Туркаг Ирæтты Номæй Фæсмон…

0
812

Туркаг Ирæтты Номæй Фæсмон…

О! Стыр Хуыцaу! Ирон дэыппæйæн иунæг!

Дæумæ куы кувæм хи хьаргæ, бæстон.

Куы нæ кодтам табу кæныимæ зивæг,

Цæмæи цæры на зæрдæты фæсмон?

Цæмæн цæрæм Ирынтонмæ бæлгæйæ?

Куыд нæ кæнын рыст зæрдæтæй рох?

Цæмæн цæрынц нæ хъуыдæгы нæргæйæ

Ирыстонæн йæ арв, йæ зæхх, йæ хох?

Дууæ дихы куы байæфта нæ зæрдæ,

Куы баззадис нæ хæхты хсæи нæ уд.

Кæйдæр бæстæйы сурсхилысты сæртæ,

Фæлæ фæисæм Иры раз нæ худ.

Цæрæм, бæргæ, фæстæ нæ зайæм цардæй.

б æрзонд хæссæм сæрыстырæй нæ ном,

Фæлæ фæкувæм кувæндæттæм дардæй,

Цæмæй суæва иумыийаг нæ сом.

Ирон æвзаг, Ирон æгьдау, Ирон фарн

Нæ зæрдæты рæмузынц, тонынц риу!

Куырдтаты Ком фæмысæм æмæ Зонкъар, –

Ирыстон уыд, æмæ уыдзæнис иу!

Нæ дадзинты фынккалгæ уайы иу туг,

Мах Туркæй дæр Ирыстонмæ тырнæм!

Хуыцауы руаджы райхæлдзæни ног дуг,

Стыр Аланты буц фæдонтæ стæм!

М. Зассеты

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz