Хъоды (Хъæудзырд)

0
191

Ирон адæмон æгъдæуттæ – 10 

Ирон царды алы уавæрæн дæр ис йæхи æгъдау. Иу ран гæнæн цæмæ ис, уый æндæр ран арæх нымад цæуы худинагыл. Алы æгъдауæн дæр ис йæхи бынат æмæ йæхи рæстæг. Хистæрты æмæ сылгоймæгты раз нæ уыдис хъæрæй дзурын. Фынджы уæлхъус бадгæйæ дæр афтæ. Уымæй уæлдай ма сæхиуыл хæцыдысты адæм кувæндæтты æмæ уæлмæрдты, уыцы ран хъæрæй сдзурын тынг худинаг уыд. Цæвиттон, ирон адæмы æгъдаумæ гæсгæ, уыдис бирæ хъуыддæгтæ, кæцытæ аразын не ‘мбæлдис, кæцыты нымадтой худинаг æмæ æгадыл. Æмæ кæд алы адæймагæн дæр йæ бар йæхи уыдис, уæддæр æй йе ‘гъдау æмæ йе ‘хсæнадон хæс хызтой æвзæр ми кæнынæй. Стæй-иу хатт искуы ахæм æнæгъдау куы разындис, йæ мыггаджы, йæ хъæубæстæйы худинаг чи кæны, уæд-иу ыл адæм сæхи атигъ кодтой, æнæуынон-иу сси, сæрмæ-иу æй ничиуал хаста. Раджы заманты уый мæлæтæй æвзæрдæр тæрхон уыдис. Хатт ахæм адæймагыл кодтой хъоды. Хъодыгонд адæймагимæ ничи дзырдта, нæдæр ын æххуыс кодта. Уынджы цы дуртæ ис, уыдонæй уæлдай йæ хъуыды дæр ничи кодта. Стæй хъодыгонд æгъдау чи фехæлд-таид, уый йæхæдæг дæр хъуамæ æрцыдаид хъодыгонд. Ахæм карз æмæ æгъа-тыр æгъдау равзæрдис нæ раг фыдæлтæм, æвæццæгæн уымæн, æмæ сæм адæмы фарн, адæмы цæстæнгас царды кастис æппæты сæйрагдæрыл. Сæ кад æмæ намыс хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау. Фылдæр-иу хъодыйы бæсты равзæрстаиккой мæлæт.

Нæлгоймаджы æмæ сылгоймаджы бынат ирон æхсæнады

Раздæры заманты уынаффæйы бар хаудис æрмæстдæр нæлгоймæгтæм. Бинонты ‘хсæн нæлгоймаг уыдис хæдзары хицау, æмæ йын сылгоймаг кæддæриддæр æххæст кодта, фæстæмæ йæм нæ дзырдта. Уæлдайдæр та — адæмы астæу. Уымæн æмæ уымæй уый фегад кодтаид йæхи дæр æмæ йæ сæры хицауы, æмæ йæ бинонты дæр. Зондджын сылгоймаг кæмдæриддæр йæ лæджы кад бæрзонддæр кæныныл архайы, уæд уыимæ йæхæдæг дæр кадджындæр кæны. Хъыгагæн, абон иуæй-иутæй уыцы цæвиттон рох кæнын райдыдта, æмæ бирæ бинонты ‘хсæн бæрæг нал вæййы, усæй, лæгæй чи у «лæгдæр». Сылгоймаг Ныхасмæ нæ цыдис æмæ лæгтимæ уынаффæ нæ кодта. Нæ йын æмбæлдис цæуын кувæндæттæм бирæтæм. Цæвиттон, раджы заманты нæ адæммæ нæлгоймаджы æмæ сылгоймаджы хæстæ уыдысты хицæн, æмхæццæ нæ кодтой.

Фæлæ уыимæ, ирон æхсæнады сылгоймагæн уыдис стыр кад æмæ намыс. Тынг бæрзонд уыдис æвæрд хæдзары æфсины бынат бинонты ‘хсæн. Бæхджыны размæ-иу сылгоймаг куы фæцис, уæд-иу хъуамæ æнæмæнг йæ бæхæй æрхызтаид æмæ салам радтаид. Уæдæ сылгоймæгтæ лæгты раз фæцæйцæуой — уыдон-иу сын сыс-тадысты. Сылгоймæгтæн сæ хистæр арфæ куы ракодта, уæд-иу ын стæй загъта: «Сба-дут, уæ хорзæхæй». Сылгоймаджы бафхæрын нæ фыдæлтæм нымад уыдис стыр фыдракæндыл, æмæ йын кодтой карз тæрхон, суанг туг исыны онг. Ирон адæммæ бирæ ис, сылгоймагæн кад кæнынимæ баст чи у, ахæм æгъдæуттæ. Зæгъæм, дыууæ нæлгоймаджы хыл кæнынц, æмæ сылгой-мæгтæй исчи се ‘хсæн йæ кæлмæрзæн æрæппæрста, уæд-иу æнæкъуылымпыйæ сæ хыл ныууагътой, æмæ сæ кæрдтæ сæ кæрддзæмты нывæрдтой.

 

Уайсадын

Цымыдисаг æмæ вазыгджын у уайсадыны æгъдау. Чындз йæ цæрыны хæдзармæ куы бацæуы, уæд бинонты хистæртæм уайсадгæ фæкæны, ома, сæ разы дзургæ нæ фæкæны. Уыцы æгъдау чындзæн ахъаз кодта, йæхи куыд æмбæлы, афтæ дарынæн, уазданæй æмæ баронæй. Уыимæ бинонтæ сæхæдæг дæр уайсадæг чындзы æфсамæй йæ разы нæ кодтой, уæлдай ми кæнынæн цы не ‘мбæлы, ахæм ныхас. Ацы æгъдау ирон адæммæ ныртæккæ дæр ис. Фæлæ ныры хистæртæ чындзы дæргъвæтин рæстæг уайсадын нæ бауадзынц. Кусарт акæнынц, сæ сыхбæсты æрхонынц, æмæ, чындзмæ нуазæн авæргæйæ, йæ сæхимæ сдзурын кæнынц.

Раздæр стыр бинонты ‘хсæн сылгоймæгтæ (æфсин, чызджытæ, чындзытæ — хистæрæй кæстæрмæ) кодтой æрмæстдæр сæм цы куыстытæ æмбæлдис, уыдон: хæринаг аразын, сывæллæттæм зилын, æфснайын æмæ афæ дарддæр. Сылгоймаджы хъуыддæгты йæ фындз чи тъыссы ахæм нæлгоймаг йæхи тынг фæхудинаг кодтаид, зарæггаг дæр уыдаид. Уыцы æгъдаумæ гæсгæ, ирон лæг йæ сывæллæтты нæ рæвдыдта, суанг сæм къухæй дæр не ‘внæлдта, уæлдайдæр та — хистæрты раз.

Цымыдисаг у ахæм хабар. Раджы заманы, хистæримæ ныхас кæнгæйæ, æрыгон лæг бафиппайдта йæ чысыл фырт, зæххыл быргæйæ, мæнæмæнæ уæлхæдзарæй дæлæмæ ахаудзæн. Уæд, ныхас дарддæр кæнгæйæ, лæг аивæй сывæллоны хæдоныл йæ къахæй ныллæууыдис, æмæ йыл хæцыдис, цалынмæ хистæр ацыдис, уæдмæ. Йæ хъæбулы аирвæзыны охыл дæр ирон лæг нæ ахызтис æгъдауы сæрты, нæ йæ систа йæ къухмæ, хистæры æфсæрмæй.

Нæлгоймаджы хæстæ уыдысты баст уæззау куыстимæ, хæдзармæ фæллой хæссынимæ, бинонтæ æмæ æхсæнад хъахъхъæнынимæ. Цæвиттон, ирон царды нæлгоймаг хъуамæ уыдаид зæхкусæг, цуанон, фосдарæг, уынаффæгæнæг, æмæ бахъуыды рæстæджы — хæстон. Лæппуты-иу чысылæй фæстæмæ ахуыр кодтой хæдзары куыстыл, цæттæ сæ кодтой тызмæг æмæ тæссаг уавæртæм. Æвадат хохаг царды кæстæртæ æндонау æхсыстой, буары хъæдæй — фидар, ныфсæй — домбай. Стæй ахуыр кодтой хæстон лæджы миниуджытыл, хæцæнгарзæй архайыныл, бæхыл бадыныл. Æмæ хуыздæр чи арæхстис, уымæн адæмы ‘хсæн йæ кад рæзыдис. Уымæй уæлдай ма кадджыныл нымад уыдис рæсугъд кафæг æмæ курдиатджын зарæггæнæг дæр. Усгуры-иу фыццаг уыцы хъуыддæгтæй æвзæрстой, æмæ йын стæй уæд йæ арæхстдзинадмæ гæсгæ аргъ кодтой. Уæздан фыдæлтæ æмæ хъæздыгдзинады фæрцы нæ уыдис сæрæн æмæ хъæбатыр лæджы кад бакусын. Ирон лæг хъуамæ мæлæтæй маккуы тарстаид — уый уыдис худинаг.

Чызджы та хъомыл кодтой уæздан æмæ хиуылхæцгæйæ, сылгоймаджы миниуджытæй æххæсстæй. Къæйных, ныхæстæгæнаг, æнæуæздан, лæгой арæзт чызг адæмы астæу уыдис худинаг. Ахæм хæдзармæ хорз усгур нæ цыдис. Уæдæ стыр æгаддзинадыл нымад уыдаид, чызг лæп-путы ‘рдæм æгæр куы кастис, уæд. Лæппу æмæ чызг кæрæдзийы зæрдæмæ куы цыдысты, уæддæр-иу фембæлдтытæм не згъордтой. Кæд-иу æнæнхъæлæджы кæ-рæдзийыл фембæлдысты æмæ дыууæ ныхасы загътой, уæд — хорз.

Ныры цард бирæ ивддзинæдтæ бахаста кæстæрты ахастдзинадмæ. Раздæр уæвæн кæмæн нæ уыдис, уыцы хъуыддæгтæ ныр æрвылбойнаг систы. Аивтой чызджытæ æмæ лæппутæ, кæд ма дзы искæмæ фыдæлты фарнæй исты ис, уæддæр.

 

Уазæджы сбуц кæныны æгъдау

Рагæй дæр дардыл хъуыстгонд у ирон адæмы уазæджы сбуц кæныны æгъдау. Хъæумæ-иу уазæг куы æрцыдис, уæд алчи дæр кадыл нымадта уыцы уазæгæн фысым ныллæууын. Фылдæр хатт уазæгæн кодтой кусарт, йæ разы йын æвæрдтой, хæдзары цы хуыздæр хæринаг уыд, уый. Бинонтæй алчи дæр архайдта уазæгæн лæггад бакæныныл.

Стыр худинагыл нымадтой нæ фыдæлтæ хæддзуйæ (æнæхонгæйæ) куывдмæ, чын-дзæхсæвмæ кæнæ хистмæ цæуын. Ома, æрвитгæ йæ ничи ракодтаид, фæлæ ахæм адæймагæн алчи йæ цæстæнгасæй æвдыста, худинаг кæй у. Нæ адæм ма ныр дæр фæдзурынц: «Дæ гуыбыны фæдыл ма цу». Уый ууыл дзурæг у, æмæ ирон лæгæн сæйрагдæр хъуамæ уой йе ‘гъдау æмæ йе ’фсарм. Фынджы уæлхъус ирон лæг куыдфæндыйæ нæ дары. Хъуамæ йæ алы ныхас, йæ алы ми дæр уа нæ фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ, нывыл. Бадтысты-иу бирæ рæстæг, фæлæ хæргæ бирæ нæ кодтой. Бирæ хæрын ирон адæммæ у худинаг. Стонджы кой кæнын худинаг уыдис. Искæмæ-иу фæндаггон куы бацы-дис, уæд-иу ын фысымтæ бирæ лæгъстæ фæкодтой, исты ма нæм ахæр, зæгъгæ.

Ноджы худинаг дæр уыдис карз нозтæй бирæ нуазын. Фынджы уæлхъус нуæзтой ирон бæгæны æмæ арахъхъ. Æмæ-иу дзы кæд фæхъæлдзæг сты, уæддæр дзы расыг лæгыл фембæлæн нæ уыдис — алчи дæр йæ бæрц зыдта. Расыггæнаг æрыгон лæппуйæн йæ чызджы ничи лæвæрдта.

Адæмы ‘хсæн æгадыл нымад уыдис тæппуддзинад. Уæлдай нæ уыдис туджджыны раз равдыста йæхи тæппудæй æви хæсты быдыры — лæг худинаг кодта йæхи дæр æмæ йæ мыггаджы дæр. Ахæмтыл-иу арæх бакодтой хъоды, худинаджы зарджытæ-иу сыл скодтой.

 

https://xurzarin.ru/iron-adaemon-aegdaeuttae-3/

 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz