УÆЗДАНДЗИНАДЫ БЫНДУР

0
1094

Уæздандзинады æууæлтæ алы адæмыхатмæ дæр ис, фæлæ алы адæмыхаттæн дæр, йæ историон равзæрдмæ гæсгæ, уæздандзинады мидисæн ис хицæн бæрæггæнæнтæ. Ирон адæмы царды уæздандзинад ахсы стыр æмæ ахсджиаг бынат: у ирон адæймаджы удварны бындур, куырыхондзинад æмæ лæгдзинады бæрцбарæн. Ирон уæздандзинады сæйраг бæрæггæнæнтæ сты: хиуылхæцындзинад, зæрдæхæлардзинад, рæстдзинад æмæ æцæгдзинад, сæрыстырдзинад, райгуырæн бæстæ æмæ иубæстон адæмыл æнувыддзинад. Сæр сæрмæ хæссын ирон уæздан лæгæн у кады хос. Æнæ уымæй ирон æрдхæрæны удварны хæзнатæн царды уæвæн нæй. Уæздандзинад у царды æгъдау, уаг æмæ æфсармы бæрзонддæр къæпхæн, адæймаджы цæрæгойты рæнхъæй чи хицæн кæны, уыцы миниуæг. Уæздандзинад Иры фыдæлтæм нымад уыди адæймаджы æмæ æхсæнады закъонтæй ахсджиагдæр æмæ сæйраг-дæрыл, уымæн æмæ фидар кодта адæмы æхсæн ахастдзинæдтæ – æгъдау æмæ фæтк. Адæмы уырныдта, сæ рагфыдæлтæ æгъдау дзæгъæлы кæй нæ хъахъхъæдтой, фæтчы цы нæ уыд, уый нæ кодтой. Фæлæ уæздандзинады фæрцы ирон адæмы уырнындзинадмæ фанатизм, иннæ динтау, æмхиц нæ уыд. Уый фæрцы Иры дзыллæ удыхъæдæй уыдысты сыгъдæг æмæ райдзаст. Кæд бирæ хатт, уæздандзинадыл дзургæйæ, ирæттæ фæзæгъынц «уый адæймагæн йæ туджы ис», уæддæр уый бынтон раст нæу. Æнæмæнгæй, фыдæлты гентæ адæймаджы буарыхъæд æмæ удыхъæды рæзтæн ахъаз сты. Фæлæ æнæмæнг у уый дæр, æмæ фыццаджыдæр адæймагæн йæ зондахасты уæздандзинады талатæ ныййарджытæ байтауынц, уыдон ын бавæрынц-бауадзынц йæ зондахасты æфсарм æмæ зæрдæхæлардзинады æнкъарæнтæ. Æрмæст бинонты зæрдæбынæй куы уырна, ирондзинад сæ кæстæртæн царды ныфс дæтты, уый. Хъыгагæн, ныры дуджы, дунеон хабæрттæ ныл – хорзæй-æвзæрæй – донивылдау ныккалдысты, æмæ нын дзы пайда кæнæ знаггад цы хæссы, уый равзарын вæййы тынг зын. Фылдæр ног технологитимæ архайынц нæ фæсивæд. Йæ удварн лæмæгъ кæмæн у нырма, уый, чи зоны, йæ цыбыр зондæй рæдыдæй скæрддзæни: «уæздан-дзинæдтæ-йедтæ» фæстæзад адæймаджы æууæлтæ сты. Ома сæ нал фæуырны, сæ фыдæлты æгъдау æмæ фæтк, уыдоны дунеæмбарынад «ныры царды домæнтæм» гæсгæ ахсджиаг сты, уый. Афтæмæй та уыцы «ныры царды домæнтæ» фылдæр хатт мæнг сты, уымæн æмæ архайынц иннæ адæмты удварны хæзнатæ фехалыныл. Газет «Рæстдзинад»-ы (10 июлы 2010 азы) «Æлутон»-ы фарсыл бакастæн æмбисæндтæ: «Раздæр-иу иу иннæйы куы бафарста: «Куыд дæ?», уæд-иу уæзданæй дзуапп радта: «Бузныг. Хуыцауы фæрцы». Ныр уайтагъд фæцæттæ вæййы: «Æхцайы фæрцы». Æхца сси адæмæн сæ хуыцау.» «Абон иронæй цæрын æнцон нæу: дуджы мондаггæнæг сырдон æууæлты цур ирон æгъдау, фарн, намыс кæронмæ хæссын зын у.» 
Хистæр фæлтæр фылдæр ирон æгъдæутты фарс сты. Уæдæ æндæр адæмты æхсæн дæр нæхи дарын зонæм. Уымæн æмæ æппæт адæмтæн иумæйаг чи сты, уыцы уæздандзинады бæрæггæнæнтæ дæр нæм ис. Фæлæ уæздан митæ адæмы цæстмæ чи кæны, ахæмтæ дæр нæм, хъыгагæн, ис. Адæймагæн цот куы рацæуа, уæд сæ хъуамæ хъомыл кæна, фыццаджыдæр, йæхи цардыуагмæ гæсгæ, уæздандзинады бындурыл алы бон, алы сахат – æппынæдзухæй, цæмæй адæмы æхсæн цæрынмæ бæззой. Кад æмæ æгад цы у, цыт, намыс кæнæ худинаг æвзарынхъом куыд уой. Кæд дæхæдæг уæздан адæймаг нæ дæ, уæд дæ цоты уæздандзинадыл куыд сахуыр кæндзынæ? Дæ кæстæры раз иунæг хатт æнæфсарм ми куы бакæнай, уæд уый фаг у, цæмæй йе `ууæнк фæцуда, йæ удыхъæды гуымирыдзинад рæзын райдайа. Хъомылады сæйраг нысан та у кæстæры раст фæндагыл аразын, цæмæй рæстдзинад йæ удыхъæды ныффидар уа. Уæд суыдзæн æцæг уæздан ирон адæймаг, æппæт дзыллæтæ дæр сæрыстыр кæмæй уой. Зæрдиагæй æмæ æргомæй кад кæмæн кæной.
Хуыцауы фæндиаг ут æмæ уæ йæ арфæ уæд!

