ТАГЪД ЗЫНДЗÆНИ РАГУАЛДЗÆГ ПОЭТЫ ЦЫРТЫ РАЗ

0
128

ТАГЪД ЗЫНДЗÆНИ РАГУАЛДЗÆГ ПОЭТЫ ЦЫРТЫ РАЗ

Кæсы нæ сæрты дунемæ 

Æфсæрмдзæстæй йæ цырт, – 

Йæ удæгасæй н‘ агуырдта 

Ыстыр кад æмæ цыт. 

Уый хурзæрины ‘хсидавау 

Дыууæ Иры ‘хсæн сыгъд. 

Мæ Ирыстон, æнæ Къоста 

Сæркъул уаис, ныхкъуырд. 

Цæгатæй нæм уый Хуссармæ 

Фæдисуадæй куы ‘рцыд, 

Уæд Сатихъар ысулæфыд, 

Фæфылдæр и йæ цыт. 

Уæдæй нырмæ нæ сæрхъуызой 

Нæ хæдфарсмæ лæууы. 

Ам хуссайраг ирæттимæ 

Сæрибармæ цæуы. 

Йæ зæрдæ рад, йæ хæдфарсмæ 

Республикæ куы гуырд, – 

Ирон зарæджы хъæргæнæг, 

Ирон æвзаджы куырд. 

Тæхуды ‘мæ куы айзæлид 

Рæхджы бонты ныр та: 

– Дыууæ Иры ысиу ысты, – 

Фæцин ыл кæн, Къоста! 

Гуыцмæзты Валери

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz