Ирон Æгъдæуттæ – 30
НОГБОН
Цыппурсæй къуыри фæcтæдæр, 13 январы куы ‘рталынг вæййы, уæд ирæттæ фæнысан кæнынц Ногбон. 13 январы æхсæв вæййы уæлдай уæлфæдзæхстондæр. Уæдмæ æфсинтæ дзуллаг ссады хыссæйæ скæнынц адæймаджы, цæрæгойты æмæ хæдзарон дзаумæтты сурæттæ. Æппæты стырдæр фæхуыйны деда, иннæтæ — лæппынтæ, сæ иуæй-иуты та фæхонынц зæхгуысты алы кусæнгæрзты нæмттæй. Уыдон раттынц, хуым чи фæкæны, уыдонæн. Скæнынц ма цæхджын гуылтæ — басылтæ æмæ стыр гуыдын — æртхурон. Æртхурон бахæрынц æрмæстдæр хи хæдзары бинонтæ. Дедатæ æмæ басылтæ кæныны фæтк у рагчырыстон бæрæгбоны фæстиуæг, кæцы нысан цыди Ногбонты. Æртхурон та канд кувинаг чъири нæ нысан кæны, фæлæ ма хæссы, бæрæгбонæн арæзт чи æрцыди, уыцы зынг æмæ рухсы ном. Уыцы хуызы тынг цымыдисаг у басылты æмæ дедаты дыгурон ном — родзингæ.
Æртхурон нысан кæны «хуры зынг». Родзингæ (рудзынг) хæдзармæ рухс уадзæн. Ахæм мидис дзы кæй æвæрæм, уый æнæгуырысхойæ ууыл дзурæг у, æмæ рагзаманты фидарæй æмбæрстой уыцы циклы бæрæгбонты ахсджиагдæр — зымæджы хурхæтæн æмæ сæйраг кувинаг æртхурон комкоммæ баст кæй сты.
Цымыдисаг у, фыцинаг гуыдыны цы æвæрдтой, уый. Парахатæй-иу ын æрцæттæ кодтой цыхт, сой, æйчытæ, дзæрнафых нæмгуытæ. Æгæр сойджын кæй уыд, уый тыххæй уыд зын хæрæн. Бинонтæй-иу дзы алкæмæ дæр æрхаудта стыр карст æмæ-иу æй æнæмæнг хъуамæ бахордтаид. Æртхуронмæ магион тых уыд, æмæ-иу æй чи бахордта, ууыл йæ ног аз хорзæй кæй ацæудзæн, уый сæ уырныдта. Уый тыххæй-иу чъирийы цыхтимæ бавæрдтой фидæн амонды фæсномыг нысантæ — æвзист æхца, къуымбилы бындзыг, хъуымацы гæбаз æмæ æндæртæ. Æмæ æууæндыдысты, гуыдыны хаимæ кæмæ цы лæвар æрхауа, ног аз уымæй кæй уыдзæн хайджын.
БАДÆНТÆ
Хуыцаубоны, бæлвырддæр зæгъгæйæ та, Ногбоны фæстæ къуырисæр æхсæв фæкæнынц мæрдты бæрæгбон Мæрдты бадæн, хонынц ма йæ Бадæнтæ. Мæрдты бадæн аразынц, ивгъуыд аз зиан кæй хæдзары æрцыд, æрмæстдæр уыдон. Изæрмæ фынг æрцæттæ кæнынц, хонæг арвитыц хиуæттæм.
Уый фæстæ изæрдалынгтæм иууылдæр сæ хæдзæрттæм бацæуынц. Мардмæ æввахсдæр адæймаг дыууæ лæдзæгимæ хæдзары къуымы слæууы, æмæ уынгæг зæрдæйæ бахъарæг кæны. Йæ лæдзджытæ йын байсынц æмæ сæ дзуарæвæрд баст бакæнынц. Уый фæстæ æрбахæссынц марды дарæс æмæ сæ баст лæдзджытыл скæнынц, афтæмæй дзы рауайы сæ марды æнгæс быдыргъ, марды уд дзы бацæуы, æмæ, рагацау кæй æрцæттæ кæнынц, уыцы бандоныл æй æрфидар кæнынц. Бандоны алыварс равæрынц мардæн йæ зынаргъдæр дзаумæттæ. Къулыл-иу ауыгъд уыд, цы хæцæнгæрзтæ дардта, цавæр æрмдæсныйы кусæнгæрзтæй куыста, цавæр фæндырæй цагъта, уыдæттæ.
Фынгыл фæсудзынц мыдадзын цырæгъ-тæ. Йæ гуыбыны кой бакæнын дæр сæ нæ ферох вæййы — бандоны цур сæвæрынц дзæрнаты къус æмæ авджыдзаг арахъ. Быдыргъ кæуыл сæвæрынц, уыцы бандоны фæйнæ фарс слæууынц, нæлгоймæгтæ — иуæрдыгæй, сылгоймæгтæ — иннæрдыгæй æмæ кæуын байдайынц. Æхсæв-бонмæ не ‘рсабыр вæййынц. Бонивæнты хистæр лæг, фынгыл кæй ‘рывæрдтой, уыдон ныххæлар кæны мардæн æмæ арфæ ракæны æхсæв-бадæнты мардæн лæггадгæнджытæн. Уый фæстæ фынгыл æрбадынц. Бадæнты зианы фынгмæ хонгæ нæ кæнынц.
Ирон динон уырнынадмæ гæсгæ, чи амæлы, уый уд афæдзы дæргъы йæ кæндты æрыздæхы йæ хæдзармæ, йæ бинонтæм йæ хъус дары, сæхи куыд дарынц, уымæ гæсгæ сыл хæрзмæ ауды. Уымæ гæсгæ йын мæрдджынтæ йе ‘гъдæуттæ куыд хуыздæр саразыныл архайынц, сæхи уæздан дарынц — хæдзарæй хъæр-хъæлæба хъуамæ ма рай-хъуыса. Мæрдджын йæ дзыхмæ ног дыргъ, ног халсар не схæсдзæн, цалынмæ дзы йæ мардæн рухс зæгъа, уæдмæ. Уымæ гæсгæ йын афæдзы алы афон дæр цæттæ кæны фынджы дзаг. Ногбон куы ралæууы, уæд уый хæдфæстæ Бадæнтæ дæр уыцы æгъдауы фæлгæтты вæййыц. Уæдæ мах Ногбоныл куыд фæцин кодтам, алыгъуызон хæрд æмæ нозтæй нæхимæ куы фæкастыстæм, уæд дзы фарон ацафон дæр ма нæ фарсмæ чи уыд, уый хъуагæй куыд ныууадзæм. Ног мард дам, афæдзы дæргъы йæ алы кæндмæ дæр Мæрдты бæсты хицау Барастырæй йæхи ракуры уæлзæхмæ, æмæ йæ уд æрбацæуы сæ хæдзармæ. Йæ райстбавæрд уæлæда-рæсæй йын цы быдыргъ скæ-нынц, уым бацæуы, æмæ йæ фынджыдзаджы хæринæгтæй йæхи хорз фены. Хæргæ та сæ æхсæвбадæнты чи фæбады, уыдон бакæнынц.
Ацы бæрæгбон адæмæй абон дæр нæ ферох, æрмæст гыццыл фендæргъуызон ис.
Хъæууонхæдзарадон куыстыты размæ æмæ сæ рæстæджы арæзт чи цæуы, уыцы бæрæгбонты архайд хъуамæ ахъаз уа, сом-боны куыстытæ рæстмæ цæмæй ацæуой, уымæн. Зымæджы бæрæгбонтæ иуцасдæр сты мардæн кадгæнæг, йæ сурæт ын сног кæнынц, сæ зæрдæ сын балхæнæм, зæгъгæ сын кæндтæ скæнынц. Баузæлынц сыл, цæмæй сыл мæрдты æгъдауæй аудой.
Раздæр-иу марды быдыргъмæ хатгæ дæр кодтой. Ома, мæнæ уыцы хæринæгтæй, дыргътæй, халсæрттæй дæр ахæр, ацы нозтæй дæр ануаз. Сæрмагондæй ма-иу ын дзыкка дæр скодтой. Стæй-иу æй фæсæмбис марды хуыссæны дæр схуыссын кодтой. Æппæт ацы митæ уыдысты се ‘хсæн куы уаиды митæ. Бинонты фæфæнды иу æхсæв ма уæддæр се ‘хсæн куы уаид, сæ иузæрдион æнкъарæнтæ йæм равдисын. Фæлæ ирон адæммæ хуымæтæджы нæ баззад ахæм ныхас: «Бадæнты бандон сайаг у».
ФÆЦБАДÆН
Ногбонты фæстæ дыккаг сабаты, бæл-вырддæр зæгъгæйæ та, Бадæнты фæстæ хуыцауæхсæв ралæууы Фæцбадæн. Фондз боны дæргъы-иу адæм æддаг дунейæ аип-пæрд сты. Уыцы бонты сæ хъæумæ уазæг нæ цыди, сæхицæй дæр æддæмæ никæй уагътой. Фæцбадæн-иу хъæуы кæй æрыййæфта, уыцы уазæджы дæр-иу бахъуыди бæрæгбоны фæудмæ æн-хъæлмæ кæсын, ома, æнцой бонмæ, цыппæрæммæ. Уазæг-иу, хъæуы цæрæг адæмы домæнтæм гæсгæ хъуамæ бæрæг-боны архайдтаид.
Фыццаг цыппар боны алы бинонтæ дæр куывд кодтой сæхи хæдзары, фæлæ сæ дуæрттæ æрбацæуæгæн гом уыдысты. Кæ-рæдзийы хæдзæрттæм цыдысты. Фæн-дзæм бон арæзтой хъæугуывд.
НАФЫ БОН
Фæцбадæнты фæстæ-иу мæй куы сног, уæд фыццаг сабаты нысан кодтой Нафы бон æмæ-иу ахаста æнæхъæн къуыри. Куыд парахатæй йæ арæзтой, фынгтыл-иу цы минас æрæвæрдтой, уый æмбисондæн баззад. Афтæ фæзæгъынц ныр дæр: «Нафы куывды кæд нæ бадтæ», кæнæ «Нафы куывдæй кæд нæ цæуыс».
Бæрæгбон арæзтой æгас мыгггаг кæнæ хъæубæстæ, æвзæрстой-иу дзуарылæгтæ. Къусбары задæй-иу бахсыстой бæгæны, сфыхтой-иу «гуыдын». Уый цæмæйдæр уыдис Ногбоны гуыдыны хуызæн. Гуыдыны-иу акодтой, куывды архайæг хæдзæрттæ цал уыдысты, уал дихы.
Куывд, фыццаджыдæр, арæзтой хорæрзадыл аудæг дзуæртты номыл. Наф мыггаджы цардыуагимæ баст кæй уыди, ууыл дзурæг сты егъау гуыдынтæ. Гуыдынæн уыди мыггаджы иугæнæг æмæ кæрæдзийыл бæттæг нысан. Ацы бæрæгбон арæзт цыди мыггаджы дзуары кадæн. (xurzarin.ru)