Кæм дæ, Къоста?

0
374

«Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы» (Къоста) 

  

Кæм дæ, Къоста, мæрдты дыккаг мард акæ, 

Кæнæ нæ хъæрмæ сау ингæнæй сыст! 

Кæмдæрты домынц аивын нæ картæ, 

Нæ сыгъдæг удтæм сау катай ныххызт. 

«Мæн у», зæгъæг нын а – дунейы нал ис, 

Дзырддаг ысси нæ Иры зæхх æргом. 

Нæ рыст зæрдæты судзгæ мæт ысмал ис. 

æлгъыст – нæ абон, додойаг – нæ сом. 

Уынгæджы фестæм – Хуссарæй, Цæгатæй, 

Дæлдзæх фæуа нæ ницæййаджы дуг! 

О, Стыр Хуыцау! Куы ницы дарæм хъалтæй, 

æнæвгъау уæд цæмæн кæлы нæ туг? 

Кæм дæ, Къоста? Ды не ‘стыр ныфс, нæ уарзт дæ, 

æнæ дæу – сидзæр Иры зæхх, æдзыт 

О, Хетæджы-фырт, чи загъта, ды мард дæ? 

Фæзын, æрвнæрдау азæла дæ дзырд… 

æмæ та Иры кадыл мард лæппутæ 

Фыдгулы ныхмæ фестой айнæг хох. 

Кæд уыдысты аланты цот тæппудтæ? 

Куы бахъæуа, уæд удуæлдайæ – тох! 

  

Стыр Ныхас, Газет № 9 (555) 2018 г.  

зæрдæвæрæны мæй (цийнæмæйæ). 

Балаты Альберт

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz