Табуйæг Ирон Мæйрадуаг, Ирон Адæмы бæрæгбæттæ

0
835

Бонты Мæй (Чындзæхсæвы Мæй) 

Уастырджийы Бæрæгбæттæйы Хорзæхтæ Уæ Уæд! 

(Уастырджийы Бонты Мæй – ма уал хонут нæ фыдæлты бæрæгбон гуырдзиаг номæй: Джеоргуыба!)  

  

09 Уасгерги 

11 Сагæйтты æхсæв 

Адæм-иу сæ фæззыгон куыстытæ куы фесты, уæд-иу сæ кусæнгæрзтæм, иннæ аз райсынæввонг цæттæ куыд уой, афтæ базылдысты æмæ-иу сæ бæрæг-бæлвырд ран сæвæрдтой. Сагæйтты æхсæв дыгурмæ хуыдтой Æхсырфæфтауæн. Фæстагмæ-иу цы хор æркарстой, уый æфсиртæй-иу æхсырфыл стыхтой æмæ-иу æй зынгæ ран сауыгътой. Уалдзæджы-иу æхсырф куы райстой, уæд-иу хистæр скуывта, сæ кусæнгæрзтæй æнæниз, æнæфыдбылызæй куыд фæллой кæной, сæ хор чындзæхсæвтæ æмæ куывдтæн куыд хъæуа. 

Сагæйтты æхсæв бинонтæ бæрæг кодтой сæхæдæг. Аргæвстой-иу карк, фынгыл-иу æрæвæрдтой æртæ чъирийы, нозт. Хæдзары хицау-иу скуывта, цæмæй сæ кусæнгæрзтæ фидар уой, ма сæттой, ма къуымых кæной, æнæнизæй сæ архайой. 

Сагæйтты æхсæв нымад уыд мæрдты бæрæгбоныл дæр. Адæммæ афтæ каст: уæлæуыл цыдæриддæр цæуы, уый цæуы мæрдты бæсты дæр: мæрдтæ дæр фесты сæ фæззыгон куыстытæ æмæ хъуамæ уалдзæгмæ бафснайой сæ кусæнгæрзтæ. Хæдзармæ цы хор, цы тыллæг, цы бæркад æрбафтыд, уыдонæй мæрдтæн дæр хай ис, æмæ-иу сын скодтой фынджыдзаг. Хистæр-иу, фынгыл цыдæриддæр уыд, уыдон ныххæлар кодта, нæ цуры куыд сты, сымах цур дæр афтæ фестæнт, сæрд уын ма ‘мбийæнт, зымæг ма сæлæнт, зæгъгæ. 

Сагæйтты æхсæв кодтой цыппæрæмы кæнæ сабаты, мæрдты кæндтытæ куыд кæнынц, афтæ. 

  

14 Зыryымоны бæрæгбон, Уастырджийы бонтæй къуыри раздар, хуыцаубоны.  

Зыгуымон æхсæв у фæззæджы бæрæгбæттæй иу, кодтой йæ Чындзæхсæвы мæйы, хуыцаубоны, Уастырджийы Бонты Мæймæ ма-иу къуыри куы уыди, уæд. Ацы бæрæгбон абон адæмæй ферох, фæлæ йæ раздæры заманты кодтой хуссары дæр æмæ цæгаты дæр. 

Адæм-иу сæ фæззыгон куыстытæ бакодтой, сæ хор-иу систой, сæ хос-иу бафснайдтой. Суанг ма иу хъæмп æмæ зыгуым дæр æфснайд æрцыдысты. Хохаг лæджы зæрдæ ницæмæуал æхсайы – куывдты рæстæг æрцыд. Бæрæгбон кодтой бинонтæ. Хистæр-иу æртæ чъирийы скуывтæ Хуыцауы фæстæ тынгдæр куывтой Уацилла æмæ Галæгонмæ, цæмæй хор æмæ фосæфсæст уой, сæ бæркад фылдæрæй-фылдæр кæна, дымгæйы бардуаг Галæгон сæ фыдбылызæй хиза. Афтæ дæр уыд, æмæ иу бинонты хистæр се ‘ртæ чъирийы скуывта, сæ хортæ кæм уыдысты, уым – сæ гонты, сæ къутуты цур, ома уæд Хуыцау æмæ Уацилламæ, хоры бæркад кæмæй аразгæ у, уыцы зæдтæ, уыцы дауджытæм йæ ныхас хуыздæр фехъуысдзæн, зæгъгæ. 

  

21-27 Уастырджийы кувæн бонтæ 

Фылдæр хатт Уастырджийы мæйы фæстаг къуыри райдайы æмæ къуыри ахæссы. Уыимæ йе ’рвитæн бон дæр хъуамæ уа Уастырджийы мæйы. Бæрæгбон Цыппурсы Мæймæ нæ хизы. Уастырджийы мæй, стæй ма Чындзæхсæвты мæй дæр. Раздæр-иу алчидæр тырныдта бæркадджын фæззæджы – ацы мæй йæ фыртæн ус ракурынмæ, хъæздыг чындзæхсæв скæнынмæ æмæ-иу фидыды рæстæг чызджы бинонтимæ баныхас кодтой ацы мæймæ. Æмæ йæ рахуыдтой Чындзæхсæвты мæй дæр. Йæ хæд фæстæ ралæууы зымæг. (Цгойты Хазби) Уастырджийы бонтæ фæззæгмæ кæй æййæфтой, уымæн дæр ис йæхи нысаниуæг: фæззæгмæ фæвæййынц хæдзарадон æппæт куыстытæ дæр, (хуым кæрдын, най кæнын, холлаг æфснайын æмæ а. д.), зæхкусæг вæййы сæрибар, æнцой йæ афæдзы куысты бæркадæй æхцондзинад бавзара, уый фадат ын вæййы сæрибарæй. Уастырджийы бонты агъоммæ дыууæ къуырийы раздæр-иу райдыдтой къайон цардимæ баст æгъдæуттæ аразын: чызджы бинонтæм минæвæрттæ æрвитын, хæдзаруынæг цæуын, нысан уадзын, ирæды куывд æмæ а. д. Архайдтой, цæмæй-иу Уастырджийы бонмæ æрæййæфтаиккой чындзæхсæвтæ, уымæн æмæ, дам, Уастырджийы бонты чындзæхсæв цы дыууæ æвзонг адæймаджы скæной, уыдон уыдзысты иууыл амондджындæр. Афæдзы æндæр афонты дам-иу чындзæхсæв кæмæн скодтой, уыцы дыууæ æвзонг адæймаджы къайон цард дам-иу уыдис æнамонд, тагъд дам-иу ахицæн сты. Чындзæхсæвтæ æнæмæнг Уастырджийы бонты кæныны æгъдау канд ирæттæм нæ, фæлæ бирæ æндæр адæмтæм дæр у зындгонд: уырысмæ, немыцмæ, албантæм æмæ а. д. Уастырджимæ цастæрбæрцæй æввахс лæууы уырыссаг, гуырдзиаг, абхазаг бардуаг сыгъдæг Георги, кæсæг-балхъайраг – Керги, Ааушь-Гр, Георге. Гъе, фæлæ ранымад бардуæгты динон функцитæ ирон Уастырджийы хуызæн уæрæх æмæ универсалон нæ уыдысты. 

НЫВОНДЫ КУЫВД Уастырджийы вонты БÆРÆГБОН 

– Стыр Хуыцауы хорзæх нæ уæд! 

– Кæддæриддæр нын æххуысгæнæг куыд уа, 

Уыцы амонд нæ уæд! 

– Бæрæгбон у, æмæ ныл афæдзæй-афæдзмæ домбайдæрæй куыд цæуа, 

Уыцы амонд нæ уæд! 

-Уастырджийы бонтæ сты, æмæ Уастырджи хуыздæр ахъаз кæмæн ракодта, 

Мах дæр уый æмбал куыд уæм, Ахæм амонд нæ уæд! 

– Бинонтæ стæм, æмæ домбайдæр бинонтæ чи фæци. Стыр Бæрзонд Хуыцау хуыздæр хæрзтæ кæмæн ракодта, 

Мах дæр уыдон æмбал куыд уæм, Ахæм хорзæх нæ уæд! 

– Уæдæ нын сыхбæстæ ис æмæ уыцы сыхбæстима-кæрæдзийы æмбаргæйæ, уарзонæй куыд цæрæм, Ахæм амонд нæ уæд! 

– Нæ хистæртæ амондджынæй, хъæлдзæгæй сæ кæстæрты циндзинадæй æфсæст куыд уой! 

– Бæрæгбон у, æмæ хистæртæн Хуыцау ахæм ахъаз бакæнæд, 

Æмæ сæ кæстæртæ фылдæрæй-фылдæр, амондджынæй-амондджындæр куыд кæной! 

– Уæдæ афæдзæй-афæдзмæ кусæрттæ фæкæнæм, Æмæ сæ Стыр Хуыцау йæхимæ адджынæн кæмæн айста, 

Мах дæр уый æмбал цы фæуæм, 

Уастырджи нын кæддæриддæр æххуысгæнæг куыд уа. 

Ахæм хорзæх нæ уæд! 

– Зæдтæ бирæ сты, бирæ адæм сæм фæкуывтой. Нæ фыдæлтæн бирæ хорздзинад куыд дæттой, 

Уыцы амонд нæ уæд! 

– Хохæй быдырмæ цы дзуæрттæ ис, 

Уыдон нын кæддæриддæр æххуысгæнæг куыд уой, 

Ахæм амонд нын Хуыцау раттæд! 

– Тæтæртупп нæ сæрты тæхагг у, æмæ нын нæ цонг домбай куыд кæна, уыцы амонд нæ уæд! 

– Уæдæ, бæркадджын куыд уæм кæддæриддæр, Уыцы амонд нæ уæд! 

– Дуне сабыр куыд уа, зæххы къорийыл адæм сæ кæрæдзийы куыд уарзой, Уыцы амонд нæ уæд! 

– Къæсæры Уастырджи нын нæ къæсæр домбай куыд кæна, 

Нæ фæндæгтæ та – рухс, Уыцы амонд нæ уæд! 

– Гъеныр, уазæгæй чи ‘рбамбæлди, хæстæгæй чи ‘рбамбæлди, 

Уыдон дæр амондджын куыд уой, Уыцы хорзæх нын ратт. 

– Кусæрттаг хъабыл уæд, 

Афæдзæй-афæдзмæ амондджын бæрæгбæттæ куыд кæнæм, 

Уыцы амонд нæ уæд! 

– Оммен чи загъта, уыдоны цардамонд дæр бирæ уæд! 

  

21 Уастырджийы бон ( Æрæстон хуыйнын: Джеоргуыба – Галæргæвдæн), хуыцаубоны  

Ирон адæмы бæрæгбæттæй иууыл ахсджиагдæр æмæ кадджындæр у Уастырджийы бон, Уастырджийы стырбон. Уастырджийы Бонты Мæйы фæстаг æххæст къуыри. Райдыдта иу уый хуыцаубонæй æмæ иу ахаста 1-2 къуырийы бæрц. Ирыстоны хæххон хъæуты (Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр) Уастырджийы номыл кувæндæттæ ис алы ран дæр. Уыдонæй се ппæтæй зындгонддæр уыдысты Ныхасы Уастырджи (Уæлладжыры комы), Найфат (Дзомагъы), Джеры дзуар (Джеры комы), Къуайцайы дзуар (Къуыдаргомы), Рекомы дзуар (Цъæйы комы), Дзывгъисы дзуар (Куырттаты комы), Дигори изæд (Дыгургомы). 

Уастырджийы бонæй дыууæ къуыри раздæр ирон адæм нысан кодтой Уастырджийы бон. Ацы къуыри адæм аходæн кодтой фыдызгъæлæй. Хъæзныг бинонтæ–иу аргæвстой, цалдæр аз кæй фæхъомыл кодтой, ахæм гал. Марходарджытæ-иу Уастырджийы боны рæстæгмæ цы бæрæгбонтæ хауд, уыдон нысан кодтой Галæргæвдæн къуырийы. Чындзæхсæвы Мæйы, куыд æппæт Ирыстоны, афтæ Къуыдаргомы дæр банысан кæндзысты Джиуæргуыбатæ. Къуаисайы Уастырджийы кувæндон æвæрд у горæты сæрмæ æртæ километры дæрддзæф, уырдæм цы фæндаг кодта, уый уыд æвзæр уавæры æмæ йæ сцалцæг кодтам бæрæгбонмæ. 

  

21 Уастырджийы æхсæв (Лæгты æхсæв) 

21 Æрджынарæджы Уастырджи 

23 Уастырджимæ Кувæн Æхсæв 23 бон, къуырисæры изæрæй  

Уастырджийы боны æхсæвы куывд: 

23 Къуайсайы Дзуары Бон 23 бон, къуырисæры изæрæй  

23 Хъугомы Дзуары Бон (Часавалы) 23 бон, кьуырисæры изæрæй  

23 Æрджынарæджы Уастырджи (Черчесты Хъ.) 23 бон, кьуырисæры изæрæй  

–Афтæ хуыйны Елхотмæ ‘ввахс, Тæтæртуппы кувæндон кæм ис, уыцы бынат 

23 Тыхост, Дæргъæвсы ком, дыццæджы Уaстырджийы кувæн бонты 

Тыхост у ирон адæмы рагондæр бæрæгбæттæй иу. Ирон адæмы уалдзыгон бæрæгбонты æхсæн сæрмагонд бынат ахсы Тыхост кæнæ Тхост (дыгуронау Тухуаст). Ацы бардуаджы номыл Цæгат Ирыстоны, уæлдайдæр та Уæлладжыры комы æмæ Куырттаты комы арæзтой бæрæгбон Куадзæнæй фондз къуырийы фæстæдæр. Æргæвстой гал æмæ кодтой иумæйаг хъæугуывд. Тхост нымад цыдис карз бардуагыл. Ирон адæм æм сидтысты иууыл тыхстдæр сахаты, зæгъæм, хурвæлтæр-иу бирæ куы ахаста, сæ халсар-иу æнæдонæй куы сæфтис æмæ сын-иу Уациллайы номыл куывд дæр куынæ баххуыс кодта ацы хъуыддаджы, æрмæст ахæм рæстæджы. Фольклорон уацмысты Тхост æвдыст цæуы Уациллайы хæлары хуызы. Æмæ уæдæ Тхостæн дæр йæ бон уыдис хъæздыг хор æрзайын кæнын, хурвæлтæры рæстæджы къæвда рауадзын, их, тыхдымгæ æмæ сахкъæвдатæй бахизын. 

Тхостмæ куывтой афтæ: 

О Тхост, ды дæ нæ сыхаг æмæ нын уыныс нæ тыхстдзинад, ды Уациллайы хæлар дæ, – балæгъстæ йын кæн (Уациллайæн), æмæ къæвда рауадза, нæ хуымтæ æнæ донæй сæфынц. Тхост цæмæй къæвда рауагътаид, уый тыххæй-иу суадонæй дон рауагътой, Тхосты номыл цы стыр дуры цур куывтой, уыцырдæм, дуры-иу донæй бапырх кодтой, стуры сойæ дæр-иу æй байсæрстой. 

«Иу лæппу, зæгъы, йæ фыстæ хызта. Бафæндыд æй Тыхосты фенын æмæ ныхъхъæр кодта: 

– Фæдис, Тыхост! Дæ сæр мæ бахъуыд. 

Тыхост йæ цуры фегуырд æмæ йæ фæрсы: 

– Кæцæй дыл цæуы тых? 

– Никæцæй. Дæ фенын мæ фæндыд æмæ дæм уымæн ныхъхъæр кодтон. 

Уæд ын Тыхост загътæ: 

– Æз хынджылæггаг нæ дæн. Цавддур фест. Мæнæн та гъе уый у мæ бон. 

Æмæ, дам, лæппу цавддур фестад…». 

  

28 Дзывгъисы Уастырджийы Фæдзæхсæн Бон, хуыцаубоны 

Дзывгъисы дзуар – Уастырджийы номыл æппæты кадджындæр кувæндæттæй иу Куырттаты комы. Чи зоны, хъуамæ Дзывгъисы дзуар кæддæр уыдис Дзывгъисы хъæубæсты бардуаг. Хъæуы цæрджытæ Дзывгъисы аргъуаны цы кувæндон ис, уый хонынц Уастырджийы номæй, Уастырджийы кувæндон. Дæллагхъæуы цæрджытæ та йæ хонынц Дзывгъисы дзуары кувæндон. Алфамблайы хъæутæ-иу радæй ноябры мæй дзуары бын Уастырджийы номыл кодтой стыр æхсæны куывдтæ. Йæ боны-иу аргæвстой, сæрмагондæй куывдмæ кæй хастой, ахæм нывонд нæл фыстæ, кæнæ гал. Бæрæгбон-иу ахаста æнæхъæн къуыри. Чызг раттыныл-иу цы бинонтæ бафидыдтой, кæнæ-иу ног чындз цы бинонтæ æрхастой, уыдон дæр-иу дзуары бын гал æргæвстой. Æвæццæгæн, ацы æгъдау баст у, Фыййагдоны фаллаг фарс Майрæм, зæгъгæ, цы кувæндон уыдис, уый кæй ферох æмæ йын йæ функцитæ Дзывгъисы дзуарæн кæй радтой, уыимæ. Ацы дзуары куывдтæн уыдис хицæн миниуджытæ: цыдис сæм бирæ адæм,хъазыдысты дзы «цæсгæмттæ», кодтой худæджы кæфтытæ, архайдтой хæрз цыбыр хицæн театралгонд равдыстыты. 

  

29 Уастырджийы бæрæгбон æрвитæн (Фæндараст Кæнæн) Æхсæв  

29 бон, къуырисæры изæрæй. 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz