Ирон Адæмы Бæрæгбæттæ

0
459

Сусæны Мæй – Сосæн

9-12 Хъурмантæ, Хæдзæртти – Сабаты 

10 Хетæджы Уастырджи -Хуыцаубоны 

Раджы заман Кæсæджы цардис зæронд æлдар Инал. Уыдис ын æртæ фырты: Биаслан. Тасолтан æмæ Хетæг. Кæстæр æфсымæр Хетæг райста чырыстон дин. Æфсымæртæ уый куы базыдтой, уæд æм фæхæрам сты æмæ йæ амарынвæнд скодтой. Хетæгæн æндæр гæнæн нал уыд, æмæ йæ райгуырæн бæстæйæ ралыгъд. Æфсымæртæ хъуыддаг куы базыдтой, уæд йæ фæдыл фæфæдис сты. Мæнæ йæ ныр баййафдзысты, зæгъгæ, афтæ Хетæг айхъуыста цыдæр уæларвон хъæлæс: «Хетæг – хъæдмæ!» Фæлæ лæппуйæн йæ сæр бафснайыны амал нал уыдис æмæ йæ фæдзæхсæгмæ адзырдта: «Хетæг хъæдмæ – нал! Хъæд – Хетæгмæ!» Уыйадыл Уæлладжыры комы фахсæй хъæды къох сыстади æмæ хохрæбын тъæпæны, Хетæг кæм уыди, уым æрæнцад. Афтæ Уастырджи фервæзын кодта Хетæджы. Уый фæстæ лæппу бафтыд Зæрæмæджыхъæуккаг бонджын Бигъуыламæ. Бигъуыла йын радта йæ чызджы æмæ цæрæнбынат, Нары хъæу кæм ис, уым. Ацы зæхх Хетæг йæхæдæг равзæрста, байтыдта дзы хоры мыггаг. Фæззæджы хор тугыл куы аскъуыди, уæд йæ цæрæнбынат йæ зæрдæмæ фæцыд æмæ уым æрбынатон… 

«Сусæны мæйы хурмæ зæхх дзæгæрæг куы фæкæны, быдырдзаутæн сæ хидæй хуылыдз хæдæттæ сæ фæсонтыл куы баныхæсынц, уæд Хетæджы къохмæ бафтын дзæнæты къæсæрæй бахизынæй уæлдай нæ вæййы, – æнусон тулдзытæ, тæрсытæ, фатхъæдтæ, кæрзытæ сæ пæлæхсар бæзсыф къалиутæ кæрæдзиуыл сбыдтой, арвы цъæх ма дæм зыны се ‘хсæнты тæрхъусдзармыйас гæмттæй»,-фыссы поэт Хъодзаты Æхсар. Æрдзы æвæджиауы бынат… Æнусон пæлæхсар бæлæстæн сæ сæртæ арвы цъæхыл æмбæлынц, цыма нæртон тымбыл симдæй симынц, афтæ кæрæдзийы цæнгтыл æрхæцыдысты. Хетæджы кувæндон дæ ныййарæг мадау йæ фæлмæн хъæбысы æрбакæндзæн. Удæнцой, алæмæты æхсызгон уæлдæф уæнгты хъары. Зæгъ ам дæ зæрдæйы зæгьинæгтæ, ссыгъдæг кæн дæ уд. Хетæдæы Уастырджийыл бафæдзæхс дæхи, дæ кæстæрты, дæ бæлццæтты. Æрмæст мацы рахæсс, нæ дын æй ныббардзæн. Абон куы нæ уа, уæддæр дæ райсом йæ азар басудздзæн.  

Хетæджы кувæн бонтæ вæййынц сæрды, июлы дыккаг къуырийы. Хетæджы кувæндонмæ фыццаг æрмæстдæр нæлгоймæгтæ цыдысты. Алы хъæуæн дæр йæхи кувæн бæлас, йæхи сæрмагонд бынат уыди. Цыдысты бæхуæрдæтты, бричкæты, саргъыбæхтыл, фистæгæй. Бирæтæ-иу æхсæвы кувæндоны баззадысты. Ирыстоны дзырддзæугæдæр лæгтæ, удсыгъдæг дзуары лæгтæ куывтой Хетæджы Уастырджимæ, фæсивæд кафыдысты, зæлланг кодта ирон зарæг, арвмæ хъуысыдысты хъуытазмыр фæндыры уæздан зæлтæ, дардыл нæрыд къæрццæмдзæгьд. Фæсивæд хæцыдысты хъæбысæй, бæхтыл хъазыдысты, Дугъ уагьтой.  

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Хетæджы кувæндонмæ цæуын райдыдтой сылгоимæгтæ дæр, кæд сын уырдæм цæуын не ‘мбæлд, уæддæр. Стæй канд уырдæм нæ – Уастырджийы кувæндонмæ никуы цыдысты, йæ ном дæр ын нæ дзырдтой. Йæ кувинæгтæ, йæ мысайнаг-иу нæлгоймаг, лæппу ахæссæг кæмæн нæ уыд, уый-иу сæ йæхæдæг ахаста æмæ-иу сæ дзуары лæгмæ барвыста, цæмæй йын сæ скуывтаид. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, уыцы лæгæвзарæн бонты ирон сылгоймæгтæ ахызтысты фыдæлтыккон рагон æгьдауы сæрты. Ирыстоны нæлгоймæгтæ хистæрæй, кæстæрæй аивылдысты тохы цæхæрмæ. Стæм хæдзарæй фæстæмæ скувæг нæлгоймаг нал баззад. Æмæ ирон ныййарджытæ, саударæг сидзæргæс устытæ, амондагур чызджытæ сæ фыдæлты, сæ цардæмбæлтты, сæ фидæны къæйтты фæдзæхстой Лæгты дзуарыл, цæмæй сæ Тымбыл хъæды дзуар йæ рахиз базыры бын бакæна, цæмæй сæ хæдзæрттыл æнæфыдбылызæй сæмбæлой, Ирыстонмæ уæлахизимæ æрыздæхой.  

1980-90 азтæй фæстæмæ Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон ссис æппæтадæмон. Кувæндонмæ республикæйы алы горæттæ æмæ хъазутæй æрцæуынц дæсгай æмæ дæсгай мин адæймæгтæ. Сæхи, сæ бинонты, сæ къабæзты бафæдзæхсынц Хетæджы Уастырджийыл, фæкувынц, фæзарынц, фæкафынц, кæрæдзийæн фæзæгъынц сæ зæрдæбын дзуринæгтæ. Хетæджы дзуары кувæндон, Хетæджы Уастырджийы бонтæ систы адæмы иугæнæн бонтæ, нациты кæрæдзиуыл бæттæг бонтæ.  

Хетæджы кувæндон… Хетæджы къох… Тымбыл хъæды дзуар… Хетæджы Уастырджи…Фæстаг азты Хетæджы кувæндон, Хетæджы Уастырджи сси æппæт ирон адæмы кувæндон, æппæт ирон адæмы дзуар, æппæт ирон адæм сæ зæрдæйы зæрдиагдæр ныхас кæм фæзæгъынц, ахæм бынат. Хетæджы кувæн бонтæ систы нæ адæмы уарзондæр, æхсызгондæр, зæрдæйæн адджындæр бонтæ.  

Хетæджы Уастырджи ирон адæмæн у æргом дзуар, æргом сын чи ахъаз кæны, æргом сын сæ фыдбылызтæ чи сафы, кæддæр Хетæгæн Уастырджи йæ зыны сахат цы æххуыс бакодта, ахæм æххуыс сын чи кæны сæ зыны сахат. Адæм хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Уастырджи Хетæгæн цы æххуыс бакодта, уыцы æххуыс дын бакæнæд». 

Фыдæлты Уæзæгмæ. Хетæджы Уастырджийы Бæрæгбон / 25.07.2017:  

https://www.youtube.com/watch?v=n9KPHoEvm70 

10 Ныхасы Уастырджи -Хуыцаубоны 

Уастырджийы номыл Ирыстоны бирæ кувæндæттæ ис. Уыдонæн сæ зындгонддæртæй иу у Ныхасы Уастырджи. Уæлладжыргоммæ бæлццон цæуы кæнæ фæстæмæ здæхы æмæ Тæмисчъы сæрмæ, Ныхасы Уастырджийы кувæндон кæм ис, уым ма ‘рлæууа, Уастырджийыл йæхи ма бафæдзæхса, уымæн гæнæн нæй. Циндзинады фынгыл хистæр кувы, æмæ Ныхасы Уастырджийы ном ма ссара, уымæн уæвæн нæй.  

Ныхасы Уастырджийы кувæндон фæзынд нудæсæм æнусы астæу. Уæд арæзт æрцыд Ирыстонæй Фæскавказмæ фæндаг. Уый стыр цау уыди канд ирон адæмы царды нæ, фæлæ æппæт Цæгат Кавказы адæмты царды дæр; фадат сын фæци кæрæдзийы базонынæн. Уыцы рæстæг адæм хæхбæстæй быдыртæм ивылын райдыдтой. Фæндагыл арæх цыдысты зæйтæ, æрдзон фыдбылызтæ, æмæ-иу бæлццæттыл æрцыд зиантæ.  

10 Хуыцаубоны – Идауæг, Устур-Дигори зилди гъæути – Хуыцаубоны 

Дзуар идауæг – кувæндон Стыр Дыгурмæ хæстæг. Хосгæрдæнты размæ-иу хъæубæстæ дзуары бын Цыргъасæны бæрæгбон (Цыргъасæны куывд) скодтой æмæ-иу дзуар идауæг æмæ иннæ дзуæрттæм куывтой, цæмæй радтой зад кæрдæг, стыр хорæрзад, бахъахъхъæной хæдзарон фос, фæфылдæр æй кæной, æмæ идауæгмæ кувæг хъæубæстæн саккаг кæна æнæниздзинад æмæ амонд. 

10 Голя (Силгоймæгти бæрæгбон), Устур-Дигори ковæндони – Хуыцаубоны 

10 Рæхис, Донифарси ковæндони – Хуыцаубоны 

10 Дзирийы-Дзуар / Иры Дзуар – Хуыцаубоны 

Кувæндон Куырттаты комы, Цымытийæ Хæрисджыны æхсæн бæрзонд хохы сæр. Йæ бон вæййы Хетæджы Уастырджийы бæрæгбонимæ иумæ. Куывды йæм цыдысты æмæ цæуынц Цымытийы, Къадаты, Хидыхъусы, Хæрисджыны, Къора æмæ Уыры-хъæуы цæрджытæ. Раздæр-иу бæрæгбоны размæ нæлгоймаг кæстæртæ дзуары лæгтимæ кусарт акодтой Дзуары бын, стæй-иу ссыгътой цырагъ, цæмæй кувæндон æнæхъæн æхсæв рухс кодтаид. Уым-иу бахсæвиуат кодтой уæйлаг нымæттыл. Райсомæй-иу сæм адæм ссыдысты куывды. Алы хæдзарæн дæр дзуары лæг лæвæрдта, афæдзы дæргъы кувæндоны бæрцуаты цы фæдзæхсæн бæгæны æвæрд уыд, уымæй. Сæ бæгæныйыл-иу сын дзы æркалдта. Афæдзмæ-иу йæ ад уæлдайхуызон дæр нæ фæци. 

10 Гæлиаты Авд Дзуары, Гæлиати ковæндони – Хуыцаубоны 

11 Къуырисæры (Авдисæри) – Габонæ (Гулæри Габонæ) Диг. К., Дзинагъа æма Гулæри 

Дыгургомы Гуылæры хъæуы кувæндон. Габонай кувд, гулари габони (диг.) хорарæх æмæ хосарæхы бæрæгбон, кодтой йæ Дзинагъа, Ногхъæу æмæ Гулары цæрджытæ. Габонай кувд йæ миниуджытæм гæсгæ ирæтты аграрон бæрæгбон Нафмæ хæстæг лæууы. 

16 Фæроны Дзуар, Диг. К., Гæлиати Ковæндони – Сабаты (Сабати) 

16 Узунæг (Фарни фурт), Уæхъæци ковæндони – Сабаты 

16 Дигори Изæд, Ковæндони (Задæлескæмæ хæстæг) – Сабаты (Сабати)  

Кæддæр, дам, Астанты мыггагæй чидæр федта зæд тæхгæ æмæ сфæнд кодта йæ фæдыл ацæуын. Бафтыд иу стыр лæгæтмæ. Лæгæты астæу рæхысыл уыд аг ауыгъд. Уæдæй фæстæмæ уыцы бынат ссис Дыгуры зæды кувæндон. Кувæндон ис Задæлескы цæгатварс Седанты мæсыгмæ хæстæг æрдзон лæгæты. Иæ фæзуат у цыппарыссæдз квадратон метры.  

Дыгуры зæды бæрæгбон вæййы сусæны мæйы. Алы аз дæр куывдмæ бацæттæ кæныны æгъдау фæкæнынц радыгай, æртыгай хæдзæрттæй. Раздæр-иу сабаты изæрæй æргæвстой нывонд гал. Ныр та, йæ рад кæмæн у, уыдон раттынц фæйнæ фысы. Æртæ хæдзары нæлгоймæгтæй къухæй хуыздæр чи арæхсы, уый рæсугъд къæбæл скæны æмæ йыл аз ныффыссы, стæй йæ кувæндоны нывæрынц.  

Азы дæргъы лæппу кæмæн райгуыры, йæ бæлццон æфсадæй кæнæ æндæр искæцæй кæмæн ссæуы, уый бæрæгбоны кувæндонмæ сæрмагондæй æрбахæссы кусарт, чъиритæ, арахъ, бæгæны. Хистæртæ фæкувынц, цæмæй адæм æнæниз, æнæфыдбылызæй цæрой, Дыгуры зæды хорзæх сæ уа. 

17 Сосланы Бæрæгбон, Нари ковæндони – Хуыцаубоны 

Ирон адæмы рагфыдæлтæ Нартæ сæ байзæддæгтæн дзуæрттæ кæй систы, уымæн æвдисæн у Дыгургомы Сосланы кувæндон. Куыд дзурынц, афтæмæй обауы уыд дыууæ метры дæргъæн лæджы стæгдар. Сосланы кувæндон ис дыууæ Нары астæу, Mæцутæмæ ‘ввахс. Бæрæгбон вæййы сусæны мæйы фыццаг хуыцаубоны. У хоры, фæллойы бæрæгбон. Кувæндонмæ цæуыны бар ис алкæмæн дæр: нæлгоймагæй, сылгоймагæй. Куывды фысым-хæдзар бæрæгбонмæ скæнынц бæгæны, рауадзынц арахъ.  

17 Кæхцгæнæнтæ – Хуыцаубоны 

Ирон адæмæй ацы бæрæгбон чи нæ зоны, æвæццæгæн, ахæм нæй. Вæййы сусæны мæйы дыккаг хуыцаубоны. Бæрæгбон афтæ кадджын уыди, æмæ бирæтæ уыцы мæй Кæхцгæнæны мæй хуыдтой. Алы ноггуырд лæппуйæн дæр скæнынц кæхц. Раздæрты æрмæстдæр фыццаг лæппуйæн кодтой кæхц, фæлæ куыдфæстæмæ кæхц кæнын райдыдтой алы ноггуырд лæппуйæн дæр. Ноггуырд лæппуйы фæзынд ирон хæдзары стыр хъуыддаг уыди, уымæн æмæ хæххон фыдуавæрты сæйраг уæз нæлгоймагыл хауд, уый уыди бинонтæн сæ ныфс, сæ дарæг. Кæхцгæнæны бонмæ ма-иу дыууæ къуырийы куы баззад, уæд-иу, фыццаг лæппу кæмæн райгуырд, уыцы сылгоймаджы йæ сывæллонимæ хуынимæ йæ цæгатмæ кæхцагур арвыстой. Чызджы бинонтæ-иу хуынмæ сыхæгты æрхуыдтой, чызгæн йемæ чи уыд, уыдонæн-иу фæарфæтæ кодтой, хорз-иу сæ сбуц кодтой.

Лæппуйы хæдзар дæр-иу сцæттæ кодтой сæхи кæхцгæнæнтæм, аргæвстой-иу уæныг, кæнæ фыркъа, кæмæн йæ фадат куыд амыдта, афтæ. Куывдмæ-иу æрхуыдтой хъæубæсты, сывæллоны мадырвадæлты. Фынджы хистæрмæ-иу бахастой лæппуйы ногнадæй, ног уæлæдарæсы, æмæ-иу ын йæ мадырвадæлтæ цы хуын рарвыстой, уый скуывтой. Фылдæр куывтой Мады Майрæммæ, Уастырджимæ. Хистæр-иу куы фæци куывд, уæд-иу сывæллоны райста, йæ рахиз къухы æнгуылдз ын-иу дзыккайы къусы атъыста.  

17 Фæроны Дзуары Бон – Хуыцаубоны 

18 Фыры Дзуары Бон – Къуырисæры 

18 Рагъы Дзуар -T.k. – Къуырисæры 

Кувæндон Хуссар Ирыстоны. Йæ бæрæгбон вæййы Кæхцгæнæнтимæ иу бон. 

19 Бызы Саубарæджы Бон – Сау хонхи бадæг Сау Кизгæ – Дыццдæжы 

Саубарæджы дзуар мах рæстæджы бирæтæй ферох, фæлæ раздæр, суанг ма ссæдзæм æнусы райдайæны дæр тынг хъуыстгонд уыд. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй йæм адæм кувын райдыдтой æвддæсæм-æстдæсæм æнусты. Уыцы рæстæг Ирыстонæн йæхи мидæг дæр цыди быцæутæ, фæлæ йын уæлдай тæссагдæр уыди æддагон лæбурджытæй, Кæсæджы æлдæрттæй (кæс Сау бæрæджы дзуар). Саубарæджы дзуары кувæндон и Уæлладжыргоммæ бацæуæн хъæу Бызмæ хæстæг, адæймаджы къах кæдæм нæ хæццæ кæны, ахæм лæгæты. Саубарæджы дзуар у къæрныхты æмæ абырджыты бардуаг. Бады сау бæхыл, йæ уæлæ – сау дарæс. Давынмæ æмæ марынмæ чи фæцæуы, уыдонмæ бæрзонд къæдзæхæй кæсы, хъахъхъæны сæ. Фæсивæд балцы цæугæйæ сæхи фæдзæхстой Саубарæджы дзуарыл, фæндараст куыд фæуой, сæ хæдзæрттыл дзагармæй куыд сæмбæлой, æнæфыдбылыз куыд уой. Уырныдта сæ, Саубарæджы дзуар сæ æхсæвы тары фæфæндараст кæндзæн, сæ фæнд сæ къухы бафтдзæн. Фæлæ сæ балц нæ фæрæстмæ, уæд сыл Саубарæджы дзуары зæрдæ фæхудт, цæуылдæр сæм фæхъыг, цæуыл-дæр сæм смæсты. Фыдæлтæ дзырдтой, Саубарæджы кувæндонмæ хæстæг, дам, фос куы ныууадзай, уæд сын ма фыдгæнджытæй тæрс, ма бирæгътæй. Фосыл, дам-иу бирæгъ куы бамбæлд, уæд, дам-иу цавддурæй баззад. Сау бæрæджы дзуар – къæрныхты æмæ абырджыты бардуаг ирон мифологийы. Куыд дзурынц, афтæмæй Сау бæрæджы дзуар кæддæриддæр сау бæхыл æмæ сау дарæсы вæййы, давынмæ æмæ стигъынмæ цы фыдгæнджытæ фæцæуы, уыдон разæй.  

20 Тербаты дзуар / Хохы дзуар – Æртыццæджы 

Ирыстоны кæмтты бирæ ис Хохы дзуары кувæндæттæ. Дзуары бæрæгбон фылдæр хатт æрцæуы сусæны мæйы æртыккаг хуыцаубонмæ. Кувæндонмæ аласынц æртæ чъирийы, арахъ, бæгæны, кусæрттаджы рахиз фарсы æртæ фæрскæй физонæг. Хохы дзуар кæнæ Тербаты дзуар у дзуар Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Гуыркъуымтыкомы Тъæбæгъæумæ ’ввæхс. Æвдыст цæуы куыд аграрон дзуар. Уæлдай кадджын у Иры хæхбæсты. Хохы дзуар дæтты хоры тыллæг. Хъахъхъæны фос низтæй æмæ хъæддаг сырдтæй. Адæммæ куы смæсты вæййы, уæд рауадзы их æмæ сын сæ хуымтæ ныццæгъды; рауадзы тæрккъæвдатæ æмæ ракæлынц лами дурзæйтæ, ралæбырынц хохы фæхсътæ. Афтæ нымадтой, зæггæ, Хохы дзуар цæры Гуыркъуымтæгомы, йæ кувæндоны, уæлæуæз, хæхты. Сæрд йæ кувæндоны кодтой куывд. Æргæвстой уæрыкк æмæ табу кодтой бæлвырд фæтк æмæ æгъдаумæ гæсгæ. 

24 Хуыцауы Дзуар – Д.к. Хуыцаубоны 

Ирон адæм сæхи цы дзуæрттыл фæдзæхстой æмæ фæдзæхсынц, уыдонæн сæ кадджындæртæй иу у Хуыцауы дзуар. Хæхбæсты ахæм хъæу нæй, æмæ йæ номыл кувæндон кæм нæ ис. Иутæ бæрæгбон кодтой сусæны мæйы æртыккаг кæнæ цыппæрæм хуыцаубоны, иннæтæ та кæфты мæйы. Уæлдай тынгдæр ыл сæхи фæдзæхстой сылгоймæгтæ. Чындз-иу чи æрхаста, йæ хæдзары сывæллон кæмæн фæзынд, уыдон-иу Хуыцауы дзуары бæрæгбоны сæрмагондæй акодтой кусарт. Дзæуджыхъæуы сæрмæ цы кувæндон ис, уый. Hæ бæрæгбон æм алы аз дæр æрбацæуы бирæ адæм. Æмæ канд горæтæй нæ, фæлæ горæтмæ хæстæг хъæутæй дæр. Адæм вæййынц хъæлдзæг, фæзарынц, фæкафынц. Хуыцауы дзуары бæрæгбон ссис Дзæуджыхъæуы ирон адæмы иумæйаг бæрæгбон.  

26 Бызы Сау Барæг – Дыццæджы 

30 Дыгуры зæды Бон – Сабаты 

30 Елиа, Æхсæвы – Сабаты 

Дыгургомы рæбыны, Стыр Дыгуры зылды, æвæджиауы рæсугъд æрдзы хъæбысы æрбынат кодта рагон хъæу Ахсау. Ардыгæй рацæугæ мыггæгтæ сæ бастдзинад райгуырæн зæххимæ кæй нæ сафынц, ууыл дзурæг у хъæуы астæу Бузойты ног амад мæсыг æмæ æппæт мыггæгты иумæйаг зæрдиаг архайд Билаги Елиайы бæрæгбоны рæстæг. 

Елиайы бæрæгбон Ахсауы | Фыдæлты уæзæгмæ: https://www.youtube.com/watch?v=inS9EFPd0VU 

31 Атынæг / Цыргъисæн – Хуыцаубоны 

Атынæг – бардуаг, дæтты зад кæрдæг æмæ хорз рæстæг хосгæрдæнты. Хосгæрдæнты размæ-иу скодтой хъæубæсты куывд, хуыдтой йæ Атынæджы куывд, уыдис-иу дзы æрмæстдæр зайæгхал æмæ урссагæй хæринаг. Бæрæгбоны размæ-иу хос кæрдынмæ чи бавнæлдта, уыдон-иу, хъæубæсты уынаффæмæ гæсгæ фæивар кодтой, иуæй-иу хатт та сыл-иу хъоды дæр бакодтой. 

31 Къобы Уастырджи – Хуыцаубоны 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz