ТАБУ КÆНÆМ ХУЫЦАУÆН, ЗÆДТÆН, ДАУДЖЫТÆН

0
354

Ирон адæмы абоны кæстæр фæлтæртæ ахуырыл хæст сты, интернеты, газетты цы кæсынц, телевизорæй цы уынынц, уый сæ зæрдыл хорз дарынц. Уый хыгъд иппæрд кæнынц сæ уидæгтæй. Æмæ хаттæй-хатт ирон хъуыддæгты, æвзаджы фæлгæты бахауынц къуырцдзæвæны. Тыхсын сæ кæны дзырд табу дæр. Ирон хистæртæ нæлгоймагæй, сылгоймагæй кувгæ-кувын, хи Хуыцауыл, зæдтыл, дауджытыл фæдзæхсгæйæ, сæ ныхас райдайынц табутæ кæнгæйæ. Табу у аргъуцы, кад кæныны уæлдæр къæпхæн. Ныр бирæтæ табу зонынц нæфæтчиагæй, тобæйæ, бар цы ми скæнæн нæй, ахæм мидисимæ. Ацы дзырд ахæм нысанимæ, мидисимæ ахуыргæндтæ раджы кæддæр фехъуыстой Полинезийы бынæттон цæрджытæй. Уæрæсейы зонæдты академийы уагъд «Современный словарь иностранных слов»-ы кæсæм: «Табу неск. с/ полинез tави священный, запретный. 1. У первобытных народов религиозный запрет на какие-л. действия, предметы на их обозначения в языке. 2. перен. Вообще запрет чего-л. «Газетчики сняли запрет с этой темы». Полинези ис Сабыр фурды астæу сакъадæхтыл. Цы бынæттон цæрджытæ дзы ис, уыдоны хонынц полинезийæгтæ. Се ‘взагыл табу амоны тобæ, бар цы хъуыддаг, ми бакæнынæн нæй, уый. Куы йæ бакæнай, уæд дæ уæлдæр тыхты фыдæх баййафдзæн. Гъе ныр ма мын зæгъут, далæ кæмдæр, Гандзайæ бирæ-бирæ дарддæр цавæрдæр ахуыргæндтæ цыдæр хъæддаг адæммæ нæ уæлвонг уаз дзырд табуйы хуызæн цыдæр фехъуыстой, зонадмæ йæ бахастой æмæ йæ уый тыххæй мауал дзурæм? Иуæй-иу хатт ацы æмæ æндæр дзырдты нысаниуæджы, йæ ирон цардæй, æгъдауæй чи фæиппæрд, уыдон адæмы, уæлдайдæр та кæстæрты сдыгъуырццæг кæнынц, сæхæдæг рæстмæ кæй нæ фæзонынц, уый амоныны басгуыхынц. Æмæ ахæмтæн ныхкъуырд дæттын хъæуы. — Табу Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцауæн, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæн! Оммен! 

  

КУСАРТЫ РИУЫ ГУЫДЫР 

Нæ фыдæлтæ фылдæр фосдараг уыдысты æмæ иттæг хорз зыдтой фосы куыст. Абон уавæр æндæр у, кусарт акæнын дæр ма стæмтæ зонынц. Бирæтæ уæнггай кусарт цы у, цæмæй хицæн кæны, кæд æй кæнынц, уый дæр нал æвзарынц. Кусартæн йæ къубал æмæ йæ бæрзæй фæхицæн кæнынмæ нал арæхсынц. Æмæ хатт фынгыл хистæрты раз — цины уа, зианы — бæрзæйы бæсты къубал æрæвæрынц. Уымæй дæр ма йæ бирæгъы хай вæййы йæ уæлæ. Бæрзæй у, гал æфсондзыл размæ цæмæй хæцы, уый. Уымæй размæ та ис къубал. Йæ тæккæ кæрон ис бирæгъы хай — æнæ дзидза стæг. Æргæвдæг-иу æй ралыг кодта æмæ-иу æй иуварс аппæрста. А, бирæгътæ, уый та уæ хай æмæ нын нæ фосмæ ма лæбурут, зæгъгæ. 

Ацы хабæрттæ кæд лыстæг хъуыддæгтæ сты, уæддæр æгъдæуттимæ баст сты, æмæ сæ базонын фæнды суанг нæ сылгоймæгтæй дæр бирæты. Æмæ куы иу фарст стынг кæнынц, куы — иннæ. Бирæ хæттыты бафæрсынц: «Кусарты риуæй цы æргъиу ралыг кæнынц, уый та куыд хуыйны?» Кусарты риуы гуыдыр, уæллаг фæрсчытæ фидаргонд кæуыл сты, уый хуыйны мурзæг, кæразимаг та — фæрсчытимæ. Ирон адæмон зарæджы ис ахæм ныхæстæ: «Кæразимагимæ дын физонæг». Ома, физонæг кæразимаг æмæ фæрсчытимæ иумæ. 

Мурзæджы кæрон ис чысыл æргъиу. Уый та хуыйны гæркъуыр. Кусарт чи фæкæны, уый йæ ралыг кæны æмæ-иу æй раздæр хохаг хæдзары астæуккаг цæджындзыл батъæпп ласта, ныр та — дуары сæрмæ. Кæд, дам, хорз аныхæса, уæд хæдзары сиахс йæ каистыл иузæрдион у-иу дзырдтой. Æмæ йæ уымæ гæсгæ сиахсаггаг дæр хонын райдыдтой. Стæй ма — ныхасæггаг дæр. Кæй аныхæсы, уымæ гæсгæ. Ацы æгъдау кæнынц куывды, чындзæхсæвы рæстæг. Зианы фæдыл хъуыддаджы йæ къухмæ кард чи райсы, уый кусартгæнæг дæр нæ хуыйны, фæлæ æргæвдæг. Туг цæмæй суадзы, уый та æргæвдинаг, цины хъуыддаджы та — кусæрттаг, нывондаг. Къоста нын йæ æмдзæвгæ «Зонын»-ы хуымæтæджы нæ зæгъы: «Зонын æргæвддзыстут исты». 

Цгъойты Хазби 

  

https://new.xurzarin.ru/iron-aegdaeuttae-2/ 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz