Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

ТÆФÆРФÆС Мамсыраты Сослæнбеджы

НÆ ЗЫНАРГЬ ÆФСЫМÆР МАМСЫРАТЫ ТАСОЛТАНЫ ЗИАННЫ ФÆХЬУЫСТАМ. ТЫНГ ХЬЫГ НЫН УЫД. ТУРЧЫ ЦАЕРАЕГ ИРОН АДАЕМЫ АЕХСАЕНАД “АЛАН”-Ы ХИЦАУАДЫ УАЕНГТАЕ ХЬЫГЗАЕРДАЕЙАЕ ТАЕФАЕРФАЕС КАЕНЫНЦ, СÆБИНОНТАЕН, МЫГГАГАЕН, ХИУАТТАЕН, СЫХБАЕСТАЕЙАЕН АЕМАЕ АЕД АЕППАЕТ ИРЫСТОНЫ АДАЕМАЕН. КАЕД УАЕ ЗЫН РАЕСТАЕГ СЫМАХАЕЙ ДАРД АЕСТАЕМ, УАЕДДАЕР НАЕ ЗАЕРДАЕТАЕ АЕМАЕ НЕ’ППАЕТ ХЬУДЫТАЕ ДАЕР СТЫ СЫМАХИМАЕ. ЗИАН РУХСАГ УАЕД. УАЕ ЗАЕРДАЕ РЫСТ ИРОН АЕХСАЕНАД “АЛАН”-Ы САЕРДАР, ХЬУСАТЫ САДРЕДДИН. 

 

Фарны фидиуæг

Адæймаг куыд цæра,

Ахæм у йæ кад —

Стъалы фест, æндæра

Арвыл ис бынат.

 

 

Стыр хъыгагæн, мах бахъуыд ивгъуыд афоны дзурын Мамсыраты Сослæнбеджы фырт Тасолтаны тыххæй. 

Адæмы удварны дыууæ базыры сты мадæлон æвзаг æмæ фыдæлты рæсугъд æгъдау. Гъемæ Мамсыры-фырт йæхи сыгъзæрин систæ бахаста уыцы дыууæ базырмæ. 

Адæймаг райдайы бæрндзинадæй. Тасолтан бæрнон уыд цытджын Олгинскæйы номæй, йæ мыггаджы фарнæй, афтæмæй ссис Уазы фидиуæг Цæгат Ирыстоны телеуынынады æмæ радиойы. 

Мамсыры-фырты уыд Хуыцауы хорзæх – радта йын æмбисонды хъæлæс. Цал æмæ цал хатты загъта: “Дзуры Дзæуджыхъæу. Кусы Цæгат Ирыстоны радио!” Афтæмæй хæдзайраг ссис алы къонайы дæр. Æмæ куыннæ! Тасолтаны фæрцы нын нæ фыдæлты хъæлæс зæлыд йæ æрдзон сыгъдæг хуызы. Уыимæ, уыцы дзæбæх касти куыд хабæрттæ, афтæ аивадон уацмыстæ дæр. 

О, Мамсыры-фырты уыд адæмы хорзæх дæр. Уарзтой йæ, стыр аргъ ын кодтой иууылдæр. Тасолтаныл 60 азы куы сæххæст, уæд ыл сарæзтам сæрмагонд бакаст æмæ нын-иу радиомæхъусæг телефонæй загъта: “Стыр бузныг! Тасолтан у ирон Левитан”. 

Уæдæ таурæгътæ куыд кастис, уый та! Йæ бон равдисын уыд ирон дзырды мидисы иууыл фæлгъуызтæ. “Уазæгуаты ивгъуыдмæ”, зæгъгæ, уыцы бакастытæ Тасолтанимæ сарæзтам фæндзайæ фылдæр. Гъемæ нæм цал æмæ цалæй дзырдтой арфæтимæ, куырдтой, цæмæй сæ арæхдæр дæттæм эфиры. Гъе афтæ бацис Тасолтаны бон таурæгъты æвæджиауы рухс равдисын. 

Науæд заргæ куыд кодта, уый та! Йæ фæлмæн, зæлдаг хъæлæс-иу бацагайдта адæймаджы уды рæбинæгтæ æмæ йæм адæм хъусынæй не ‘фсæстысты. 

Тасолтан аив уыд алцæмæй дæр. Кæддæриддæр – æрдынбосау æлвæст, гъемæ-иу мах, кæстæртæ дæр, йæ фарсмæ не уæхсчытыл хæрдмæ схæцыдыстæм. 

Уæдæ Мамсыры-фырт зæрдиагæй архайдта æхсæнадон царды дæр. “Стыр ныхас” æмæ “Иудзинад”-æн ахъаззаг æххуыс кодта алы хуызы дæр. 

Æвирхъау низ айста не ‘хсæнæй нæ фæрныг хистæры. Фæлæ мæлæты бон циу æцæг аивады ныхмæ? Мамсыраты Тасолтан Ирыстоны кувæндоны сæвæрдта йæхи сыгъзæрин мысайнаг æмæ, цалынмæ нæ мадæлон æвзаг цæра, уæдмæ зæлдзæни йæ алæмæты хъæлæс. 

Къадзаты Станислав, Газет Рæстдзинад 

  

https://vk.com/music/playlist/-163671439_1 

https://www.youtube.com/watch?v=tFcgufw-OJs 

Yazarın Diğer Yazıları

Гъэрэ Щӏырэ щызэхэкӏым — Адыгэ Илъэсыщӏэр къохьэ

Дунейм тет лъэпкъыжь псоми хуэдэу, адыгэм езым и хабзэ, и дуней еплъыкӏэ иӏэурэ къекӏуэкӏащ. А блэкӏам ухэплъэжыну, ди адэжьхэм я гупщысэкӏэу щытам щыгъуазэ зыхуэпщӏыну...

Kış yerini yaza bırakırken Adige yeni yılı başlıyor

Dünyadaki tüm kadim halklar gibi Adigelerin de kendi gelenekleri, dünya görüşleri var olagelmiştir. Geçmişi araştırmak, atalarımızın dünya görüşlerini öğrenmek çok ilginç olsa gerek… Bu...

Suriye’de Alevi ve Hıristiyanlara yönelik saldırılar: Uluslararası toplum harekete geçmeli

Suriye'de 8 Aralık 2024'te gerçekleşen yönetim değişikliği, ülkedeki mezhepçi şiddetin yeniden tırmanmasına yol açtı. Heyet Tahrir el-Şam'ın (HTŞ) yönetimi ele geçirmesinin ardından, Alevi ve...

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img