Йæхæдæг ацыд æндæр чызгимæ,

Ныр ма цы кæнон…

Æз дæм фыдæх дæн, цæмæн, цæй тыххæй, уый дын зæгъдзынæн.

Мæнæн уыд уарзон, дзырдтон мæхицæн — чындзы цæудзынæн.

Мæн-иу ныууагъта æнæнхъæлæджы

Йæ уарзты кæрон, гъей.

Йæхæдæг ацыд æндæр чызгимæ,

Ныр ма цы кæнон…

Фæдæн фыдæнхъæл — мæн уый ныууагъта йæ уарзты кæрон,

Бахæлар, баиу æндæр чызгимæ — ныр ма цы кæнон.

Мæн-иу ныууагъта æнæнхъæлæджы

Йæ уарзты кæрон, гъей. Йæхæдæг ацыд æндæр чызгимæ,

Ныр ма цы кæнон…

Хъæлдзæг адæмæй лидзын æз дардмæ, цæрын хъыгтимæ,

Мæнæн дзырдæуыд — дæ сатæг аууон фæбадынц бирæ.

Мæн-иу ныууагъта æнæнхъæлæджы

Йæ уарзты кæрон, гъей.

Йæхæдæг ацыд æндæр чызгимæ,

Ныр ма цы кæнон…

Ысхъæр ма мын кæн зæронд тулдз бæлас сæ сусæг фæндтæ,

Кæд цъус фæлæууид йæ судзгæ рыстæй мæ фæлмæст зæрдæ.

Мæн-иу ныууагъта æнæнхъæлæджы

Йæ уарзты кæрон, гъей.

Йæхæдæг ацыд æндæр чызгимæ,

Ныр ма цы кæнон…

 

Фæлтæр фæлтæры ивы, адæм зондджынæй зондджындæр кæнынц, фæлæ сæ хæрзтæн аргъ кæнын афтæдæр нæма базыдтой. Æмæ цымæ базондзысты?

Цыфæнды ног куы кæна нæ цард, уæддæр дзы нæхи культурæ æмæ нæхи ’взагæй адджындæр бынат не ’ссардзыстæм. Уый тыххæй тынг зæрдæмæхъаргæ ныхас ракодта Дзасохты Музафер. «Уырыссагау дзургæйæ искуы-иу хатт куы фæрæдийын, уæд фырæфсæрмæй мæ цæсгомы сырх иуцасдæр нал ссæуы. Уæд, йæхи ирон чи хоны, уыдон сæ мадæлон æвзаг кæй нæ зонынц, уымæй æфсæрмы цæуылнæ кæнынц?

Рæдыды кой нал кæнын, уымæн æмæ иронау дæ алы дзырды дæр цалдæр рæдыды куы кæнай, уæддæр диссаг никæмæ фæкæсдзæн. Дис нæ, фæлæ ма цин дæр бакæндзысты, æгайтма иронау дзурыныл архайы, зæгъгæ.

Цымæ ма мах хуызæн адæм искуы ис? Хуыцау дын ахæм диссаджы æвзаг раттæд æмæ йыл былысчъилтæ кæн!»

 

(Дзасохты Музафер, «Мæйты дæргъæн азтæ»)

Фарс бацæттæ кодта Мамиаты Дианæ.

http://gztslovo.ru

Yazarın Diğer Yazıları

“Turnanın Dansı”nda yeni adımlar

"Turnanın Dansı" film projesi uluslararası işbirlikleri ve destek arayışında kayda değer adımlar atmaya devam ediyor. Projenin ilerlemesine ilişkin son dönemde gerçekleştirilen görüşmeler, umut...

Derneklerimiz – KAFFED – DÇB

Kafkas Dernekleri Federasyonu’nun (KAFFED) uzun yıllara dayalı çalışma sonucu kurulduğunu biliyoruz. 2022 Olağanüstü Genel Kurulu ile başlayan bir tartışma sürecinin içindeyiz. Dünya Çerkes Birliği (DÇB)...

‘Erkeklik ve toplumsal cinsiyet’

İletişim uzmanı ve gazeteci Derya Kap, “erkeklik üzerine düşünen ve henüz düşünmemiş olan tüm erkek izleyicilere özel” dört videodan oluşan bir seri hazırladı. “Türkiye’de...

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img