МАГКÆТЫ Дауырбег,
ирон дины æхсæнад «Ацаты» сæргълæууæг.

МЕ ‘ВЗАГ

Ме ‘взаг –
ирон лæджы хъарæг.
Ме ‘взаг –
ирон лæджы зарæг.

Чи дыл нæ фæлвæрдта тых,
чи дæ нæ мардта!
Аттилæ дæ сонтæй
тæхгæ бæхыл тардта,
дæ къухтæ дын цавта,
дæ къæхтæ дын цавта,
фæлæ дын дæ зæрдæ
йæ кардæй, йæ арцæй нæ ардта!
Дæ фæдыл зылдысты
Тимуры æфсæдтæ,
сæ къæхты бын ссæстой
дæ фæндтæ, дæ фæдтæ,
фæлæ дæ фæдтæ –
сызгъæрин цæфхæдтæ –
æрттывтой-иу зæххыл
бæрæгæй, арфæй,
цыма стъалытæ арвæй!
Ызнаджы цыргъ фат-иу
аланы фæсонтæй
йæ бырынкъ радардта,
ызнаг-иу алантæн
сæ рæгъæуттæ атардта, –
афтидармæй ‘фснайдтой
сæ хæхты сæ сæртæ.
Уадз фесæфæд фос,
ма уæд хæдзæрттæ, –
ма тæрсут,
не ‘взаг ис немæ
æмæ та йемæ
ногæй ферттивдзæн не ‘хсар
дунемæ!

Ме ‘взаг – мæ мады æхсыр,
мæ сабион авдæн!
Æз кæд искуы дæу
зулдзыхæй схай кæнон фаутæн,
æз кæд искуы дæуæй
базар кæнын байдайон,
баивон дæ,
ауæй дæ кæнон мæ пайдайæн,
уæд мæн се ‘мгад ыскæнæнт
æнаккаг цъæх сырдтæ,
уæд æлгъгæнгæ мæ номыл
ысдзурæнт дæ дзырдтæ!
Æз мæлæтæй нæ тæрсын,
цæйас цæрон,
уыйас цæрдзынæн.
Æз мæ ингæны
амондджын уыдзынæн,
ме ‘взаг мæ цыртыл
куы ныффысса ‘нцойы ныхæстæ,
ме ‘взаджы зæлтæй
цъæх-цъæхид куы дара мæ бæстæ.
Æз мæ ингæны ниудзынæн,
хъæрздзынæн,
Ирыстоны суадæттау,
зæххы бынæй кæудзынæн,
æз фæстаг поэт куы уон,
поэттæ мæ фæстæ куы нæ уал уа,
Ирыстоны зæххыл
сау туг куы ныууара,
æз мæрдтæм дæр куы нæ хъусон
иронау
Къостайы сидт тохмæ,
иронау
Отеллойы богътæ!

Ме ‘взаг, зæгъ-ма мын,
æнæ дæу куыд уон зæрдæвидар!
Ме ‘взаг,
мæ лæджыхъæд, мæ сæрибар!
Ме ‘взаг,
æнæ дæу куыд цин кæнон,
куыд дис кæнон!
Æз æнæ дæу цы дæн?
Æнæхæдзар, искæйон!

ДЗУЦЦАТЫ Хадзы-Мурат-1960

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz