Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

ИРЫ ИУМÆЙАГ РИС – БЕСЛÆН

Куыд æндæр азты, афтæ та ныр дæр 3-æм сентябры – терроризмы ныхмæ тохы бон, Цхинвалы Мады Майрæмы аргъуаны раз хуссарирыстойнаг адæм дæр æрымысыдысты Беслæны трагедийы амæттæгты рухс нæмттæ. 

18 азы размæ Ирыстоныл æрцыд, ахъуыдыгæнæн дæр кæуыл нæ уыд, ахæм æвирхъау фы-дохы трагеди. Тугдзых лæгсырдты къухтæй сæдæгæйттæй бабын сты æнæаххос адæймæгтæ, уыдон бахъавыдысты нæ зæрдæйы уидæгтæм, нæ сабитæм, нæ фидæнмæ. Фыдгæнджытæ сабиты æхстой разæй æмæ чъылдымæрдыгæй, мардтой, сæ ныхмæ хъæддыхæй чи лæууыд, уыцы нæлгоймæгты æмæ сын сæ мæрдтæ æддæмæ рудзгуытæй калдтой. Никуы ферох уыдзысты, террористон фыдракæнды чи фæмард сты, уыцы адæм, уæлдайдæр та се ‘хсæн цы 186 сывæллоны уыдис, уыдон, афтæ ма сæм ирвæзын кæнынмæ чи фæзындысты, уыцы «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы хъайтар лæппутæ.  

3-æм сентябры 13 сахаты æмæ 5 минутыл Беслæны 1-æм скъолайæ райхъуыст фыццаг срæмыгъд æмæ уæд ирон адæмы кæуын æмæ хъарæг дæр райхъуыстысты. Беслæны трагедийы фыдгæнджыты къухтæй фæмард сты 334 адæймаджы…  

3-æм сентябры – фыдохы боны Хуссар Ирыстоны столицæ Цхинвалы дæр ссардтой Беслæны æрцæугæ теракты амæттæгты рухс нæмттæ. Хуссарирыстойнаг фæллойгæнджытæ Беслæны трагедийы амæттæгты нæмттæ мысыдысты нæ горæты Мады Майрæмы аргъуаны фæзуаты. Адæм дидинджытимæ æмбырд кодтой фæзуатмæ. Скъоладзау фæсивæд семæ æрбахастой нуазыны дон æмæ хъазæнтæ æмæ сæ æрхæндæгæй æвæрдтой зæххыл. 

Мысæн мадзалы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Джуссойты Константин, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, РХИ-йы культурæйы министр Зæгъойты Рада æмæ хицауады æндæр бæрнон кусджытæ, афтæ ма республикæйы скъолаты ахуыргæнджытæ æмæ хистæркъласонтæ. Мысæн мадзал байгом ис фыдохы музыкæйы зæлтæй, кæцы ноджы тынгдæр бацагайдта хъынцъымгæнаг адæмы зæрдæтæ. 

Гимнази «Альбионы»-ы ахуыргæнинæгтæ æрæмбырдуæвджыты зæрдыл æрлæууын кодтой Беслæны трагедийы бонтæ. Мадзаламонджытæ кæрæдзи ивгæ дзырдтой трагедийы тыххæй, куыд райдыдта æмæ цæуыл фæцис, уыдæттыл. Уыдон бахатыдысты æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй иу уысм æмырæй алæугæйæ ссарой, Беслæны скъолайы террористты къухтæй чи бабын сты, уыдон рухс нæмттæ. Ахуыргæнинæгтæ традицимæ гæсгæ, уæларвмæ суагътой, цы 334 урс тымбылæджы уыдис сæ къухты, уыдоны. Дарддæр адæм цыдысты æмæ дидинджытæ æвæрдтой аргъуаны Хъынцъымгæнæг зæды цырты раз. 

3-æм сентябры ма цыппар сахатыл Хуссар Ирыстоны аргъуанты Беслæны скъолайы фæмардуæвджыты номыл уагъд æрцыдысты службæтæ. 

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ сентябры мæйы фыццаг бонтæ фыдохы бонтыл нымад кæй цæуынц, уый тыххæй нæ республикæйы ног ахуыры аз райдайы 5-æм сентябры. 

  

Цхуырбаты Ларисæ 

Yazarın Diğer Yazıları

Ahmet Telli, Enternasyonal’le uğurlandı

Şair ve yazar Ahmet Telli için 12 Temmuz’da Ankara’daki İnşaat Mühendisleri Odası’nda anma töreni düzenlendi. 10 Temmuz’da hayatını kaybeden Telli’nin cenazesi, salona alkışlar ve karanfillerle...

Bayramcı Köyü Geleneksel Voleybol Turnuvası 20 Temmuz’da başlıyor

Düzce'nin Bayramcı Köyü'nde her yıl büyük ilgiyle takip edilen Geleneksel Voleybol Turnuvası, bu yıl 20 Temmuz'da başlayacak. Bayramcı Köyü Derneği tarafından düzenlenen organizasyon, 13...

DHİBRA’dan destek açıklaması: “Yol Arkadaşımız Bülent Bilmez’in Yanındayız!”

Dil Hakları İzleme Belgeleme Raporlama Ağı (DHİBRA), yayımladığı çağrıyla işten çıkarılan Prof. Dr. Bülent Bilmez’in Bilgi Üniversitesi’ndeki görevine iade edilmesini talep etti. “Yol Arkadaşımız Bülent...

Sosyal Medyalarımız

9,251BeğenenlerBeğen
2,745TakipçilerTakip Et
4,012TakipçilerTakip Et
677AboneAbone Ol

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img