Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

ХАДЖЕТЫ Таймураз (Джусойты Григорийы фырт Таймураз)

ТОРЕАДОР

Мæ разы – тæлфаг гал. Къæдзæхау – йæ ас,

Кæсы мæм йæ цæстыты тигъæй.

Мæ къухы – сырхзæлдаг, æфтауы йыл тас,

Йæ сæр ма бæласау ныууигъы.

Уый афтæ рæсугъд у!.. Нæ йæм сисин кард!..

Мыййаг, кæд мæхийау у иунæг…

Цы кæнон? Йы сыты цыргътыл мæ цард

Мæлæтимæ бацыди зиуы!

Нæ хъысмæтмæ уыг дæр нæ кæны хæлæг…

Кæйдæр сæфт ма чи дары мурмæ!..

Нæ иуы рæдыд, – æмæ хиуарзон лæг

Фырæмдзæгъдæй хаудзæни хурмæ.

Фод афтæ… Мæнæн кæд мæ амонд фæдæ? –

Нæ иу дæр йæ цæссыг нæ сæрфы:

Дыууæ удæй абон нæ иуæн уæддæр

Æнустæм йæ хъизæмар сæфы…

Yazarın Diğer Yazıları

Sosyal Medyalarımız

4,890BeğenenlerBeğen
1,353TakipçilerTakip Et
4,000TakipçilerTakip Et

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img