Куырмæджы Гуырд Æгъдæутты Амæттæгтæ

0
305

Ирон Aдæмон Æгъдæуттæ – 15

Куырмæджы Гуырд Æгъдæутты Амæттæгтæ

Иу-дыууиссæдз азы размæ фыссæг Бицъоты Гриш сфæнд кодта Номдзыд революционер æмæ æхсæнадон архайæг Гæджиты Бадилайы тыххæй чиныг ныффыссын. Уый фæдыл арæх цыд Хуссар Ирыстонмæ. Гæджиты хæрæфырт Багаты Барисимæ æрзылдысты æнæхъæн Къуыдаргомы кæмтты Бадилайы тыххæй æрмæг агурæг.

Æмæ сын æнтысгæ дæр бирæ бакодта, фæлæ Гришæн, æбæрæг ахоссæгтæм гæсгæ йæ чиныг рухс нæ федта. Уый хыгъд, Къуыдаргом æмæ Урстуалты цæрæг кардзыд адæмы ныхæстæй йæ фыссæн чиныгмæ цы цымыдисаг хабæрттæ бахаста, уыдон сæхæдæг сты цалдæр чиныджы фаг æрмæг. Цæвиттон, Бадилайæн ус, чысыл лæппу ма куы уыд, афтæмæй кæй æрхастой, уыцы хабары кой кæнджытæй ма базыдтам æндæр хабæрттæ дæр, кæцытæ ирдæй æвдисынц, Хуссар Ирыстоны ацы рагон фæтк æмæ ирæд исыны æгъдау сæ тыхы кæй уыдысты æрмæст раджы заманты нæ, фæлæ, историйы дæргъвæтъиндзинад хынцгæйæ, хæрз æрæджы дæр.

Бадилайæн йæхицæн, йæ фынддæсæм азы кары куы бацыди, уæд фидарæй загътой, ус дын курæм, зæгъгæ. Бадила уæндон лæппу уыди, йæ бартыл сдзурыны ныфсæй дæр фæхайджын æмæ сæ кой дæр нæ уагъта. Уæвгæ та хорз зыдта, уымæй кæстæртæн дæр кæй бахъуыддаг кæнынц. Лæппумæ хатыдысты хиуæттæ сылгоймагæй, нæлгоймагæй, хатыдысты йæм, цæмæй разыйы дзуапп радтаид. Лæппу дзырдта: «Мæхæдæг дæр — гæвзыкк, мæ ус дæр уыдзæн гæвзыкк». Фæлæ йæ уыцы ныхæстæ дæр ницыуал адавтой. Натъа сæм æрцыди æртындæсаздзыдæй. Æртæ мæйы нæма рацыди сæ чындзæхсæвæй, афтæ Бадила Кутаисмæ йæхи айста. Фæстæдæр йæ мысинæгты афтæ загъта: «Æрыгæтты цы уарзт фæбæтты, уымæн æз дæр ницы зыдтон æмæ Натъа дæр. Хæдзары ма иу кусæг фæзына, зæгъгæ, æрмæстдæр мын уый тыххæй ракурын кодтой ус».

Æмæ иууылдæр афтæ дзырдтой: хæдзары ма кусæг фæзына, зæгъгæ-иу сæ чысыл лæппутæн æрхастой, чындзытæй хъазынæй дæр-иу чи нæма бафсæсти, ахæм саби чызджы. Чызгæн-иу цыбыркъух ныййарджытæ куы уыд, уæд-иу цин дæр бакодтой — ирæд райсыны фадат-иу сын фæци.

Ирæд исыны рæстæг-иу лæппуйы бинонтæ хъуамæ сæ фосы æддæмæ рауагътаиккой, цæмæй сын ирæдисджытæ сæ хуыздæртæ равзæрстаиккой. Фæлæ-иу бирæтæ рагацау сæ дзæбæх фос бамбæхстой. Дзабиты Хъырым дзырдта: «Ме ’рвад ирæдæн æрдомдта фондз æмæ ссæдз стуры, æдсаргъ бæх, цæджджинаг æмæ ма ноджыдæр цыдæртæ. Лæппуйы бинонты бон уый бæрц раттын нæ уыд, æмæ хъуыддаг фæсыкк.

Хистæрты ныхæстæм гæсгæ Урстуалтæ чызг æрæгмæдæр лæвæрдтой. Дыууæ мыггагæй-иу дыууæ лæджы кæрæдзийæн куы фæадджын сты, уæд-иу сæ бафæндыд бахæстæг кæнын. Кæд нæ иуæн лæппу райгуыра, иннæмæн — чызг, уæд бахæстæг кæндзыстæм, зæгъгæ-иу гуыбынмæ дæр бафидыдтой. Урстуалты ирæд истой сæдæ фысы онг, авд стуры, цæджджинаг, хорз æхсаргард æмæ афтæ дарддæр. Чындзæхсæвтæ кодтой æрмæстдæр Джиуæргуыбайы рæстæг. Фыццаг Джиуæргуыбайы уал чызджы хæдзарæн хъуамæ дыууæ галы æмæ дуцгæ хъуг радтаиккой фидауæггаг. Иннæ Джиуæргуыбайы-иу ирæд æнæхъæнæй райстой.

Чызджы бинонтæ-иу æгæр уæззау ирæд куы домдтой, уæд-иу минæвæртты хистæр ирæд фæрогдæр кодта. Ныхас-иу æгæр куы скарз, уæд-иу лæппуйы хæдзары ’рдыгæй дзуапдæттæг къонайы рæхысыл йæ къухтæ æруагъта, йæ цæсгомыл-иу æрсæрфта йæ сæгæйдзаг æрмттæ. Ома, нал уæм зынын, мацыуал нæ бацагурут. Æмæ-иу бафидыдтой.

Цыбыркъух лæгæн ма-иу цыдæр бахатыр кодтой, æмгъуыд ын-иу скодтой, уæд æмæ уæд йæ ирæд баххæст кæндзæн, зæгъгæ. Мæ дзырд нæ фæсайдзынæн, зæгъгæ-иу лæппуйы минæвар йæ рихитæй æрду ратыдта æмæ-иу æй гæххæтты фыст ныхæсты бæсты лæвæрдтой.

Адæм сæ сæрæн куы нал уыдысты уæззау ирæд фидынæй, уæд архайдтой кæрæдзи бамбарыныл. Ирæды аргъ скодтой иу гал æмæ иу хъуг. Ныр та се ’ргом тынгдæр аздæхтой уæлæйы дарæсмæ. Лæппуйы бинонтæ-иу чызгæн хъуамæ радтаиккой æддаг æмæ мидæггаг дарæстæ, фæйнæ дыууæ фæлысты. Чызджытæ-иу сцыбæл сты, дыууæ фæлысты чысыл сты, зæгъгæ.

Фыдæлтæй фæстæмæ цы гъдæуттæ ныффидар сты, уыдоны уæлдай ма бирæтæ кодтой фыддæр æнæгъдаудзинады митæ дæр. Стырмæсыгаг Гæджиты Далости радзырдта: «Иу нæм уыди, Чикъала. Минæвæрттæ йын арвыстой. Хæдзары — дыууæ хойы. Сæ иу — дзæбæх чызг, иннæ — цыдæр сахъат. Дзæбæхдæрмæ бацамыдтой. Æмæ бафидыдтой. Æрвитгæ та йын сахъат чызджы ракодтой. Сайды кæй фæци, уый бæргæ базыдта Чикъала, фæлæ ницы дзуры. Бæрæгбон ралæууыд. Лæг усæн афтæ: „Дзуармæ цæуæм“. Акодта йæ æмæ йæ йæ цæгатмæ баскъæрдта».

Сæйраг уыд уаг æмæ æфсарм, хиуылхæцындзинад. Зæгъойты Резо æмæ йæ куырд чызгыл сауджын саргъуыдта аргъуаны. Фæлæ зæронд лæг, фырæфсæрмæй, йе взонгады хабæрттæ афтæ фæсномыгæй дзырдта, æмæ æнцон æрцахсæн нæ уыди йæ ныхæсты мидис. Цыма-иу сæхи нæ, æндæр кæйдæрты кой кодта, йæ ныхас-иу афтæ арæзта: «Аргъуанмæ бацыдыстæм. Чызг æмæ лæппу. Къухтæ æрхæцыдысты… Сауджын къухтæ æрбатыхта, фæдджийæ сæ æрбатыхта. Лæппу æмæ чызджы йæ фæдыл кæны. Æртæ хатты-иу æрзылд стъолы хуызæн альтары алыварс къухтæ суагътой. Арфæ сын ракодта сауджын æмæ-иу сæ рауагъта. Дæ чындзаг дзуарæфтыд куынæ уыдаид, уæд фидиссаг уыди. Сауджын саргъуыдта, уæд чызгæн йæ хæдзармæ здæхæн нæ уыди. Лæппу йæ къайæн аргъ кодта».

Гæджиты Уасил дæр йæхи кой фæсномыгæй райдыдта: «Хъазыдыстæм-иу» — цардæмбалæн ын кæй æрхастой, уыцы чызджы кой кодта. Дарддæр йæ ныхас фæбæлвырддæр: «Кæд ыл цыдаид дæс азы». Æмæ та-иу уый дæр фефсæрмы, æмæ ныхас афтæ арæзта, цыма æндæр кæйдæрты кой кодта: «Лæппу æмæ-иу чызг фæхъазыдысты æмæ-иу къонайы цур афынæй сты æмæ-иу сæ сæ хуыссæнмæ ахастой…»

Къуыдаргоймаг Тадиозæй та афтæ радзырдтой: бинонтæ йын куы рхастой, уæд ахæм къаннæг уыд, æмæ-иу изæры бадгæйæ куы бафынæй, уæд-иу æй йæ ус йæ хъæбысы ахаста хуыссæнуатмæ.

Кæмæдæрты, хæрз æвзонгæй кæй лæвæрдтой чызджы, уый хуыздæр касти — кæйдæр чызг, дам, йæ ног бинонты зондыл тагъддæр сахуыр уыдзæн.

Хъæцмæзты Симон райгуырд 1907 азы. Уый та афтæ дзырдта йæхи æмæ йæ бинойнаджы тыххæй: «Æртæ мæйы иу сынтæджы фынæй кодтам. Лæг æмæ усы цардæн ницы æмбæрстам. Иу-ахæмы мæм нæ хæрæфырт ныууырдыг: „Куыдтæ цæрыс?“ Æз: „Хорз“. Хæрæфырт мæ къахы: „Дæ усæн исты бахъомыс дæ?“ Ницы йын æмбæрстон йæ ныхæстæй — цы базонын æй фæндыд, цæмæй мæ фарста… Фæсномыг ныхæстæй мын цыдæртæ дзырдта, ныр, дам, лæг дæ æмæ, дам, ма фæхудинаг у».

Тотраты лæппуйæн ракуырдтой Саулохты чызджы. Чызг хистæр уыди. Чызджы хæссынмæ ныццыдысты Саулохтæм. Сиахс — чысыл лæппу дæр семæ. Æгъдаумæ гæсгæ сиахсæн нуазæн хъуамæ радтаиккой æмæ йæ иу-ахæмы æрцагуырдтой. Кæм, дам, ис? Уæртæ, дам, хуртуаны цур бады. Сабийы хуртуангæс барæй скодтой, цæмæй нуазæнæй фервæза…

Сæйраг уыд бинонты цæрдхъомдзинад. Чызг кæмæ хъуамæ фæцыдаид, уыдонæн сæхи мус, сæхи куырой ис, уæд хорз хæдзарыл нымад цыдысты. Чызгæн цы бартæ, цы уавæртæ уыдис, уыдон бынтондæр никæй æндæвтой. Гæджиты Къоста дзырдта: «Чызгæн-иу йæ цæстытæ цы зындысты, æндæр цæсгом иууылдæр — æмбæрзт. Хæргæ дæр сусæгæй кодта. Уынгмæ дæр цæсгомæмбæрзтæй цыди. Йæ цот усгуртæ, чындздзонтæ куы суыдаиккой, уæддæр ма-иу æмбæрзта йæ цæсгом».

Бинонты цард куырмæджы гуырд æгъдæуттæм гæсгæ арæзт кæй цыд, уый аххосæй цал чызг æмæ лæппуйы фенамонд сты? Сæ цард-иу сын, амонд нæ, уæлион зындон фестад. Афтæ рауади Гæджиты Бадилайæн йæ хо Дарикъойы хъысмæт дæр. Дыууадæсаздзыдæй йæ Хъæцмæзтæй иу цæрæг хæдзарæн радтой хорз ирæдыл. Æвзæр ын уыдысты йæ бинонтæ. Йæ лæг уыди сахъатджын. Дарикъо фæцыди дæснымæ. Мæ бон, дам, цæрын нæу æмæ, дам, мæ цæгатмæ куыд аирвæзон? Дæсны йын загъта: «Ницы хос дын ис. Дæ цæгатмæ куы ацæуай, уæд дæ фидын бахъæудзæн, дæ лæджы хæдзар дыл цы ирæд бафыстой, уый».

Уæддæр рацыди Дарикъо Хъæцмæзты хæдзарæй æмæ йæ цæгатмæ æрцыди, кæд мын мæ ныййарджытæ фæтæригъæд кæниккой, зæгъгæ. Куадзæны рæстæг уыд, тæккæ хуымгæнæн афон. Чызг йæ рыст уды хъизæмæрттæ цæссыгкалгæ фæдзырдта йæ мад Санетæн. Мад æй уæддæр сабыр кодта: «Сылгоймагæн йæ æвзонгæй фæстæмæ уыдæттæ æвзаринаг сты. Алидзæн сæ никæдæм ис». Дарикъо йын лæгъзтæ кодта: «Амарут мæ, æз уæддæр нал ацæудзынæн». Æмæ йæ уæд йæ ныййарæг бафарста: «Дæ сæрмæ цы ирæд райстам, уый цæмæй бафиддзыстæм, ууыл ахъуыды кодтай? Уыцы хæдзары дын цæргæ у æмæ фæраз. Ныртæккæ цæугæ кæн, рухсæй хæдзары къæсæрæй куыд бахизай, афтæ». Æмæ арвыстой чызджы ныййарджытæ, сæхæдæг ацыдысты хуым кæнынмæ. Æмæ сæм хуыммæ фæхабар кодтой: «Уæ чызг йæхи æрцауыгъта».

Зианмæ цæугæйæ-иу Санет йæ астæуыл бабаста, йæ чызг йæхи кæмæй æрцауыгъта, уыцы бæттæн, иронвæндаггæнгæ-иу цыди мардмæ, йæ сæр-иу хоста. Бадила йæхæдæг афтæ фыста йæ мысинæгты: «Мæ хо Дарикъойы мын моймæ радтой 1903 азы. Хъæцмæзты Гисалæн æй ауæй кодтой. Цæрын нæ фæрæзтам æмæ хорз ирæд райстам».

Никуы ферох сты Бадилайæ, йæ хо уыцы хæдзары хъизæмæртты хай кæй фæци æмæ йын йæ бон баххуыс кæнын кæй ницы уыди, уыдæттæ. Æмæ æрмæст ацы хæдзары бинонтыл куы цæуид дзырд, фæлæ, нæ историйы дæргъы цас адæм фесты нæ тызмæг æмæ куырмæджы гуырд æнæхъуаджы æгъдæутты амæттаг…

https://xurzarin.ru/kuyrmædzhy-guyrd-ægdæutty-amættægtæ/

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz