Беслæны теракты фæдыл слестгæнæн мадзæлтты æмгъуыд аргъæвтой ацы азы декабры кæронмæ. Уый тыххæй æрвылазон пресс-конференцийы фехъусын кодта «Беслæны мадæлты» комитеты сæрдар Дудиаты Сусаннæ.
Дудиаты Сусаннæ куыд радзырдта, афтæмæй теракты чи бахауд, уыдонæй бирæтыл а фæстаг рæстæг тых кæнынц психоматикон низтæ. Арæхдæр сæм фæзыны депресси, æнæфсон тарст, сæрзилæн æмæ трагедийы æндæр фæстиуджытæ.