Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Зæды Зæрдæ Нæ Мæлы…

Гæздæнты Булат… Адæймаг, номдзыд музыкант, рухстауæг, адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг… Цал æмæ цал ирон адæймаджы зæрдæ балхæдта йæ зæрдæйы æрфытæй гуырæг фæндыры цагъды аив зæлтæй. Куы сæ фехъусæм, уæд цыма нæ размæ фыдæлты цæсгæмттæ на цæстыты раз февзæрынц – алантæ, скифтæ æмæ сæрмæтты хæстон стæрты рæстæг. Сæ хъæбатыр тох, сæ кафт æмæ зард. Сæ зæрдиаг ныхас-куывд Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм.


Ольгинскæйаг уæздан хистæр, зындгонд дирижер, композитор райгуырд 1936- æм азы, ирон æгъдау æмæ фæллоймæ уарзондзинад Хуыцауы æмсæр кад æмæ рады бынаты æвæрд кæм уыдысты, ахæм уæздан бинонты ’хсæн. Йæ курдиат æмæ тырнындзинад фæндыры цагъдмæ Булат рахаста йæ фыдымад Фардзинонæй. Фондз азы дæр ыл нæма цыд, афтæмæйиу йæ хойы фæндыр райста, æмæ дзы-иу цагъдæнгæс зæлтæ райгуырын кæныныл зæрдиагæй архайдта.

– Булик (бинонты ’хсæн æй афтæ хонæм) хæрзчысыл куы уыд, уæд нæ хойæн нæ фыд Гаппо фæндыр балхæдта. Чызг æм æмгæрон дæр нæ бацыд, фæлæ-иу æй Булик æвæрд ранæй рахаста йæ хъæбысы æмæ дзы ацæгъдын фæлвæрдта, – дзырдта мын Булаты хо Демæхан. – Нæ кæрты иуахæмы калд уыд хæдзарæмбæрзæн черепицæтæ. Булик-иу арæх бауад кæримæ. Сæ разы-иу æрбадт æмæ-иу дзы иу райста, æмæ цыма фæндыр у, афтæ дзы хъазæгау кодта, йæ дзыхæй-иу цавæрдæр мелоди цагъта – зарыд.

УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы адæмон артист Гæздæнты Булат каст фæци Ольгинскæйы астæуккаг скъола. Ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы Музыкалон училищемæ (ныр Гергиты Валерийы номыл Аивæдты колледж). Ивгъуыд æнусы фæндзайæм азты кæрон та йæ бафæндыд уæлдæр профессионалон ахуырад райсын. Ацыд Мæскуыйы Гнесинты номыл музыкалон-педагогон институтмæ (ныр Академи). Фыццаг курсы студент куы уыд, уæд та йæ бафæндыд ирон урс къæбæлджын (диатоникон) фæндыры музыкалон гæнæнтæ фæфылдæр кæнын. Райхæлдта йæ, йæ арæзты сусæгдзинæдтæ йын базыдта æмæ сæм бафтыдта (хромтæ, сау къæбæлтæ, полутонтæ) фортепианойы арæзт æмæ конды схемæтыл æнцайгæйæ. Йæхи арæзт схемæты бындурыл саразын кодта хроматикон саукъæбæлджын ирон фыццаг фæндыртæ. Уый фæрцы фæндыр сси академион музыкалон инструментты æмсæр уадынгарз. Пайда дзы кæнынц, Ирыстоны Цæгат æмæ Хуссар хайы хæдахуыр æмæ профессионалон музыканттæй уæлдай, Цæгат Кавказы цæрæг аивады дæснытæ. Булаты æнкъараг уд æмæ арф зонд кæрдаг æмæ дардмæуынаг уыд. Ис музыкалон профессионалон инструмент, уæд ыл хъуамæ уа профессионалон ахуыргонддзинад райсынæн æрмæг. Зындгонд музыкант Мæскуыйæ куы ссыд, уæд та Дзæуджыхъæуы Музыкалон училищейы байгом кодта ирон фæндырдзагъды профессионалон ахуырады кълас. Ныффыста æмæ мыхуыры рауагъта «Фæндыры ахуырады уæлдæр дæсныйады скъола»-йы дыууæ ахуыргæнæн чиныджы. Уыцы чингуытæ сты абон, канд нæ республикæйы, Хуссар Ирыстоны музыкантты æмæ уæлдæр, астæуккаг аивадон скъолаты ахуырдзауты, ахуыргæнджыты ’хсæн нæ, фæлæ ма Цæгат Кавказы æмæ нæ бæстæйы зындгонд аивады дæсныты ’хсæн.

Цæгат Ирыстоны адæмон инструментты паддзахадон оркестрæн Булат радта йæ цард æмæ сфæлдыстадон архайды фылдæр хай. Национ культурæйы рæзтæн куыд композитор, фæндырдзæгъдæг, фольклорист, дирижер, рухстауæг, афтæ снывонд кодта 68 азы. Абон адæмон инструментты паддзахадон оркестр хæссы Гæздæнты Булаты ном. Ам кад æмæ радæй Булат кусын райдыдта 1956-æм азæй, уыд йæ музыкант, 1966-æм азæй æмæ йæ царды бонты фæстаг сулæфтмæ уыд йæ дирижер æмæ аивадон разамонæг.

Номдзыд композитор йæ бирæвæрсыг сфæлдыстадон æрмдзæфæй сахадыдта Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны кафт æмæ зарды профессионалон коллективты рæзтыл.

Ныффыста æртæсæдæйæ фылдæр музыкалон уацмысы: зарджытæ, инструменталон мелодитæ, фæндырдзагъды уацмыстæ. Йе сфæлдыстадон бынтæ сты Ирыстон æмæ нæ бæстæйы музыкалон культурæйы рæзты зынгæ æмæ ахадгæ хæзнатæ.

Рæстаг, зæрдæджын, стыр сфæлдыстадон гæнæнты хицау уыд Гæздæнты номдзыд Булат. Удуæлдайæ лæггад кодта ирон музыкалон аивадæн. Арæх-иу дзы фехъусæн уыд ахæм ныхæстæ: «Хуыцау дын курдиат куы ратта, уæд дзы хъуамæ схъæлхуыз ма уай, дæ синтæ дзы тæссармæ ма хæссай, фæлæ хъуамæ кусай дæхиуыл æмæ дзы адæмæн кæнай удуæлдай лæггад».

– Турчы цæрæг ирæттæм уазæгуаты куы уыдтæн, уæд дзы бирæ карджын адæмимæ фембæлдтæн, бирæ рагонфæндырдзагъды мелодитæ ныффыстон. Цалынмæ уым уыдтæн, уæдмæ мæ мадмæ хабар байхъуыст, Булик Туркæй йæ фæндыры сызгъæринтæ сласы Ирыстонмæ. Ирыстонмæ куы ссыдтæн, уæд мæ мад æвиппайды афарста, Булик, адæм цыдæр сызгъæринты кой кæнынц, мыййаг, искæйы хæдзар фæкъахтай Турчы? Æз фæкуыддæр дæн. Мæ ныййарæджы фæрсын: «Гуссæлион (мæ мад Заретмæ йæ мыггагæй дзырдтон), давæджы хуызæн дæм кæсын? Фыдхъус – хæдзархал, цы сызгъæрин сластон Турчы цæрæг ирæттæй, уый дурсызгъæринæй зынаргъдæр æмæ цæрæддзаг дæр у, – дзырдта мын нæ иу фембæлды Булат.

Зындгонд рухстауæг æмæ аивады дæсныйы тыххæй РЦИ-Аланийы сгуыхт артисткæ, Адæмон кафты паддзахадон ансамбль «Алан»-ы раздæры концертмейстер Бицъиты Земфирæ афтæ дзырдта: «Гæздæнты Булат мæ хъæуккаг кæй у, уый мыл аивады уæлдай стыр хæс æвæрдта. Ансамбль «Алан»-ы музыкалон программæйыл арæхдæр йемæ куыстон. Уый нын фыста музыкæ нæ кæфтытæн. Домаг у, фæлæ йемæ æнцон кусæн уыд. Гастрольты-иу немæ арæх цыд Уæрæсе æмæ фæсарæйнаг горæттæм. Куыд æмбæлццон, куыд хæлар æмæ хистæр, афтæ йæ удыхъæдæн æмбал нæй. Африкæйы куы уыди немæ, уæд дзы цалдæр концерты радта нæ ансамбль. Цалынмæ мах æцæгæлон бæстæйы аивадуарзджытæн концерт лæвæрдтам, уæдмæ Булатæн уыд уæгъд рæстæг. Дзæгъæлы нæ бадт. Иронау сахуыр кодта бынæттон хæринаггæнæджы сывæллæттимæ Дзитойты Юри æмæ Плиты Харитоны фыст «Иналы зарæг». Нæ гастрольты фæстаг бон хъуамæ Булат хицæн концерт раттаид. Куы ’рцыд уыцы бон æмæ саудзæсгом сывæллæттæ фæндырмæ ирон зарæг куы ныккодтой, уæд уыдонмæ æмæ Булаты худгæ цæсгоммæ бакæсын диссаг уыд».

РЦИ-Аланийы Фæллойы фыццаг хъæбатыр, Хуссар Ирыстоны адæмон æмæ Цæцæны Республикæйы сгуыхт артист, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми æмæ Национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат Гæздæнты Булат йæ фæстæ ныууагъта йæхи хуызæн курдиатджын музыкантты æнæхъæн фæлтæртæ: Хосроты Лолитæ, Золойты Беллæ, Тамара Цурова, Багаты Розæ, Датиты Эльзæ, Хуытыгаты Маринæ, Дзеранты Олег, Дзуццаты Сослан, Гуацъæты Хъазыбег, Габанты Марат, Дулаты Туган… Ирон фæндыры цагъды пехуымпары аккаг фæдонтæ абон кусынц æмæ национ музыкæйы хæзнатæ тауынц нæ бæстæйы алы горæтты, хæстæг æмæ дард фæсарæнты. Сты музыкалон æгъдауæй хæрзарæхстджын, стыр мидкультурæ æмæ удварны хицæуттæ, нæ Ирыстон æмæ нæ бæстæйы иузæрдион хъæбултæ.

Цыппор боны рацыд, нæ номдзыд композитор æмæ национ культурæйы зиууон Гæздæнты Булат не ’хсæн куы нæ уал ис, уæдæй, фæлæ йæ ном Ирыстоны æмæ дунейы мидæг алы ирон адæймагæй дæр рох никуы уыдзæн. Йæ рæсугъд уд æмæ зæрдæйы рухсхæссæг хъæлæс нæм хъуысдзæн йæ арæзт зарджытæй, йæ фæндыры зæлтæй, йæ аив фæлгонц æвæрд у, чи йæ зыдта, ахуыр кæй кодта, кæуыл узæлыд, уыцы хиуæтты, ахуыргæнинæгты, аивады кусджыты æмæ нæ дзыллæйы зæрдæты…

 

Гасанты Валери

(Газета «Слово»)

Yazarın Diğer Yazıları

Vefat

Jineps gazetesi eski yazarlarından, Silivri Kuzey Kafkas Kültür Derneği kurucu üyelerinden hukukçu ve yazar Hulusi Üstün vefat etmiştir. Ailesi, yakınları ve sevenlerine sabır dileriz. Tha...

Ацәыргақәҵа

Ацәыргақәҵа «IS» – иаҳхысыз аамҭа амаӡақәа ҳзаазыртуаз, аха иқәццышәаа ицаз асахьаркыратә ҟазара арҿиамҭақәа ирызкуп. Амцабз иахәхаз ахьыршәыгәқәа ирцәынхаз ахәеи арацәеи заҵәык роуп. Иблит ажәлар...

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img