Байт

0
398

САБЫРДЗИНАДЫ ПРОСПЕКТ  

  

Ацы стыр уынджы бæлæстæ  

Зонынц иу бæласау мæн.  

Тилынц радыгай мæ фæстæ  

Ног сæ базыртæ фæлмæн.  

  

Ардæм тагъд фæкæнын дардæй,  

Ардыгæй нæ кæнын тагъд.  

Ардæм рацæуын фæлладæй,  

Ам та нал вæййын фæллад.  

  

Ам æндæр ад кæны уæлдæф,  

Ам æндæрхуызон у зæхх.  

Ацы ран вæййын æнæрцæф,  

Ам мæнæн ныччынди цæхх.  

  

Ам мæ царды хуыздæр бонтæм  

Хур йæ цалхыдзагæй каст.  

Ам æнæнхъæлæджы сонтæй  

Райхъал ноггуырдау мæ уарзт. 

 Дзасохты Музафер

 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz