Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

«Иры Стыр ныхас»

Ирон академион театры арæзт æрцыд æппæдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр ныхас»-ы 11-æм æмбырд. Архайдтой дзы 545 адæймаджы. Уыдонæй 425 уыдысты делегаттæ, 120 та – уазджытæ – ирон национ-культурон æхсæнæдты минæвæрттæ Уæрæсейæ, хæстæг æмæ дард фæсарæнтæй – Голладийæ, Бельгийæ æмæ Сирийæ. Туркæй ссыдысты 10 адæймаджы, ирон æхсæнад «Алан»-ы разамонæг Хъуысаты Садреттин сæ сæргъы, афтæмæй.

Ирон академион театры залы къух бакæнæн нæ уыд адæмæй. Уым райдыдта йæ куыст 11-æм æппæтадæмон æхсæнадон змæлды æмбырд. «Уæрæсейы сконды бахъахъхъæнæм нæ истори, мадæлон æвзаг æмæ ирондзинад» – ахæм уыд æмбырды сæйраг хъуыды. Делегаттæ æмæ уазджытæн арфæйы ныхæстæ ракодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло «Ирыстоны намысы» майданæй схорзæхджын кодта 20 азы дæргъы сабитимæ чи кусы, уæлæмхасæн ахуырады педагог, сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары фольклорон-этногрфион сфæлдыстадон иугонд «Талатæ»-йы разамонæг Танделаты Розæйы.

Æмбырды архайджытæ байхъуыстой змæлды советы дзуаппдæтæн докладмæ. Демографийы, экологийы, нæ адæмы культурон хæзнатæ хъахъхъæныны, дзыллон информацион фæрæзтимæ кусыны фæрстытæ – æмбырды архайджытæ бæлвырдæй фехъусын кодтой æхсæнадон змæлды куысты тыххæй.

Дзуапдæттæн доклады сæрмагонд бынат ахстой сывæллæтты хъомылады , мадæлон æвзаг ахуыр кæныны фæрстытæ. Алайнаг гимназ у хорз дæнцæг ирон æвзаг ахуыр кæныны æмæ йæм скъоладзауты зæрдæты цымыдисдзинад æвзæрын кæныны хъуыддаджы. Хаст æрцыд курдиат – республикæйы алы районы дæр ахæм ахуыргæнæндон байгом кæнын. Мадæлон æвзагыл мультипликацион нывтæ æмæ алыхуызæн равдыстытæ телеуынынадæй сты ирон æвзаг бахъæхъхъæныны мадзæлттæ.

Культурæ æмæ аивады уавæр, чырыстон æмæ пысылмон динты *хсæн хæлардзинад тауын, Цæгат æмæ Хуссары *хсæн бастдзинæдтæ фидар кæнын – иу фарст дæр æнæ цæстдардæй нæ баззад.

Сæрмагонд бынат доклады бацахста бинонты ахадындзинады фарст сывæллæтты хъомылады æмæ мадæлон æвзаджы рæзты. Фæстаг азты æхсæнадон змæлдæн бантыст бакусын бирæ хъуыддæгтыл. Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты æмæ хъæуты цæрджытимæ арæзт цыдысты фембæлдтытæ. Афтæмæй æххуыс цыд адæмы риссагдæр фарстатæ лыг кæныныл. Змæлды уæнгтæ сæрмагонд мадзæлттæ арæзтой наркомани æмæ карз нозты ныхмæ, æмæ нæ республикæйы цы бирæ адææмы хæттыты минæвæрттæ цæрынц, уыдоны *хсæн хæлардзинад фидар кæнынæн.

Æмбырд æрмæст хатдзæгтæ кæныны мадзал нæу. У хорз фадат бæстæйы алы регионты æмæ фæсарæнты цæрæг ирон адæмæн радон хатт фембæлынæн, кæрæдзиимæ аныхас кæнынæн, диаспорæты куысты ногдзинæдтыл æрдзурынæн.

Æмбырды дзырдтой фидæнмæ нысантыл, бахастой уынаффæтæ иннæ 5 азмæ. Æмбырды ног советмæ æвзæрст æрцыдысты 86 уæнджы. Уыдон се *хсæнæй равзæрстой ног разамонæджы. Уый бæрнон хæстæ æххæст кæныны бабар кодтой Фриаты Хъазыбæгæн. Стыр Ныхасæн ивд æрцыд йæ ном дæр. Ныр хуыйны Аланты Ныхас. (alaniatv.ru)

Чехойты Фатимæ

 

Yazarın Diğer Yazıları

Ders kitabı

Elizaveta Gogunokova ve Tamara Tanaşeva’nın hazırladığı “Türkçe Konuşanlar İçin Çerkes Dili (Kabardey Lehçesi) Uygulamalı Ders Kitabı”, Metropol Yayınları tarafından yayımlandı.

Ağır sıklette birinci Ahmed Hazbulatov

Rusya’nın Tver şehrinde 13-15 Aralık 2024 tarihlerinde, judo olimpiyat şampiyonu Sergey Petroviç Novikov’un anısına dövüş sanatları yarışması düzenlendi. Rusya’nın 24 bölgesinden 600’ün üzerinde sporcunun katıldığı...

Çeçen ve Oset güreşçiler madalya aldı

Khanty-Mansi Özerk Okrugu’nun Poykovski kentinde düzenlenen 19. V.N. Semenov Kupası Uluslararası Serbest Güreş Turnuvası’nda Çeçen sporcu Halid Yakhiev (79 kg) ve Oset güreşçi Cambulat...

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img