Цæгат Ирыстоны ахуыра ды æмæ наукæйы министрад фыццаг хатт бакуыста ахуырадон предметтæ «Мадæлон (ирон) æвзаг», «Мадæлон (ирон) литературæ», «Паддзахадон (ирон) æвзаг»-ы программæтыл. «Программæтæ ацыдысты федералон экспертизæ æмæ cæ Уæрæсейы Федерацийы рухстауынады министрады уынаффæмæ гæсгæ бахастой райдиан иумæйаг, сæйраг иумæйаг æмæ астæуыккаг иумæйаг ахуырады федералон ахуырадон программæтæм.
Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæн чингуытæ ахуыргæнæн чингуыты федералон номхыгъдмæ бахæссыны хъуыддаджы конд æрцыд фыццаг æмæ æппæтæй зындæр къахдзæф», – бафиппайдтой ведомствойы.
Министрады ма куыд загътой, афтæмæй ирон æвзаг æмæ культурæ бахъахъхъæнын æмæ сæ рæзтыл архайын ахсджиаг хъуыддаг кæй у, уый. Уый тыххæй нæ бауагътой ирон æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæнынæн цы сахаттæ радтынц, уыдон фæкъаддæр кæнын.
Афтæ, Цæгат Ирыстоны скъолаты 2023-2024 ахуыры аз ирон æвзаг æмæ литературæ ахуыр кæнынæн радих кодтой къуыри 3 сахаты.
Алина Баззаева
https://region15.ru/v-severnoj-osetii-razrabotali-programmu-izucheniya-rodnogo-yazyka/