Баситы Зæлинæ

0
407

Зонын, æздæхдзынæн ногæй мæ сагъæсты
Уыцы алæмæттаг бонтæм уæддæр.
Фембæлды цинтæ изæрмилтæ ахастой,
Цæстыты нал ис уæларвон цæхæр.

Рмæстдæр мæ рухс фынты раздæрау уарзæттæ.
Цас зын æрхæссы сæуæхсид мæнæн!
Узæлгæ зарæгæй зæрдæйы баззадтæ,
Зæлы ныр дæр ма мæ риуæй фæлмæн.

Ферох уæд алцыдæр: ‘хсидгæ æнкъарæнтæ,
Амонды цæссыгтæ, стъалыты рухс.
Нал ис мæ рыстæн кæрон æмæ арæнтæ,
Агуры зæрдæ дæ сурæт æдзух.

Атахт мæ сонт бæллиц арвы цъæх бæрзæндтæм,
Чи ма йæ рцахсдзæни? Фесæфт йæ фæд.
Раттæд Хуыцау дын мæнæй фылдæр амæндтæ!
Уарзтæй дæ зæрдæ рæвдауæд хъысмæт…

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz