Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Абон кинотеатр «Столичный»-ы равдисдзысты киноныв «Золотая бронза»

 Йæ сæйраг хъайтартæ сты – Беслæны теракт йæхиуыл чи бавзæрста, уыдон. Æцæг цаутыл арæзт историтæ адæймаджы разæнгард кæнынц арф хъуыдытæм. Кинонывмæ бакæсгæйæ, чи йæ цæссыгтæ нæ бауыромдзæн, чи та æрхæндæг хъуыдытыл фæхæст уыдзæн. Ныридæгæн кинолентæмæ бакастысты 2 милуан уæрæсейаг скъоладзауæй фылдæр. «Золотая бронза» – арæзт у 5 новеллæйæ. Ист сты Беслæны цæрджыты хъысмæтыл, 2004-æм азы сентябры трагикон цауты фæстæ. Съемкæты архайдтой зындгонд актертæ, Дзæуджыхъæуы театрты артисттæ. Эпизодты та фылдæр сты Беслæны цæрджытæ сæхæдæг. Кинонывы премьерæ уыд ивгъуыд аз 4-æм сентябры Беслæны. Хицæнæй ма йæ равдыстой Стъараполы музейон-равдыстадон комплексы «Россия – моя история». Уыцы куыст арæзт æрцыд, Æппæтуæрæсеон фæсивæдон фестивалы программæ æххæст кæнгæйæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ киноныв систа кинокомпани «Три Икс Медиа». Продюсертæ сты – Инесса Юрченко æмæ Сергей Щеглов. Сценарийы автортæй иу æмæ режиссер-æвæрæг у Игорь Копылов. @alaniatv

https://vk.com/video-21911882_456239278

 

Yazarın Diğer Yazıları

KAFDAV Yayınları’ndan yeni kitaplar

Kafkas Araştırma Kültür ve Dayanışma Vakfı (KAFDAV) Yayınları, beş yeni kitabı okurlarla buluşturdu. Bislan Salih Hurmi’nin kaleme aldığı “Yaşanmış Zamanlar 1965-1999” adlı kitap; yazarın anılarına...

6 ciltte Oset soyadlarının kökeni

Rusya Bilimler Akademisi, Kuzey Osetya Coğrafya ve Sosyoloji Enstitüsü Etnoloji Bölümü’nde başaraştırmacı olan İslam-Bek Marzoev, Oset soyadlarının kökenleri üzerine hazırladığı altı ciltlik araştırmasını tanıttı. Eserde...

Anılara yolculuk

Abaza yazar Oleg Etlukhov’un “Abhaz Şarabı” adlı romanından uyarlanan uzun metrajlı filmin çekimleri Abhazya’da başladı. Çekimlerin ilk günü, Oçamçıra bölgesindeki Gup Köyü’nde gerçekleşti. Film, anne...

Sosyal Medyalarımız

9,251BeğenenlerBeğen
2,745TakipçilerTakip Et
4,012TakipçilerTakip Et
677AboneAbone Ol

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img