Хурхæтæны Мæй / Амитоли (Хорхæтæни) Мæйæ
2 Мыкалгабыртæ, Цыппæрæмы
Ирон адæмы рагондæр дзуæрттæй иу у Мыкалгабыртæ. Æвæццæгæн, фæзынд Рекомимæ иу рæстæг. Ууыл дзурынц, Ирыстоны хæхты йын цы кувæндæттæ ис, уыдон. Мыкалгабырты бæрæгбон алы хæдзары дæр кодтой кусарт, дзуары бынмæ-иу схастой сæ кувинæгтæ. Хъæубæстæ бæрæгбоныл æмбæлдысты иумæ, нывондæн-иу фæззæджы гал равзæрстой æмæ-иу æй кувæндоны акусарт кодтой, чъиритæ æмæ-иу нозт æрбахастой. Мыкалгабыртæ у хорарæх, бæркады, фарны бардуаг. Мыкалгабырты бæрæгбон хаста дыууæ къуырийы. Адæмæн ахæм уарзон уыд, æмæ йæ афæдз æртæ-цыппар хатты кæм кодтой, ахæм хъæутæ дæр уыди. Цины уа, зианы уа, ахæм фынг нæй, æмæ Мыкалгабырты тыххæй куывд кæнæ рæгъ кæм ма рацæуæ
«Мыкалгабырты хорзæх нæ уæд. Нæ мард дæр æмæ не ‘гас дæр Мыкалгабырты фæдзæхст фæуæнт. Мыкалгабыртæ, уæдæ хуыздæр хæрзтæ кæмæн ракодтат, уый æмбал ацы хæдзар дæр уæд.» Чи-иу фæрæдыд, уый-иу йæхи сраст кæныны тыххæй Мыкалгабырты кувæндонмæ кувинæгтимæ ссыд æмæ-иу ын æтабу кодта, хатыртæ-иу дзы фæкуырдта. Хорарæх æмæ зад кæрдæджы бардуаг, Цæразонты мыггагыл аудæг дзуар ирон мифологиййы. Мыкалгабыртæ куырдтой, цæмæй ратта стыр хорæрзад, фæфылдæр кæна фосы рæгъæуттæ, адæмы бахиза низтæй æмæ фыдбылызтæй. Уæлладжыргом æмæ Мамысонгомы цæрджытæм уæлдай кадджын кæй уыдис, уымæн æвдисæн у ахæм хъуыддаг, æмæ ирон къæлиндармæ гæсгæ ам Мыкалгабыртæ бон бæрæг кодтой афæдз цыппар хатты.
5 Кæрдæгхæссæн, Хуыцаубоны
Рагон ирон бæрæгбон, фæлæ йæ чырыстон дин парахатгæнджытæ бабастой, Чырысти уæларвмæ куы атахт æмæ ма дæс боны фæстæ йæ ахуыргæнинæгтæм арвæй куы фæзынд, уыцы бон – Æртæ иуоны (Троица) бонимæ. Æмæ йæ бæрæг кæнын райдыдтой Зæрдæвæрæнæй дæс боны фæстæдæр. «Уыцы бонмæ сцæттæ кæнынц, кæмæн цы йæ амал вæййы, уый бæгæны, арахъ, кусæрттаг – уæрыкк кæнæ æндæр исты, – фыссы Къарджиаты Бекызæ. – Æфсинтæ уæливыхтæ скæнынц, кæстæртæ та алы кæрдæджы мыггаг æрбахæссынц хæдзармæ æмæ сæ бæстыхайы къуымты æмæ кæрты байтауынц. Хæдзары хицау арвиты хонæг сыхбæстæм, æмæ йæм æрбацæуынц хуынды. Ас лæгтæ фæкувынц, фæминас кæнынц, алыхуызон зарджытæ фæкæнынц, уый фæстæ та уыцы æмбырдæй æндæр хæдзармæ бацæуынц. Афтæ бонизæрмæ фæрацу-бацу кæнынц хæдзæрттæм. Чындз æрæджы чи æрхаста, уыцы хæдзæртты скæнынц хъазт, æмæ дзы фæсивæд фæкафынц». Кæрдæгхæссæны Ирыстоны иуæй-иу хъæуты кодтой стыр дзаджджын чъири – гуыдын, уыд тынгхæрзад, хæрынæн бæзгæ ног кæрдæджытæй æмæ ног зайæгойтæй. Гуыдынæй хъуамæ бинонтæй алчидæр ацахуыстаид, æцæгæлонæн дзы хæрын нæ фæтчыди (см. нæфæтчиаг, Нæфæтчы). Куывддзаутæ-иу сæ хæдзæрттæм куы здæхтысты, уæдиу семæ æрбахастой алы кæрдæджытæ æмæ дидинджытæ æмæ-иу сæ хæдзары къуымты ныппырх кодтой. Кæрдæгхæссæны бæрæгбон ныр дæр бирæ адæм кæнынц, уæлдайдæр хæхбæсты æмæ быдыры хъæуты.
5 Æрдз Хъахъхъæныны Дунеон Бон, Хуыцаубоны
Æрдз хъахъхъæныны дунеон бон алы аз дæр нысан цæуы фæндзæм июны. Уыцы бон ма нысан кæнынц Экологы бон дæр. Ацы зæрдылдарæн бон баст у адæймаджы алфæмблайы проблемæты фæдыл Стокгольмы конференцийы райдиан бонимæ. Конференцийы хайадисджытæ райстой Стокгольмаг деклараци. Документ сфидар кодта æрдз бахъахъхъæныны 26 принципы, экологийы фарстаты фæдыл бæрндзинад æмæ сæ сæххæст кæнын сæвæрдта паддзахадтыл. Техникон прогрессы фæрцы дуне цæуы размæ æмæ нæ рох ма хъуамæ уа, æнæ æрдз махæн цæрæн кæй нæй. Адæймаджы цард, йæ архайд, æнгом баст у нæ алфæмблайы дунейыл. Æмæ фылдæр хатт йæ архайд æвзæрæрдæм ахъаз кæны æппæт удæгас организмтыл, зайæгойтыл. Экологы бон нысан кæныны тыххæй уынаффæ райста УФ-йы Президент Владимир Путин. Æмæ ацы бон дæр баиу кодтой дунеон бæрæгбонимæ, кæцы нысан цæуы 5 июны. Экологы бон у æрдзон ресурсты министрады, алфæмблай дунейы хъахъхъæныныл архайæг органты, бæстæйы æрдзон ресурстæй спайда кæныныл контролгæнæг инстанциты, афтæ ма паддзахадон æмæ хисæрмагонд экологон организациты кусджыты бæрæгбон дæр.
6 Уæлæмæсыджы Мады-Майрæм, Къуырисæры
Мады Майрæмы кувæн бон вæййы фыццаг къуырисæры хурхæтæны мæйы. Уырдæм кувынмæ цыдысты Калотæ, Быгъуылтæ, Андиатæ, Гуытъиатæ, Хæрисджын, Къорайы хъæутæй, стæй Куырттаты комæй. Уыцы кувæндонмæ адæм фылдæр куывтой сæ сывæллæтты тыххæй. Кувæндоны цур, къæдзæхы сæрыл хохаг дурæй амад мæсыг. Уыцы мæсыг æмæ кувæндон адæм хонынц «Уæлæмæсыг» Мады Майрæмы кувæндон. Кувæндон ногæй рацарæзтой 1905 азы æмæ дзы уæд цы фыстытæ ныууагътой, уыдон æй аргъуанмæ феввахсдæр кодтой.
МАДÆ МАИРÆНИ ЗАР
Киндзæ `рветгæй
Дæлæ и будури киндæ исцæуй,
Уой киндзи, уой алай!
Уомæн æ еу усхъæбæл – хори рохс тунтæ,
Уой киндзи, уой алай!
Уомæн е `ннæ усхъæбæл – мæйти мæйрохстæ,
Уой киндзи, уой алай!
Уомæн æ дигиза – Мадæ хуарз Майрæн,
Уой киндзи, уой алай!
Уомæн æ къохбæлхуæцæг – уацæ Уасгерги,
Уой киндзи, уой алай!
Уомæн æ киндзæ `мбалтæ – фидæ Никкола,
Уой киндзи, уой алай!
Сæумон идаугутæ `ма изæйрон Уацеллатæ,
Уой киндзи, уой алай!
Еци адæнтæн ци арфæ адтæй,
Уой киндзи, уой алай!
Аци киндзæн дæр Хуцау уоци арфæ раттæд,
Уой киндзи, уой алай!
6 Амаддзаг (Бæтæхъо), Къуырисæры
Арвы цæфæй-иу чи амардис, уымæн йæ ингæныл цы дурын цырт æвæрдтой, уый. Цалынмæ-иу æрвдзæфæй мардыл афæдз нæ рацыдаид æмæ йын амаддзаджы хист не скодтаиккой, уæдмæ цыртæн æвæрæн нæ уыдис. Æрвылазы хист æрвдзæфæй мардæн. Амаддзаг кодтой арв-иу цы бон ныццавта æмæ кæм ныццавта, уыцы ран. Æрвнæрды бардуаг Уациллайы номыл сæныкк (хатт та уæрыкк) æргæвстой, хæрнæджы фынг-иу æрæвæрдтой æмæ-иу фæтк æмæ æгъдау сæххæст кодтой.
8 Ломисы Уастырджийы бон, Æртыццæджы
11-18 бонты, Реком, Сабаты-Сабаты
Реком у Ирыстоны зындгонддæр бæрæгбонтæй иу, ахæссы æнæхъæн къуыри. Раздæр Рекомы кувæндонмæ адæм цыдысты Ирыстоны алы хъæутæй, уæлдай тынгдæр ыл сæхи фæдзæхстой Уæлладжыргомы цæрджытæ. Йæ бæрæгбон раздæр æмæ ныр дæр бирæтæ акæнынц кусарт.
Рекомы алыварс бирæ мыггæгтæн уыди дурæй конд рæстæгмæйы хæдзæрттæ. Бæрæгбоны-иу уыдысты уым. Дынджыр æрхуы æгты-иу сфыхтой бæгæны. Чи гал æргæвста, чи фыс. Алы хъæуæн дæр уыд йæхи куывд, æмæ адæм кæрæдзийæн нуазæнтæ æрвыстой, кæрæдзийы хуыдтой. Æнæхъæн дзыллæтæ-иу кæрæдзийы къухтыл ныххæцыдысты æмæ кувæндоны алыварс заргæ зылдысты. Рекомы кувæндонмæ сылгоймæгтæ нæ цыдысты, сæ кувинæгтæ-иу барвыстой æмæ-иу сæ дзуары лæгтæ скуывтой. Алы хъæу дæр æвзæрста дзуары лæг. Уый йæ хъус дардта, бæрæгбон куыд цæуы, уымæ. Адæмы кувинæгтæ куывта, сæ мысайнæгтæ сын æвæрдта кувæндоны. Ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй Рекомы кувæндон арæзт æрцыд 1382 азы. Сарæзтой йæ, æнусты дæргъы æмбийгæ чи нæ кæны, ахæм æнахуыр хъæдæй.
Ис ахæм таурæгъ, зæгъгæ, раджы кæддæр Уастырджи сфæнд кодта ирон адæмæн кувæндон саразын, æмбийгæ чи нæ кæны, ахæм хъæдæрмæгæй. Ахæм бæлæстæ та зади æрмæстдæр Рекомы фæсхох хъæды. Уастырджи йæ галтæн ныффæдзæхста цъитиджын хæхты сæрты ахизын, уыцы хъæдмæ фæцæуын æмæ уырдыгæй хъæдтæ æрласын. Бæлæстæ сæхæдæг калдысты, уæрдæттæ сæхæдæг дзаг кодтой, æмæ галтæ уыцы æнахуыр хъæдæрмæг амынд фæндагыл ластой. Кувæндоны бынаты-иу уæрдæттæ сæхæдæг равдæлон сты, галтæ та фæстæмæ Уастырджимæ здæхтысты. Уыйадыл, зæгъы, Рекомы кувæндон сырæзт æнæ адæймаджы æххуысæй…
Рекомы бæрæгбон ныр дæр бирæтæ акæнынц кусарт, фæдзурынц сыхæгтæм, хионтæм æмæ фæбадынц, фæкувынц, фæзарынц. Традицимæ гæсгæ, Рекомы Уастырджи у ирæтты хæстон бардуаг. Йæ сæйраг кувæндон ис Цæгат Иры, Цъæйы комы. Рекомы кувæндæттæ сты Цæгат Ирыстоны — Санибайы, Дзуарыхъæуы, Гуылæры, Зæрæмæджы. Хуссар Ирыстоны та — Ерманы, Едысы, Чеселты, Ходзы, Дзомагъы. Традицимæ гæсгæ, Рекомы Уастырджи у ирæтты хæстон бардуаг. Йæ сæйраг кувæндон ис Цæгат Иры, Цъæйы комы. Рекомы кувæндонмæ мидæмæ сылгоймаг нæ хызт, ацы традици абоны онг дæр хъахъхъæд æрцыд. Нарты кадджытæм гæсгæ, Хуыцау Батрадзы мардыл цы æртæ цæссыджы æрыппæрста, уыдонæй стæй райгуырд Рекомы кувæндон Цъæйы комы, аннæ дыууæ та сты Мыкалгабыртæ æмæ Таранджелос.
12-18 Дауджытæ, Хуыцаубоны-Сабаты
Дауджыты бон вæййы, Кæрдæгхæссæнæй иу къуыри куы рацæуы, уæд, хуыцаубоны. Скæнынц арахъ, бахсидынц бæгæны. Кæмæн куыд йæ фадат уыд, ахæм кусарт-иу акодта, фæлæ арæхдæр æргæвстой уæрыкк. Кувæндонмæ-иу ахастой æртæ æртæдзыхоны, физонæг æмæ нозт. Дзуары лæг-иу скуывта Дауджытæм. Сæ хорзæх сæ куыд уа, азæй азмæ сын æртыгайдзыхæттæй куыд кувой. Стæй-иу сбадтысты, алы æртæ адæймагæн дæр – фынг, æмæ райдыдта куывд. Kувæг адæм уыдысты алы хъæутæй æмæ кæрæдзийæн арфæйы нуазæнтæ æрвыстой. Бадт æрдæгмæ фæхæццæ кæны, зæгъгæ, уæд-иу лæппу-фæсивæд сыстадысты æмæ чызджытимæ нæртон хъазт сарæзтой. Сылгоймæгтæ нæлгоймæгтимæ иу фынгыл нæ бадтысты. Хистæртæй алчидæр йæхицæн хæсыл нымадта, цæмæй бæрæгбоны йæ сыхæгты йæ хæдзармæ æрбахона æмæ сæ хорз фæхынца. Дауджыты бæрæгбон ныр фыццаджы хуызæн арæх нал кæнынц.
19 Цыргъобау, Хуыцаубоны
Ирыстоны быдыры хъæуты цы кувæндæттæ ис, уыдонæн сæ зындгонддæртæй иу у Цыргъобауы кувæндон. Цыргъобауы кувæндон фæзынд стдæсæм æнусы кæрон. Фосдарджытæн, зæххы куыст чи кодта, уыдонæн Цыргъобау уыд сæ уарзон бынат. Фæстæдæр, Ольгинскæйы хъæу куы фæзынд, уæд хъæуыцæрджытæн обау ссис кувæндон.
Фыдæлтыккон обау дардыл фæлгæсы, – алы аз дæр хурхæтæны мæйы æртыккаг хуыцаубон ардæм æрбацæуы бирæ адæм. Æртæ хатты Обауы алыварс куы ‘рзилынц, уæд сын дзуары лæг скувы, семæ кæй æрбахæссынц, уыцы æртæ æртæдзыхоны, арахъ, бæгæны æмæ физонæг, цæмæй сæ Цыргъобауы зæд, Цыргъобауы Уастырджийы хорзæх уа, сæ алыварс цы зæххытæ ис, уыдонæй хорз тыллæг куыд сисой æмæ дзы куывдтæ куыд кæной; сæ алыварс цы фос и, уыдоны нымæц фылдæрæй-фылдæр куыд кæна, чындзæхсæвтæн æмæ куывдтæн куыд бахъæуой, адæм æнæфыдбылыз æмæ æнæмаст куыд уой, уарзонæй, хæларæй куыд цæрой. Цыргъобауы бæрæгбон у уарзондзинады, æфсымæрдзинады бæрæгбон. Адæм вæййынц хъæлдзæг, фæзарынц, фæкафынц, кæрæдзийы фенынц, кæрæдзиуыл фæцин кæнынц.
19 Мызуры зæд, Хуыцаубоны
20 Уацилла, Къуырисæры
Дауджыты дыккаг бон, къуырисæры, вæййы Уациллайы чъирийагæхсæн бон. Уæдмæ Уацилламæ кувæг адæм бахсидынц бæгæны, йæ фадат кæмæн вæййы, уыдон кусарт акæнынц. Уациллайы чъириты ссад цы мæнæуæй æрысдзысты, уый-иу устытæ доныбылмæ ахастой æмæ-иу æй хорз ныхсадтой. Семæ-иу ацыдысты лæппу æмæ чызг – фæсивæд, æмæ-иу, цалынмæ устытæ мæнæу хус кодтой, уæдмæ хъазт сарæзтой. Уациллайы чъирийагæхсæн йæ алы фæзылдæй дæр дзуры ууыл, цæмæй, цы чъиритæ, цы хойраг кодтой, уыдон сыгъдæг уой: уæд Уацилламæ хуыздæр фæхæццæ уыдзысты сæ кувинæгтæ, Уацилла сын сæ куывд хуыздæр айсдзæн. Бæрæгбон ууыл дзурæг у, æмæ адæм стыр кад кæй кодтой æмæ кæнынц Уациллайæн.