Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Ирон Aдæмон Æгъдæуттæ – 32: Рагон Ирон Хъазтизæры Æгъдæуттæ

Ирон адæмы æхсæниу искæуыл исты хъæлдзæгдзинад куы ‘рцыд, кæнæиу хъæуæн исты æхсæны бæрæгбон куы уыд, уæдиу сарæзтой хъазт.

Фæсивæд, сылгоймагæй нæлгоймагæй, стæй ас адæм дæр æмбырд кодтой хъазтизæрмæ. Хъазтмæиу цы чызг цыд, уыйиу йæхи хорз сарæзта, цæмæй искæцы усгур лæппуйы зæрдæмæ фæцыдаид, стæй иннæ адæмы зæрдæмæ дæр, æмæ дзы хъуамæ раппæлыдаиккой, уыцы хъазты ахæм рæсугъд æмæ зæрдæмæдзæугæ чызг уыд, зæгъгæ. Чызгиу хъазты куы ‘рлæууыд, уæд алы æгъдауæй дæр хъуамæ йæхи равдыстаид аив. Уæлдай ныхас кæнын ыл не ‘мбæлд, не ‘мбæлд искæмæ фæхудын дæр; хъазты чызг искæмæ куы фæхуда, уæд æй хуыдтой рогзонд сылгоймаг. Ахæм та ирон адæмы æхсæн уыдис æгад. Иу бинонты ‘хсæн дыууææртæ хойы куы уыд, уæд хистæры йеддæмæ иннæтæ хъазтмæ нæ цыдысты. Уый дæр уыд худинагыл нымад; хистæрæн, дам, уал фæндаг раттын хъæуы, стæй чындзы куы ацæуа, уæд та хъазтмæ цæуын райдайдзæн йæ кæстæр. Уыдисиу афтæ, æмæиу кæд хистæр хо ницæмæн бæззыд, уæддæр кæстæртæ фæрæзтой æмæ йыниу кад кодтой, цæмæй ма фегад уыдаид, уый тыххæй. Кæстæр хотæиу мой дæр нæ кодтой сæ хистæры разæй: æвзæр хистæр хойы разæй хуыздæр кæстæр мой куы скæна, уæд, зæгъгæ, уый ничиуал ракурдзæн.

Хæдзары нæлгоймæгтæй дæр хъазтмæ ацæуыны бар раздæр лæвæрд цыд усгур лæппуйæн. Уый дæриу йæхимæ дзæбæх æркаст. Скодтаиу дарæсы дзæбæхтæ: цухъа, сæрак зæнгæйттæ, сæрак дзабыртæ, резинæ къалостæ, æмæхгæд æвзист хъама, æвзист бæрцытæ, хорз уæлдзарм худ, дамбаца, æвзистæй арæзт рон, дамбацайы бос, сахаты бос. Ахæм фæлыст нымад уыд кадыл æмæиу уæд лæппумæ æрыгон чызджытæ сæ цæст фылдæр дардтой.

Хъазт кæд искæй хъæлдзæгдзинады тыххæй уыд, уæдиу уыцы хæдзары лæппутæ æмæ сæ сыхæгты лæппутæ рагацау ацыдысты хонæг. Чызджы кæд фæндыд хъазтмæ ацæуын, уæддæр йæхицæн бирæ лæгъстæтæ домдта æмæ мысыд æфсæнттæ. Куы сразы уыдаид, уæддæр йæ дзуапп уыд, кæд мæ, зæгъгæ, мæ бинонтæ уадзынц, уæлдайдæр ме ‘фсымæр, уæд цæуын, кæннод нæ. Кæдиу бинонтæ сразы сты, уæлдайдæр æфсымæр, уæд чызг цыд хъазтмæ, йемæ хъуамæ йе ‘фсымæр, кæнæ та йе ‘рвадæлты лæппутæй исчи ацыдаид, науæд чызджы иунæгæй ауадзын нымад уыд худинагыл.

Хъазты райдианы иу ра-взæрстой, хъазты æгъдаумæ чи кæсдзæнис, ахæм лæппутæ (чегъыретæ). Кæд бирæ фæсивæд æрæмбырд, уæдиу чызджытæн дæр равзæрстой дыууæ чегъырейы.

Чызджытыиу æрлæу-уын кодтой иуæрдыгæй куыдхистæрæй. Кæстæрæн хистæрæй уæлдæр æрлæууын уыд худинаг, уымæ гæсгæ алчидæр лæууыд йæ бынаты. Фæндырдзæгъдæг чызг лæууыд æппæты уæлейæ, йæ разы йыниу æр-лæууын кодтой гыццылдæр чызг æмдзæгъдгæнджыты цур.

Афтæ лæууыдысты лæппутæ дæр чызджыты комкоммæ куыдхистæрæй. Лæппутæм чи фæкæсы, уыцы чегъыре фæзæгъы фæсивæдæн: «Æз уе’ппæтæй хатыр курæг дæн, абон мæнæн мæ бар бакодтой, хъазты æгъдау дзæбæх цæмæй ацæуа, уый. Гъе, æмæ сымах куы фæнда, уæд дзæбæх ацæудзæн. Куы нæ уæ фæнда, уæд та уыдзæнис, куыд не ‘мбæлы, афтæ. Уæ хорзæхæй, йæхи æгъдауæй мачи ракафæд, цалынмæ йæм рад æрхæццæ уа, уæдмæ».

Чызджыты æгъдаумæ цы дыууæ лæппуйы кастысты, уыдон хъуамæ фæндыр бахастаиккой, фæндырæй цæгъдын чи фæзоны, уыцы чызгмæ, фæлæиу уый, хъазт чи сарæзта, уыцы чызджытæй куы нæ уыд, уæдиу нæ куымдта фæндырæй цæгъдын. Фæндыриу райста æрмæстдæриу ын йе ‘фсымæр кæ-нæ йе ‘рвад куы загъта, уæд. Йæ цуры хъуамæ æрлæууыдаиккой йе ‘фсымæртæ æмæ йæ хæстæджытæй исчи, цæмæй иунæг ма уа, стæй æмдзæгъд хуыздæр хъуыса. Уыцы фæндырдзæгъдæджы куы аивтаиккой æмæ фæндыр æндæр чызгмæ куы раттаиккой, уæд та уымæн дæр йе ‘фсымæртæ хъуамæ æрлæууыдаиккой йæ цуры, фыццæгтæ та хъазты иннæ лæппутимæ æрлæууыдаиккой æмæ сæ хъазты кой кодтаиккой.

Фæндырдзæгъдæг хъуа-мæ ацагътаид тымбыл каф-ты æмæ хонгæ кафты цагъд, стæй уый фæстæ та симды цагъд. Чызг æмæ лæппуйы кафты рæстæджы уыдоны сбуц кæ-ныныны нысанæн, топпæй кæнæ дамбацайæ гæрæхтæ кодтой. Уыцы гæрæхтæ ирон адæмы æхсæн кадджын уыдысты. Фæлæиу, хъыгагæн, арæх уыд ахæм хабар дæр, æмæ хъазты мидæг уыцы гæрæхтæй æрцыд удзиæнттæ. Симд куы вæййы, уæд, цалынмæ хъазты æгъдаумæ чи кæсы, уый аива лæппуйы, уæдмæ лæппу хъуамæ кафа чызгимæ. Хъазты æгъдаумæ чи фæкæсы, уыдониу фæивтой симджыты, куыд æмбæлы, афтæ. Хъазты уазджытæ куы уа, уæд уыдонæн æмбæлд хуыздæр æгъдау радтын, уыцы нысанæн иу сæ уæлдай хатт ракафын кодтой.

Хистæртæй хъазтмæ чи каст, уыдонæй ма рæвдз кафджыты — гъе къах-къухтыл, гъе хъаматимæ чи рæхст, уыдоны дæр-иу ка-фын кодтой. Ахæмы хъуа-мæ бæхыл дæр ахъазын кæной, цæмæй йæм, кафын æмæ хъазын чи нæма зоны, уыдон дæр бакæсой æмæ базоной кафын дæр æмæ бæхыл хъазын дæр.

Хъазтиу уазал зымæгон бон куы уыдаид, æмæиу чызджытæ ихæнæй куы мардаиккой, уæддæр сын хъазтæй ацæуын уыд худинагыл нымад. Уымæ гæсгæ лæууыдысты хъазты фæудмæ. Æгъдауы ахæм домæнтæ æххæстгæнгæйæиу бирæтæ фæсахъат сты. Афтæ цыфæнды æнтæф бон куы уыд, уæддæр лæппутæн сæ рæттæ сыхалын, хъуыры æгънæджытæ суæгъд кæнын уыд æнæуаг мийыл нымад: ронбæгъдæй æмæ æгънæджытæ уæгъдæй хъазты лæууын худинаг уыд. Кафгæкафын тамако дымын, ныхас кæнын, худын уæлдай митæ кæнын — уыдысты сæ аразæджы æнæуагыл дзурæг. Стæй стыр хъазты йеддæмæ дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы иумæ кафын дæр æгъдау нæ амоны, хъуамæ кафой æрмæстдæр дыууæйæ — чызг æмæ лæппу, чызг разæй, лæппу фæстейæ, уый дæр домдта æгъдау æмæ йын уыд сæрма-гонд нысаниуæг; лæппу раздæр куы лæууыдаид, уæд уый чызгæн уыд æфхæрдыл нымад. Уæдиу чызджы æфсымæртæ лæппумæ лæбурдтытæ кодтой, нæ хойы нын цæмæн фегад кодтай, кафгæкафын æй фæстейæ цæмæн ныууагътай, зæгъгæ. Стыр худинаг уыд, чызг æмæ лæппу симгæсимын кæрæдзимæ исты куы сдзырдтаиккой, уæд уый. Стыр хъазты хи хоимæ кафын æмæ симын дæр худинаг уыд, уæлдайдæр симын.

Æрмæгыл бакуыста, _Хуыгаты Миленæ (new.xurzarin.ru)

Yazarın Diğer Yazıları

3 gemide 3.000 Çerkes

Kıbrıs’ta can pazarı Fransa’nın Larnaka konsolosu Louis Dumesnil de Maricourt’un oğlu Léon de Maricourt (1842-1902), 1864’ün ekim ayının sonlarında Kıbrıs’a gitmişti. Daha sonra Kudüs’ü ziyaret...

CHP’de ön seçim

Cumhuriyet Halk Partisi (CHP), cumhurbaşkanı adayını belirlemek amacıyla 23 Mart Pazar günü ön seçim yapma kararı aldı. Yaklaşık 1,6 milyon üyesi bulunan CHP, bu...

EĞİTİM-SEN etkinlikleri

Eğitim ve Bilim Emekçileri Sendikası’ndan (Eğitim-Sen), 21 Şubat Dünya Anadili Günü dolayısıyla yapılan açıklamada, anadilde eğitimin temel bir hak olduğu ifade edildi. Eğitim-Sen’in açıklamasında şunlar...

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img