Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Стыр Ныхасы 30-æм азы бæрæгбоны Арфæтæ

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»ы сæрдар Еналдыты Иналы фырт Хъазыбег,

Цытджын хъазыбег зæрдиаг арфæ дын кæнын Стыр Ныхасы 30.æм азы бæрæгбоны.Арфæ кæнын æппæт Стыр Ныхасы советы архайджытæн дæр.

Стыр Ныхас архайы Ирон æвзаг,Ирон культуре,ирон æгъдæуттæ рох ма уой фæлæ æнусты дæргъы куыд цæрой уыцы идейыл.Скъолаты Ирон æвзаджы ахуыр куыд кæной Ирон сывæллæттa уыцы хъуыддагыл дæр архайы æмæ уый тынг ахджиаг хъуыддаг у.

Канд Ирыстоны нæ фæлæ Турчы цæрæг Ирттимæ æмæ æппæт дунейы Ирттимæ дæр бастдзинад, æмвæнддзинад сарæзта Стыр Ныхас.Турчы цæрæг Ирæтты æхснад АЛАН ы сæргълæуджытæ Хъаныхъуаты Ремзи,Хоситы Бурхан,Абысалты Йалчын æмæ Хъусаты Садреттин уыдысты Стыр Ныхасы Советы делегацитæ.Турчы Ирæттæ зæрдæйæ баст сты Ирыстонмæ,иу зæрдион сты Ирыстоны Ирæттимæ.

Цытджын Хъазыбег,иу хатт ма арфæ уын кæнын Иры Стыр Ныхасы сæргълæууæгæй дæуæн æмæ уæ советы архайджытæн.Бирæ уын бантысæд.Иры Стыр Ныхас Ирон адæмæн æнусты дæргъы лæггæдтæ куыд кæна уыцы арфæ ракæнæд Стыр Хуыцау.

Стыр цытимæ.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын Минæвар Турчы Республикæйы

Хоситы Бурхан Джанполат


Зынаргъ Еналдыты Хъазыбег, Иры Стыр Ныхасы сæргълæууæг

Истамбул, 22 май 2023 аз

Зынаргъ Хъазыбег,

Айс мæ зæрдиаг арфæ ацы цытджын бонты Стыр Ныхасыл кæй сæххст и 30.æм азы уый фæдыл.

Арфæ дын кæнын кæнын дæуæн æмæ дe’мкуысæг æмбæлттæн.

Мах Турчы цæрæг Ирæттæн тынг кадджын у Стыр Ныхас.Архайы Стыр Ныхас Ирондзинады фидæн хорз куыд уа уымæн.

Ацы хорз хъуыдыйыл архайгæйæ уын куырын Хуыцауæй бирæ æнтыстзиæндтæ.

Зынаргъ Казбек лæггад кæныс дæ дзыллæйæн æмæ уый тынг ахджиаг хъуыддаг у.Дæуæй раздæр читæ фæкуыста уыдонæн дæр арфæ кæнын,чи нал и уыдон та рухсаг уæд.

Ирон адæмæн хорз фидæн аразыны хъуддæгтыл архайгæйæ бирæ дын бантысæд.

Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад,амонд æмæ фæрныгад.

Зæрдиаг саламтимæ,

 

Хъуысаты Садреттин,

Турчы цæрæг Ирæтты æхсæнад ‘АЛАН’ ы сæрдар

Yazarın Diğer Yazıları

Avni Lifij’in fotoğrafları 100 yıl sonra sanatseverlerle buluştu

1851.gallery, ünlü sanatçı Avni Lifij’in platin-paladyum baskı tekniğiyle üretilmiş fotoğraflarından oluşan "Affedersiniz ama sanat bir kodak fotoğrafı değildir. Ressam Avni Lifij’in Yeniden Hayat Bulan...

Boston Üniversitesi’nde bir Çerkes masalı

Karaçay-Çerkesli yönetmen, oyun yazarı, kukla sanatçısı ve sahne tasarımcısı Şaukh Evgeny İbragimov 11-16 Kasım tarihleri arasında Boston Üniversitesi’nde gösteri ve atölye çalışmaları yaptı. Üniversite...

Dijital kitap: ‘Dilin Yolu’

Tüm dünyada gündemin öncelikli sıralarına yerleşen eğitimde dijitalleşme çabaları sadece Çerkes cumhuriyetlerindeki eğitim kurumlarında değil Çerkes diasporasında da yürütülüyor. Çetav Merwan, Mışe Hun Su’ad, Ğuç’el’...

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img