Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Хуыгаты Валерия (1927-27.02.2025)

Æнкъард хабар. Йæ цардæй ахицæн Цæгат Ирыстоны æмæ Советон Цæдисы адæмон артисткæ Хуыгаты Валерия. Цыдис ыл 97 азы. Театр æмæ кинойы актрисæ, режиссер, педагог. 70 азы фæкуыста Уырыссаг Академион театры. Сценæйыл сарæзта 200 сурæтæй фылдæр. Уыдонæй 30 сæйраг рольтæ.

Йæ цардæй ахицæн Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Хуыгаты Валерия. Уый уыд, нæ бæстæ æмæ нæ республикæйы аивадмæ, аргъ кæмæн нæй, ахæм егъау æвæрæн чи бахаста, уыцы артистты фæлтæры ирд минæвар.

Валерия Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион драмон театры сценæйыл сарæзта дыууæсæдæ фæлгонцæй фылдæр, ратта йын йæ царды æхсай азы, æмæ йæ Ирыстоны цæрджытæ бауарзтой, кад ын кодтой, йæ цардæй кæй ахицæн, уыцы цау сæ зæрдæмæ хæстæг айстой. Хуыгаты Валерия дунейы рухсмæ фæзынд горæт Пятигорскы 1927 азы 2 ноябры. Æртæ азы йыл куы цыд, уæд йæ бинонтæ сæ цæрæнбынат аивтой Мæскуымæ.

1947 азы бацыд ахуырмæ Анатолий Луначарскийы номыл паддзахадон театралон институтмæ. Ам фыццаг курсы базонгæ Хуыгаты Георгиимæ, æмæ институт фæуыны фæстæ сæ цард баиу кодтой.

Хуыгаты Валерияйы службæ Дзæуджыхъæуы Уырыссаг театры райдыдта 1951 азы. Фыццаг хатт ахъазыд спектакль Максим Горькийы пьесæ «Васса Железнова»мæ гæсгæ спектакль Рошалы ролы. Цы бирæ фæлгонцтæ сарæзта сценæйыл, уым алкæцыйы дæр ирдæй зынди йæ бирæвæрсыг курдиат. 1971 азы, Мæскуыйы гастрольты уæвгæйæ, миссис Севиджы ролы ахъазгæйæ, нæ бæстæйы сæйраг горæты театралон царды йæ сарæзт фæлгонц нымад æрцыд, стыр культурон цауыл æмæ йын уыцы аз саккаг кодтой Уæрæсейы Федерацийы адæмон артисткæйы кадджын ном.

Фæстаг азты Хуыгаты Валерия цард Мæскуыйы, фæлæ нæ республикæйы цардмæ йæ хъус дардта, зыдта, уырыссаг æмæ ирон театрты сценæтыл цы пьесæтæ æвæрынц, уый. Алкæддæр-иу загъта: «Ирыстон – мæ хъысмæт у, ме стыр уарзондзинад».  Хуыгаты Валерия баззайдзæн йæ бирæ ахуыргæнинæгты, æмкусджыты, Ирыстоны театруарзджыты зæрдæйы, йæ сарæзт ирд фæлгонцтæ та – нæ аивады хæзнадоны.

 

(www.region15.ru, www.rastdzinad.ru)

Yazarın Diğer Yazıları

Rusya şaşırtmadı, Putin destekli parti oylarını artırdı

Rusya Federasyonu Merkez Seçim Komisyonu Başkanı Ella Pamfilova, başkent Moskova'da gerçekleştirilen basın toplantısında 18-20 Eylül tarihlerinde düzenlenen 9. dönem Devlet Duması seçimlerinin kesin sonuçlarını...

Abhazyalı cimnastikçiler İstanbul’a geliyor

Uluslararası Diamond Cup 2026 Ritmik Cimnastik Turnuvası’nın ikinci bölümü, 1-4 Ekim tarihleri ​​arasında Türkiye'nin ev sahipliğinde İstanbul'da düzenlenecek. Turnuvada dünyanın farklı ülkelerindeki sporcuların yanı...

Smart Solar Aliağa işçileri direndi ve kazandı

İzmir Aliağa’da bulunan Smart Solar Fabrikası’nda çalışan işçilerin sendikal baskılara, ödenmeyen haklarına ve 7 arkadaşlarının işten çıkarılmasına karşı başlattığı direniş 4. gününde kazanımla sona...

Sosyal Medyalarımız

9,251BeğenenlerBeğen
2,745TakipçilerTakip Et
4,012TakipçilerTakip Et
677AboneAbone Ol

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img