Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Уорссæр Цæргæси Зар

Уорссæр Цæргæси Зар

Мæргьти хестæр ниффæндæ кодта,
Цæудзæнæн, нæхстæр кæндзæнæн, зæгьгæ.
Хонхаг хуаллаг адгин æй.

Мæргьти хестæр фæннæхстæр æй Донифарсме.

Донифарси къуппæбæл æрбадтæй.

`Ма æ тæккæ бунтæй иллуй-луй кодта.

Донифарси къуппæ ба й се носмæ хæзна – Мисигон.

Уомæ Донифарс рацудæнцæ æд хестæр, æд кæстæр.

Сæ хестæртæ йбæл «усси-усси» кодтонцæ
`Ма син «уссийæй» тæхгæ нæ кодта.

Сæ кæстæртæ ба ймæ «цицци, цицци» кодтонцæ,
`Ма сæмæ « циццийей» ба цæугæ нæ кодта.

Уалинмæ еци хабар Тъæпæн Дигоремæ байгьустæй.

`Ма уоми иуазæгуати адтей Гъуцъунати Габиц,
`Ма иуазæгдони дуарæй ракастæй,
Циуавæр дессаг уодзæнæй е, зæгьгæ.

`Ма Хъарадзаути устур Хъарадзау ин енцеги лæвар ке ракодта,
Еци хæтæл рагьæнæй æрбайиста.

Æхсгæ си кодта, евгьаугæ ба си нæ кодта.

`Ма `й иуазегдони дуарæй арми даргæй фехста.
`Ма `й фæццæф кодта,
`Ма е стур базуртæ æмтилд никкодта.

Æма Абисалти дууадæс дондзауебæл æхе рауагьта,
`Ма сæ еци цæфæй дæр ма еу гьæуаггин фæккодта.

Райдзурдта Дзарданти Дзахо Сæгей фурт, 1927 анз, 1 февраль. Нийфинста Толасти Андрей.

Киристонгъæу.

ЦИГСÆИ-й архив, фольк. Ns 15, 8 п., 289 ф. 1986

Yazarın Diğer Yazıları

“Turnanın Dansı”nda yeni adımlar

"Turnanın Dansı" film projesi uluslararası işbirlikleri ve destek arayışında kayda değer adımlar atmaya devam ediyor. Projenin ilerlemesine ilişkin son dönemde gerçekleştirilen görüşmeler, umut...

Derneklerimiz – KAFFED – DÇB

Kafkas Dernekleri Federasyonu’nun (KAFFED) uzun yıllara dayalı çalışma sonucu kurulduğunu biliyoruz. 2022 Olağanüstü Genel Kurulu ile başlayan bir tartışma sürecinin içindeyiz. Dünya Çerkes Birliği (DÇB)...

‘Erkeklik ve toplumsal cinsiyet’

İletişim uzmanı ve gazeteci Derya Kap, “erkeklik üzerine düşünen ve henüz düşünmemiş olan tüm erkek izleyicilere özel” dört videodan oluşan bir seri hazırladı. “Türkiye’de...

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img