Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

ФИДАР У, ВАЛЕРИ АБИСАЛЫ ФЫРТ ГЕРГИТЫ

Дунейы дзыллæтæн зындгонд Ирыстойнаг дирижер Гергиты Валерийы фæцух кодтой гермайнаг горæт Мюнхены филармонион оркестры сæйраг дирижеры бынатæй. Ацы уынаффæ дыццæджы рахаста Мюнхены бургомистр Дитер Райтер. Мюнхен Гергиты Валерийæ фæхицæн. Нырæй фæстæмæ Гергийы-фырты разамындæй концерттæ æвдыст нал цæудзысты. Уæрæсе Украинæйы кæй æххæст кæны, амæй размæ дирижерæй бадомдтон уыцы сæрмагонд хæстон операци æвзæрыл банымайын, фæлæ Валери мæ домæн нæ баххæст кодта. Ныры уавæры дарддæр æмгуыст цæмæй кодтаиккам, уый тыххæй мæ домæн баххæст кæнын æмбæлд. Мæ домæн æххæстгонд кæй не ‘рцыд, уый тыххæй кæрæдзийæ хъуамæ æвæстиатæй фæхицæн уæм. Иннæ фарстытыл рæхджы æрныхас кæндзыстæм, — загъта Дитер Райтер. Гергийы-фырт Мюнхены филармонион оркестры сæйраг дирижеры бынат ахста 2015 азæй нырмæ. Валериимæ бадзырд фидаргонд уыд 2025 азы æмгъуыдмæ. 

“Фидар у, Валери! Европæйы бæстæтæ бонæй-бонмæ алыхуызон ‘диссæгта’ æмæ цъаммардзинæдтæ æвдисынц. Уæрæсейы куыд тынгдæр бафхæрой, ууыл ерыс кæнынц. Гергиты Валери – зындгонд дирижер, Уæрæсейы Федерацийы фæллойы хъайтар, УФ-йы адæмон артист, Украинæйы адæмон артист, Мюнхены филармонийы оркестры сæйраг дирижер, Æппæтдунеон æхсæнадон организаци ‘Иры Стыр Ныхас’-ы орден ‘Адæмы хорзæх’-ы кавалер, Абысалы-фырт Валерийæн бирæ æнтыстдзинæдтæ ис музыкалон аивады. Фæлæ ныртæккæ ахæм фыдзамантæ скодта æмæ абон Гергиты Валерийы æнтыстдзинæдтæ, йæ алæмæттаг курдиат айрох сты, Европæйы хуыздæр залты йын тыхджын къухæмдзæгьдтæ чи арæзта, уыдонæй. Уый хыгъд та Æппæтдунеон æхсæнадон организаци ‘Иры Стыр Ныхас’ ирон адæмы номæй хуссарæй цæгатмæ, фæнды Гергиты Валеримæ йæ хъуыдытæ фæхæццæ кæнын. Мах кæддæриддæр нæ зæрдыл дарæм, Уæрæсейæн æмæ нæ чысыл Ирыстонæн кад чи кæны, уыдонæй иу дæ ды æмæ уый санкцитæн фæцудын æмæ фæгуырысхойаг нæ бауаддзыстæм. Ирыстон сæрыстыр у Гергиты Валерийæ! 

Иры Стыр Ныхас» 

Yazarın Diğer Yazıları

Güner Kuban hayata veda etti

Kurucu Meclis vekillerinden Pşevu Reşit bey ile Seher Hanım’ın kızları, Pşevu Ethem Bey’in yeğeni Güner Kuban Vefat etti. Ailesi, yakınları ve sevenlerine sabır dileriz. Tha –...

Şair Ahmet Telli’ye ithaf edildi

İstanbul Maltepe Belediyesi, 12-20 Eylül tarihleri arasında “Edebiyat Özgürleştirir” başlıklı 2. Maltepe Kitap Günleri’ni düzenliyor. Maltepe Cumhuriyet Meydanı’ndaki etkinliğe 122 yayınevi katılıyor. Bu yıl 10...

“Köklerinden ilham al, tuvale yansıt!”

Şamil Eğitim ve Kültür Vakfı’nın düzenlediği “Köklerin İzinde” konulu resim yarışmasının başvuru tarihi uzatıldı. Vakfın sosyal medya hesabından konuya ilişkin şu açıklama yapıldı: “Katılımcılardan gelen...

Sosyal Medyalarımız

9,251BeğenenlerBeğen
2,745TakipçilerTakip Et
4,012TakipçilerTakip Et
677AboneAbone Ol

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img