Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Поэзи

Бирæгъызæнг 

  

Хъæриу-хохы риуыл ис фидар гæнах – 

æнусты йыл зилы историйы цалх: 

æгайнæг хъæд аивæзт… æдзæрæг кæмттæ, – 

Хæл-хæлæй кæм уайынц æгæнон дæттæ… 

Цъæхцады раз комы – рувасджын бынат, 

Къæдз-мæдзы фæндагыл – уистаджы цыргъ рагъ. 

Сæгуытдоны комы фыццаг хатт æрцард 

Уæлхохæй æрлидзæг Джыккайты мыггаг. 

Себетты хъæууаты – Хадзийы хæдзар, 

Цъæх Къардиуы сæрмæ – гæнахæн йæ дзуар. 

Гарнайы гоппыл уыд чъырамад мæсыг. 

Куыройгомы хохыл лæппын арс лæсыд. 

æвзонг сычъи арæх кæвдæсыл хызти, 

Сæрвæттыл къæвда дон къæртайау мызти… 

æрбынат гæнахыл: сæ рад уыд дыккаг – 

Дагомæй нæртон стыр Гæбуты мыггаг. 

Сæ фæдыл æрлыгъди Агънаты мыггаг – 

Сæ разæй куы цыди ифтыгъдæй фынк гал. 

Стæй Цъамадæй ралыгъд гæнахмæ Мысост: 

Дзæрæхохты сахъгуырд – æд адæг, æд цот… 

Сæрд… Булæмæргъ зарыд… Цъæх-цъæхид уыд нæуу… 

æнустæ ныр рацыд – куы равзæрди хъæу… 

æрдхæрæны ран у нæртон Бирæгъзæнг… – 

Йæ дыргъ дæр хæлар у, нæ дзы ‘фсæды лæг. 

Фæрнджын уай æнусты, нæ Райгуырæн хъæу, – 

æнæкæрон уарзтæй куы уарзæм мах дæу! 

Дæ райгуырæн боны дын арфæ кæнæм, 

Нæ сæртæ дæ номæй бæрзæндты хæссæм! 

  

Стыр Ныхас, Газет № 9 (555) 2018 г. зæрдæвæрæны мæй (цийнæмæйæ). 

Yazarın Diğer Yazıları

Ridade bu hafta sonu sahnede

İstanbul Abhaz Kültür Derneği bünyesinde çalışmalarını sürdüren Ridade Ensemble, “Аныха - Ortak Düşlerin Toprakları” başlıklı yıl sonu gösterisini 22 Haziran’da Üsküdar, Bağlarbaşı Kongre ve...

Черкес Льэпкгьэкӏодым и я 161-рэ ильэс хагьэунэфыкӏыгь

Хэкум Цӏыфхэр Ащаубытыхэзэ Жьоныгъуакӏэм и 21-рэм шӏэжь мафэр Аушъхьакӏугъ Хэкум Адыгеим, Къэбэртае Бэлкъар, Къэрэщай Щэрджэс Республикэхэм, Абхьаз Хэкум Жьоныгъуакӏэм и 21-рэ шӏэжь мафэр ащхагъэунэфыкӏыгъ ау...

«Аԥсынра»

Сақариа Аԥсуа Ахеидкыла «Аԥсынра» ахыхьыӡ ала имҩаԥнагоз аҽазыҟаҵара алыҵшәақәа, Лаҵарамза 25 амш иӡырган. Акциа, анаплых цәыргақәҵа ала иыхацыркын. Аӷьазыԥҳа Сема Ерџьан’и Аргун Ергьин Арӷун’и...

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img