Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Саламдæттын, Къухисын

Иу кæнæ иннæ æгъдауы тыххæй биноныг куы фæфыссын, уæд сæ, мæнæй хуыздæр чи зоны, уыдонмæ хъыг ма кæсæд. Æз сæ уыдонæн нæ фыссын, нæ амонын. Кæстæртæм у мæ каст, уыдон сты мæ мæт. Æз æй мæхицæй хорз зонын: иу кæнæ иннæ ирон æгъдау афтæ цæмæн кæнæм, цы нысан ын ис, йæ хъуыды цы у, уыдон базонын мæ куыд тынг фæндыд æмæ мын хистæрты бафæрсын куыд не ‘нтыст. Æфсæрмы сæ кодтон: къæйныхы фарст мын куы рауайа. Стæй нымд кодтон сæ ас, сæ куырыхондзинадæй.

Æз хорз хъуыды кæнын, фыццаг хатт зæронд лæгæн «Дæ бон — хорз» куыд загътон, уый. Йæ рæзты мæ цæуын хъуыд æмæ æнæ саламратгæйæ куыд ацыдаин, салам ын радтон, уымæй та æфсæрмы кодтон. «Дæ бон хорз» ын куы загътон, уæд фырæфсæрмæй асырх дæн. Æмæ згъорæгау акодтон. Зæронд лæг мын мæ фæстæ ахæм арфæтæ ракодта æмæ мæм афтæ кæсы, цыма мæ абон дæр фыдбылызæй уыдон хъахъхъæнынц.

Мах рæстæджы нæлгоймаг (скъоладзау-лæппу дæр) уынгмæ æнæ худ нæ рацыдаид, кæрты кæнæ йæ цæхæрадоны майкæйы нæ федтаис. Сылгоймаджы цур нæлгоймаг бадгæ нæ кодта, уырдыг лæууыдысты кæрæдзийæн кæнæ та — бадгæ иумæ. Сылгоймаджы цур æнæуаг ныхас, топпы цæфау, уыд. Ныр дуг ивы æмæ мæ фæфæнды, ивгъуыд рæстæджыты ирон царды хорзæй цы уыд, уыдон рæгъмæ рахæссын, ног фæлтæрты зæрдæмæ дзы цы фæцæуа, уыдон сын кæд царды сбæззиккой. Стæй уадз æмæ зоной сæ фыдæлты цардыуаджы æууæлтæ. Уыдоны куы нæ бахъæуой, уæд кæд иннæ фæлтæрты сæхимæ аздахиккой. Нæ хуыздæр ахуыргæнæг истори у, æмæ сын кæд фæахъаз уаиккой.

Афæстаг рæстæг ирон адæм кæрæдзийæн салам дæттын дæр нал зонынц. Æрыдоны районы библиотекæйы нæ фембæлды нын иу рæстæмбис кары сылгоймаг хъаст кодта: «Скъолайы уай, уынджы, нæ фæсивæд дардæй уа хæстæгмæ кæрæдзимæ сдзурынц, салам, зæгъгæ, стæй ма дзы чидæртæ хъæбыстæ кæнынмæ дæр фæвæййынц. Цы фесты нæ ирон саламдæттыны рæсугъд ныхæстæ, стæй нæлгоймæгтæ та хъæбыстæ кæд кодтой?!»

Æмæ æцæгдæр, цæуылнæуал пайда кæнæм саламдæтгæйæ нæ ирон рæсугъд ныхæстæй: Дæ сæумæ хорз. Дæ райсом хорз. Дæ бон хорз. Дæ изæр хорз. Де ‘хсæв хорз. Кæнæ: Байрай. Фарн уæ бадты. Фарн уæ ныхасы. Арфæйаг ут. Арфæгонд у. Æгас цу. Афæндараст у. Уастырджи — уе ‘мбал. Зæрдæрай у. Зæрдæрухс у. Дæ хъуыддаг — дæхи фæндиаг. Æнтысæд дын. Дæ райсомæй дæ изæр — арфæйагдæр. Хæрзрайсом у. Хæрзизæр у. Хæрзæхсæв у. Хæрзæбон — дæ хай. Дæ цæрæнбон — бирæ. Дæ амонд — бирæ. Дæ ныййарджыты фæндиаг байрæз. Дæ зонд, дæ хъаруйæ дæ амонд фылдæр уæд. Æппæт сæ чи фæнымайдзæн. Иутæ дзы сты хистæрты арфæтæ кæстæртæн, иннæтæ — сылгоймæгты æмæ кæстæрты арфæтæ.

Фембæлгæйæ, æрмæст салам кæнæ чаойы бæсты «Дæ бон — хорз» кæнæ «Хорзæй баззай» зæгъын хуыздæр нæу? Ацы ныхæстæ зæрдæйыл хуыздæр не ‘мбæлынц? Кæнæ нæ нæлгоймæгтæ та сылгоймæгтау хъæбыстæ кæнын кæд райдыдтой! Куысты уæлхъус чи уа, уымæн «Байрай» зæгъ æмæ йын фенцондæр уа. Ныхасы чи уа, уымæн «Фарн уæ ныхасы» æмæ афтæ дарддæр.

Фембæлгæйæ, къухтæ исын æнæмæнг хъуыддаг нæу. Арфæ ракæн, фæлæ ма дæ кæд къухтæ исын дæр бафæнда, уæд хæдзары уа, уаты, фыццаг исгæ у фысымы къух, уый фæстæ иннæты къухтæ рахизæрдыгæй галиуæрдæм. Æдде бирæ нæлгоймæгты фарсмæ куы алæууай, уæд та фыццагдæр райсын хъæуы хистæры къух, уый фæстæ та иннæты къухтæ рахизæрдыгæй — галиуæрдæм. Рахизæрдыгæй — галиуæрдæм цæмæн? Уымæн æмæ хистæртæ хъуамæ уой рахизæрдыгæй, кæстæртæ та — галиуæрдыгæй.

Иннæ хабар та уый у: нæ кæстæрты нæхимæ скъæйных кодтам. Æнæхъуаджы тæригъæд сын кæнæм, æгъдауыл сæ фаг нал хъомыл кæнæм. Алцыдæр хистæрæй цæуы: хорз æмæ æвзæр дæр. Фынджы фарсмæ дзы хистæры раз чи æрбалæууы, уымæн тынг тæригъæд кæнын райдайынц иуæй-иу хистæртæ. Уайтагъд сæ сагъæс свæййынц. Фынджы æгъдау дæр ма айрох кæнынц, ацу, зæгъгæ, сæ арвитынц, нæхæдæг уадздзыстæм.

Уый хыгъд сæ тынг фæцалх кодтой зæронд лæгты къухтæ исыныл. Фондзаздзыд саби-лæппу дæр дæм къухисынмæ йæ къух æрбадаргъ кæндзæн. Мах та-иу хистæртæн æввахсмæ салам дæттын дæр æфсæрмы кодтам. Искæмæн дзы æгъдау амонын куы райдайай, уæд дæ иннæ хистæртæй исчитæ сæ ныхасы бын фæкæндзысты, сæ сæрыл рагæппытæ кæнынц æмæ ма дæ кæстæры раз къæмдзæстыг дæр фæкæндзысты.

Не ‘гъдау фæлурс кæны. Къухтæ дæр исгæ сты лæугæйæ. Æрбацæуæгæн сыстын хъæуы, йæ къух ын куы нæ исай, уæддæр. Уæлдайдæр та — сылгоймагæн. Мæргъты бадтмæ дæр ма, дам, æндæр куы æрбатæхы, уæд сæ базыртæ хæрдмæ куы сисынц.

Дыууæ адæймаджы ныхас кæнынц, уæд сæ дыууæ дæр хъуамæ бадгæ кæной кæнæ — лæугæ. Уый у ирон æгъдау æмæ æндæр хуызы нæ фидауы.

 

Цгъойты Хазби,

Газет «Хурзæрин»

Yazarın Diğer Yazıları

Aidiyet yolculuğu ve ikilemler

Papirüs Yayınevi’nin “2 ağaç arasında...” kitabının yazarı Can Karakaş için düzenlediği tanıtım etkinliği 19 Ekim’de Şamil Eğitim ve Kültür Vakfı’nda gerçekleştirildi. Atalarının kökenini ileri yaşlarında...

Judoda gümüş madalya

19-20 Ekim’de Kosova’da yapılan U23 Balkan Judo Şampiyonası’nda İstanbul Büyükşehir Belediyesi (İBB) adına mücadele eden Çkippa Gökçe Güneş, gümüş madalyanın sahibi oldu. Sakarya Mesudiye Köyü’nden...

Sevda Alankuş’a Medya Araştırmaları Ödülü

Basın Özgürlüğü ve Medya Araştırmaları Derneği’nin (BAMAD) 10-13 Ekim tarihleri arasında düzenlediği 2. İzmir Basın Kampı’nın son gününde Basın Özgürlüğü ve Medya Araştırmaları ödülleri...

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img