Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ

0
432

Рухæны Мæй / Рухæн

1, 2, 3 Бонтæ, Беслæны Сабийты Мысæн Бонтæ,  

Цуппæрæмы – Сабаты 


АГУР-ИУ МÆ 

(Беслæны сабиты номарæн) 

Зад мæнæргъы цупæлттæй æрзæбул… 

Мауал ку! Нæ фесæфтис дæ хъæбул: 

Фыны дæм цæудзæнис уый æргомæй. 

Ма – иу фæтæрс! Сдзур – иу æм йæ номæй. 

«Агур – иу мæ æрдзы алы хуызты, 

Агур – иу мæ мады зæрдæрысты, 

Агур – иу мæ стъалыты æрттывды, 

Агур – иу мæ риумæ тынг нылхъывды!” 

Сойджын сæрд куыæрæвæрдта йæ уæргътæ, 

Дард бæстæм куы атахтысты мæргътæ, 

Зæххæй арвмæ стъалытæ уæд лыгъд, 

Чи сын зоны, чи, бæлвырд сæ хыгъд?!. 

«Агурут нæ дидинæгджын фæзты, 

Агурут нæ фæндырты хъæлæсты, 

Агурут нæ уарыны хæл-хæлы, 

Агурут нæ сабиты кæл-кæлы!” 

Пиллон арты уарзон Ир куы сыгъди, 

Зæххæй арвмæ стъалытæ куы лыгъди, 

Фурды дæттæй нал баззад æртах… 

Ма нын тæрсут! Нæ амардыстæм мах! 

«Агурут нæ дымгæйæн йæ футты, 

Агурут нæ не ‘мгæртты бахудты, 

Агурут нæ сусæнæн йæ хъармы, 

Агурут нæ къухрайсæджы армы!» 

Зад мæнæргъы къутæртæй æрзæбул. 

Мауал ку! Нæ фесæфтис дæ хъæбул,- 

Фыны дæм цæудзæнис уый æргомæй 

Ма – иу фæтæрс! Сдзур – иу æм йæ номæй! 

«Агур – иу мæ дидинæгджын фæзты, 

Агур – иу мæ фæндыры хъæлæсты. 

Доны хæл – хæл Иры кæмттæй хъуысы, 

Ссардзынæ мæ мады хъарм хъæбысы!” 

ДАУЫРÆ (Дауыраты-Сланты Зоя) 

  

4 Хуыцауы дзуар – Иры Хъæу, Хуыцаубоны 

4.09 – 15.10 Джеры Уастырджи Х.И., Хуыцаубоны 

Джеры дзуар – адæмы психикон низтæй дзæбæхгæнæг дзуар иры мифологийы, цæры бæрзонд хохы сæр Джеры хъæумæ ‘ввахс (Хуссар Ирыстоны). Афтæ нымадтой, зæгъгæ, нывонд (нæл фыс) æрхæссыны æмæ иу къорд магион архайды фæстæ рынчын хъуамæ æнæмæнг фæдзæбæх уа. Кæд æмæ-иу хъуыддаг афтæ нæ рауадис, уæд та-иу цасдæр рæстæджы фæстæ æргæвстой ног нывонд æмæ-иу ногæй фæтк æмæ æгъдаумæ гæсгæ кодтой магион архайд. 

4 Æрджынарæджы Фæндагсары Уастырджийы Бон, Хуыцаубоны  

4 Бурсамджелийы Дзуары Бон, Хуыцаубоны  

5 Фæззæджы Алардыйы Бон, Къуырисæры 

7 Нары Дзуары Бон, Æртыццæджы 

11 Хуыцауы Дзуар – пос. Южный, Хуыцаубоны 

Ирон адæм сæхи цы дзуæрттыл фæдзæхстой æмæ фæдзæхсынц, уыдонæн сæ кадджындæртæй иу у Хуыцауы Дзуар. Хæхбæсты ахæм хъæу нæй, æмæ йæ номыл кувæндон кæм нæ ис. Иутæ бæрæгбон кодтой сусæны мæйы æртыккаг кæнæ цыппæрæм хуыцаубоны, иннæтæ та кæфты мæйы. Уæлдай тынгдæр ыл сæхи фæдзæхстой сылгоймæгтæ. Чындз-иу чи æрхаста, йæ хæдзары сывæллон кæмæн фæзынд, уыдон-иу Хуыцауы дзуары бæрæгбоны сæрмагондæй акодтой кусарт. 

Хуыцауы дзуары номыл арæзтой хъæугуывд, æргæвстой гал. Адæм дзуары бынмæ цыдысты кувинæгтимæ. Фæсивæд-иу сарæзтой стыр хъазт, лæппутæ-иу бæхтыл хъазыдысты, алчидæр архайдта йæ арæхстдзинад равдисыныл. Хуыздæр-иу чи ахъазыд, дугъы-иу чи фæразæй, бæхыл бадынæй хуыздæр арæхстдзинад чи равдыстаид, уыдонæн лæвæрдтой кады нуазæн – бæгæныйы къус. Хуыцауы дзуары бæрæгбон уыцы лæппу йæ бæхыл стыр арæхстдзинад равдыста, зæгъгæ, уый стыр кад уыди. 

Циндзинад-иу ахаста изæрмæ. Хуыцауы дзуары бынмае кувинæгтимæ чи цыд, уыдонæн фæстæмæ æвæрдтой фæдзæхсæн – нозтæй дæр, чъиритæй дæр, физонæгæй дæр. Кувæндонмæ æд хъама, æд дамбаца нæ цыдысты, йæ цурты-иу чи фæцæйцыд, уый-иу йæ худ систа, бæхыл бады, уæд-иу йæ бæхæй æрхызт. 

11 Реком – Диг.К., Хуыцаубоны 

Хорæрзад æмæ хосарæхы бардуаг, Цæразонты мыггагыл аудæг дзуæрттæй иу ирон мифологыйы. Афтæ нымадтой, зæгъгæ, Реком дæтты бирæ хор, бирæ фос, бирæ хос, фосы хизы низтæй, цуаноны кæны фæндараст, адæмы хъахъхъæны фыдбылызхæссæг тыхтæй æмæ алыхуызон низтæй, ома, Реком у, бирæвæрсыг æххуысты хъомыс кæмæ ис, ахæм дзуар. Цъæйы хъæумæ ‘ввахс, нарты кадджытæм гæсгæ, Хуыцау нарт Батрадзы мардыл цы ‘ртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæй иу кæм æрхаудис, уыцы ран ис Рекомы дзуар хонынц ма йæ Рекомы Уастырджи дæр. Реком у (Ирыстоны) æмбал камæн нæй, Иры ахæм кувæндон-агъуыст. Йæ бæрæгбон вæййы алы аз дæр июлы æмæ ахæссы иннабонæй-иннабонмæ (сабатæй-сабатмæ). Дзуарæн нывондæн æрхæссынц бирæ фос (галтæ æмæ нæл фыстæ), скæнынц стыр куывдтæ, æрцæуы сæм тынг бирæ адæм, уыимæ æрмæстдæр нæлгоймаг дзыллæ, уымæн æмæ Реком нымад цæуы Уастырджийы дзуары «артдзæстыл» – центрыл. 

Кувæндон Цъæйы комы, равзæрд, Стыр Хуыцау Нарты Батрадзыл мардыл цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæй иуæй. Фæстæдæр Рекомы кувæндæттæ фæзынд Цæгат Ирыстоны – Хохы Санибайы, Цымытийы, Дзуарыхъæуы, Гуылæры, Зæрæмæджы; Хуссар Ирыстоны – Ерманы, Едысы, Чеселты, Ходзы, Дзомагъы. Рекомы бæрæгбон кæнынц алы рæстæджыты. «Рекомы кувæндон рагон замантæй фæстæмæ тынг зындгонд кæй уыдис æппæт Ирыстоны, ууыл дзурынц, кувæндоны дзæнгæрджытæй иуы цы рагон фыстытæ ис, уыдон дæр, – фыссы ахуыргонд Цыбырты Людвиг. – Фыстытæм гæсгæ, уый нымад цæуы Дыгуры æмæ æппæт Туалты кувæндоныл, æнæхъæн ирон зæххы сыгъдæг æмæ табуйаг бынатыл. Рекомы кувæндоны цур археологтæ ссардтой таурæгъон Ос-Бæгъатыры фат, згъæр худ, алыхуызон хæстон цырæгътæ, зды нæмгуытæ. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы дзаумæттæм гæсгæ Рекомы Уастырджи у ирæтты хæстон бардуаг». Йæ кувæндоны бынмæ сылгоймаг нæ цыд. 

 11 Фыдыуанийы (Сосланы Куывд), Хуыцаубоны 

12 Фыдуани, Къуырисæры

Фыдыуани у, тыхдымгæйы, ихæй, сахкъæвдайæ, адæмы, фосы æмæ зайæгойты чи хъахъхъæны, ахæм бардуаг. Ацы бæрæгбон кодтой Майрæмы куадзæнæй дыууæ къуырийы фæстæдæр – Майрæмы мæйы фæстаг къуырийы кæнæ Рухæны мæйы фыццаг бонты (кæс Фыдыуани). 

Фыдыуани у, ихæй, фыдкъæвдайæ, фыддымгæйæ адæмы, фосы æмæ быдыртæ чи хъахъхъæны, ахæм ахъаззаг бардуаг. У карз, æнæхатыр, æмæ йæм адæм куывтой курæгау, лæгъстæгæнгæ. Йæ бæрæгбоны ничи куыста, уæдæ нæм куы фæхæрам уа, йæ зæрдæхудты куы бацæуæм, зæгъгæ. 

Бæрæгбоны-иу сылгоймæгтæ сæ чъиритæ, сæ кувинæгтимæ хъæугæрон быдырмæ рацыдысты æмæ-иу Фыдыуанийæн табу кодтой, цæмæй хорз рæстæг ахæсса, фыдкъæвда æмæ сæ фыддымгæйæ бахъахъхъæна. Фыдыуани æмæ Уацилламæ бирæ иухуызон миниуджытæ ис. Фыдыуани æнгæс у дымгæйы бардуаг – Галæгонимæ дæр. Фыдыуани бæрæгбоны архайдтой æрмæстдæр сылгоймæгтæ; хъæумæ ‘ввахс-иу бæрæг ран æрæмбырд сты сывæллонджын ас сылгоймæгтæ æмæ-иу скуывтой Фыдыуанийæн цæмæй радта хорз рæстæг, чысыл куывдгонд-иу скодтой, фæминас-иу кодтой, фæзарыдысты, фæкафыдысты. 

15 Таранджелоз, Цыппæрæмы 

15 Сидæны Мыкалгабыр, Цыппæрæмы 

Ирон адæмы рагондæр дзуæрттæй иу у Мыкалгабыртæ. Æвæццæгæн, фæзынд Рекомимæ иу рæстæг. Ууыл дзурынц, Ирыстоны хæхты йын цы кувæндæттæ ис, уыдон. Мыкалгабырты бæрæгбон алы хæдзары дæр кодтой кусарт, дзуары бынмæ-иу схастой сæ кувинæгтæ. Хъæубæстæ бæрæгбоныл æмбæлдысты иумæ, нывондæн-иу фæззæджы гал равзæрстой æмæ-иу æй кувæндоны акусарт кодтой, чъиритæ æмæ-иу нозт æрбахастой.  

Нывондæн цы кусæрттаг равзæрстой, уымæн-иу йæ сыкъайы дзуары хуызæн æртæ уыгарды скодтой, йæ бæрзæйыл-иу ын къæлæт бафтыдтой. Уый амыдта, ацы гал Мыкалгабыртæн нывонд кæй у. Мыкалгабыртæ у хорарæх, бæркады, фарны бардуаг. Мыкалгабырты бæрæгбон хаста дыууæ къуырийы. Адæмæн ахæм уарзон уыд, æмæ йæ афæдз æртæ-цыппар хатты кæм кодтой, ахæм хъæутæ дæр уыди. Цины уа, зианы уа, ахæм фынг нæй, æмæ Мыкалгабырты тыххæй куывд кæнæ рæгъ кæм ма рацæуæ «Мыкалгабырты хорзæх нæ уæд. 

20 Гуццаты Дзуары Бæрæгбон, Дыццæджы 

21 Мады-Майрæмы Бон, Æртыццæджы 

22 Зары Уастырджийы Бон, Цыппæрæмы 

23 Фæззыгон Бонамиасад, Майрæмбоны 

24 Коми Уасгерги, Сабаты 

Фыдыуани – аграрон дзуар æмæ бæрæгбон уыцы дзуары номыл, дыгурæттæ йæ кæнынц августы райдианы æмбисы, ирæттæ та августы кæрон. Фыдыуани бæрæгбон хуымгæрдæнты хæдразмæ кæй вæййы, уымæ гæсгæ йæ сæйрагдæр хæс у, цæмæй адæм батабу кæной Фыдыуанийæн – нымадтой йæ ихы бардуагыл дæр скувой йæм æмæ дзы ракурой, балæгъстæ йын кæной, æмæ хуымгæрдæнты рæстæг хорз ахæсса. Фыдыуани бæрæгбоны архайдтой æрмæстдæр сылгоймæгтæ; хъæумæ ‘ввахс-иу бæрæг ран æрæмбырд сты сывæллонджын ас сылгоймæгтæ æмæ-иу скуывтой Фыдыуанийæн цæмæй радта хорз рæстæг, чысыл куывдгонд-иу скодтой, фæминас-иу кодтой, фæзарыдысты, фæкафыдысты. 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz