Ирон адæмон æгъдæуттæ – 19
ДЫУУÆ ÆГЪДАУЫ
1-æм январы изæрæй Джызæлы сылгоймæгты скъолайы Дзахсораты ахуыргæнæджы хъæппæрисæй скъоладзаутæн арæзт æрцыд Ног азы наз. Уырдæм хуынд æрцыдысты чызджыты ныййарджытæ æмæ æндæр уазджытæ. Уыдон зæрдиагæй цин кодтой æмæ уыдтой, сæ сывæллæттæ куыд хъазыдысты æмæ куыд хъæлдзæг уыдысты, уый. Изæр райдыдта ирон хъазтæй, кафыдысты дзы суанг æппæты къаннæг скъоладзаутæ дæр, 8–10 азы кæуыл цæуы, ахæм чызджытæ. Уыйфæстæ хистæр чызджытæ кастысты æмдзæвгæтæ, фылдæр та Крыловы æмбисæндтæ. Уæлдай хорз бакастысты æртæ чызджы «Бирæгъ æмæ уæрыкк», адæм сын æмдзæгъд кодтой. Ногæй та фæсивæд бавдæлдысты кафын æмæ æндæр хъæзтытæм, уазджытæн та арæзт æрцыди фынг. Изæр байгом 5 сахатыл æмæ ахицæн 11 сахат æмæ æрдæгыл. Ацыд тынг хъæлдзæгæй. Чи дзы уыд, уыдон скъоладзауты пайдайæн æрæмбырд кодтой дыууæ туманы бæрц. Уыцы изæр тынг фæцыд ныййарджыты зæрдæтæм, æмæ арфæтæ кодтой йæ саразджытæн.
Уыдис æндæрхуызон хабар дæр. 3-æм январы сæумæцъæхæй иу кæртæй ратахт 25–30 барæджы. Иу дзы йæ рахиз къухæй хæцыд, æгъдæнцоймæ фидаргонд чи уыд, ахæм чысыл наз бæласыл. Наз уыдис хъæздыг фæлыст, ауыгъд ыл уыд алыхуызон адджинæгтæ æмæ рæвдауæнтæ. Иннæйы къухы уыд тынг егъау зонтик, уый бæзджын æмбæрзт уыд алы мыггаг къафеттæй. Барæг æй дардта йæ сæрмæ, афтæмæй тахт. Цалдæр лæгыл уыди стыр хъулон худтæ, иннæтыл та згъæр хæдæттау æрттывтой æмæ хъулон дардтой æнгузтæ, æхсæртæ, дыргътæ, къафеттæ æмæ æндæр адджинæгтæ. Иу та дзы йæ уæхскыл хаста даргъ хъил, кæрæй-кæронмæ адджинæгтæй æхгæд чи уыд, ахæм. Барджытæй иу-æхсæз ифтонг уыдысты лæдзджытæй. Уыцы бардз тахт уынгты æмæ уайтагъд дыууæ зылды æркодта æгас хъæуыл. Дыккаг зылды, лæдзджытæ цы барджытæм уыд, уыдон цæвын байдыдтой се ’мбæлтты худтæ æмæ дзаумæттæ. Уыцы цæфтæй згъæлдысты зæхмæ алыхуызон адджинæгтæ. Сывæллæттæ хъæрахстгæнгæ згъордтой сæ фæдыл, бырынцъаг фæндагыл-иу фæкалдысты, афтæмæй, æмæ уыгътой рæвдауæнтæ. Уый фæстæ барджытæ аскъæрдтой уæлмæрдтæм æмæ уым се ’хсæн байуæрстой хæринæгтæ…
Ацы æгъдау хуыйны «æлæмтæ» æмæ йæ фæкæнынц, лæгæй чи амæлы, уыдон тыххæй. Ацы аз уый уыд иунæг æлæм. Æрæджы дæр ма, ивгъуыд азы нæлгоймаг кæмæй амардаид, уыдонæй алы хæдзар дæр йæ хæсыл нымадта Ногазы фæстæ фыццаг къуырисæры æлæм скæнын.
НОДЖЫ МА ИРÆДЫ ТЫХХÆЙ
Ирыстоны рагæй баззад æмæ ныффидар чызг уæй кæнын æмæ æлхæныны зианхæссæг æгъдау. Европæйы цивилизаци куыд æввахсдæр кæны, афтæ, ирæттæй ахуырад чи райста, уыдон чысылгай æмбарын байдыдтой, ирæд фыдбылыз кæй у, уый. Фыццаджыдæр ацы æгъдау сафыныл бафæлвæрдта Владикавказы æфсæддон окруджы хицау Куындыхаты Муссæ. Уый фæдзæхстæй ирæдисын æхгæд æрцыд 1886-æм азы ирон адæмæн сæхи фæндæй æмæ фидаргонд æрцыд 80-æм азты æхсæнадон уагæвæрдæй. Фæлæ уыцы хъуыддаг æрцыд æрмæст формалон хуызы; æцæгæй та ирæд баззад йæ тыхы æмæ ноджы сындæггай рæзыди. Хицауад дæр æнцад нæ бадт æмæ мысыд алыхуызон фæрæзтæ уыцы фыдбылызы ныхмæ, фæзынд цалдæр ног уагæвæрды — аххосджынты ахстой, хастой сæ, ивар сæ кодтой. Иу заманы та уынаффæ рахастой, ирæд дæс туманæй уæлдæр куыд нæ хиза, уый фæдыл; сауджын-иу чызг æмæ лæппуйыл куы аргъуыдта, уæд-иу сын ард хæрын кодта, ирæд 10 туманæй фылдæр ист кæй не ’рцыд, уый тыххæй. Уыцы фæрæзтæй ирæд нæ фесæфт, фæлæ бынтон дзæгъæлы дæр нæ фесты: ирон адæмы бахъуыд ахæм æгъдауыл ахъуыды кæнын. Иннæрдыгæй та, ирæды бындур нынкъуыстой райдайæн ахуырад æмæ ахуыргонд ирæтты фæзминаг архайд. Уыдонмæ гæсгæ адæм чысылгай хатын байдыдтой ирæды зиан. Ныртæккæ иу æмæ дыууæ æнахуыр иронæй нæ фехъусдзынæ ахæм ныхæстæ: «Уæй кæнæм нæ чызджытæ æмæ нæ хоты, æмæ уый уæздандзинад нæу, уый тæригъæд хъуыддаг у Хуыцауы раз». Фæлæ ирæд уæддæр нæ цуды. Æххуыс ын кæны, адæм фидар кæуыл хæцынц, ахæм ныхас: «Фыдæлты æгъдæутты рох кæнын нæ хъæуы». Дыууæ мыггаджы æхсæн хъуыддаг ирæдмæ куы ’рцæуы, уæд чызджы бинонтæ æрымысынц сæ хъæубæсты æмсæр адæмты æмæ фæзæгъынц: «Уый цас райста ирæд, мах дæр уыйбæрц райсын хъæуы, науæд нын худинаг уыдзæн». Афтæмæй æнахуыр ирон адæмæй ирæды зиан чысылтæ чи æмбары, уый дæр иннæтæм гæсгæ йæ ныфс нæ хæссы йе ’мсæр адæмæй раздæр фыдæлты æгъдауыл йæ къух сисынмæ. Кæд афтæ у, уæддæр фæстаг рæстæджы иу къорд хæдзары, бынтон æнахуыр бинонтæ нал райстой ирæд. Гуырысхойаг нæу, раджы уа — æрæджы уа, уæддæр ирæдæн æнæ фесæфгæ нæй; фæлæ цалынмæ уа, уæдмæ бирæ фыдбылызтæ хæсдзæн ирон адæмæн, халдзæн сын сæ цард. Бирæ лæппутæ æмæ чызджытæ зæронд кæнынц, сæфынц сæ хуыздæр азтæ; лæппуты сæрæндæртæ аскъæфынц чызджыты, уый та фылдæр хатт æркæны кæуинаг фæстиуджытæм; бирæтæ æрцæуынц хæдзары хæлдмæ. Афтæ æнхъæл дæн, æмæ ныртæккæ ирæттæй давыны куыст чи кæны, уыдон сты æрыгон, æнæус лæппутæ. Уыдон ахæм уавæрмæ æрцæуынц æмæ нал февзарынц, ирæд тагъддæр цæмæй ахицæн кæной, уый фæрæзтæ. Ахæмтæн сæ фылдæр ус ракурыны фæстæ свæййынц сабыр цæрæг адæм. Фæлæ афтæ дæр рауайы, æмæ дзы бирæтæм давын кæсын байдайы пайдайаг куыст æмæ афтæмæй сæ дæсныйад свæййы хуыснæг цæуын.
Иуæй-иутæм афтæ кæсы, æмæ æфхæрæн фæрæзтæ хорз ахъаз фæуыдзысты ирæд фесафынæн. Бафæлвæрдтой сæ, фæлæ сын, куыд федтам, афтæмæй ницы бантыст. Кæй нæ сахадыдтой, уый аххос, мæнмæ гæсгæ, агурын хъæуы ахæм хъуыддаджы: уыцы фæрæзтæ куы фæлвæрдтой, мыхуыры ирæды зианыл хицæуттæ æмæ ахуыр ирæттæ афтæ бирæ куы дзырдтой, уæд, æнхъæл дæн, æмæ уый тыххæй æнахуыр ирон лæгæн йæхицæн ничи ницы загъта. Суанг, чызг æмæ лæппуйы ард цы сауджын хæрын кодта, уый дæр иу ныхас нæ загъта, уыцы хъуыддаг хицæутты уынаффæ раст æххæст кæныны тыххæй кæй нæ у, фæлæ сæхи пайдайæн кæй у, ирæд фыдбылыз æмæ гуымиры æгъдау кæй у, æмæ йæ сафын кæй хъæуы, уыдæттыл. Талынг адæммæ афтæ каст, цыма уыцы хъуыддæгтæ æрымысыдысты хицæуттæ сæ хъалæй æмæ уымæ гæсгæ хъуыды кодтой алы хиндзинæдтæ сæхи æгъдау кæнынæн. Ирæды зиан чи нæ æмбæрста, уыцы ирон лæг-иу æфхæрд куы ’рцыди, уæд-иу дыккаг хатт архайдта ууыл, цæмæй «рæдыд» мауал æруадза, мауал бафта хицауады цæсты. Афтæмæй сусæгæй фидардæр хæцыд йе ’гъдауыл.
Уыцы рæстæг ныр фæци, æмæ æнахуыр ирæттæй разынд, йæ чызгæн ирæд чи нæ исы, йемæ ма йын дæтгæ дæр чи кæны, ахæмтæ. Уыдоны тыхæй ничи домдта, сæхæдæг бамбæрстой, бинонтæй искæй уæй кæнын æцæгдæр хъæддаг ми æмæ æнæуæздан æгъдау кæй у, уый. Уыцы хъуыдымæ та, æнæмæнг, æрцыдысты ахуыргонд ирæтты фæрцы: алкæмæн дæр ис ахуыргонд хæстæджытæ æмæ зонгæтæ, кæимæ цæрынц æмæ æмбæлынц, ахæмтæ. Уыцы адæмты æхсæн ирæд фесæфт æмæ никуыуал сног уыдзæн. Дзæгъæлы нæ фæдзурынц, фæлмæн ныхасæй цы бакæнай, уый тызмæгæй нæ сараздзынæ, зæгъгæ. Зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ ирæд кæй у адæмон æгъдау, уымæ та кæддæриддæр баст вæййынц алыхуызон уырнынадтæ. Æфхæрæн фæрæзтæй нæй æгъдау фесафæн, цалынмæ адæмы зонды нæ фесæфа, уæдмæ. Уымæ гæсгæ, цæмæй ирæды уидæгтæ къахт æрцæуой, уый тыххæй адæмæн бæстон бамбарын кæнын хъæуы, зиан кæй у, уый; ирæды зиан цы адæймаг бамбара, уый йæхæдæг сыстдзæн йæ ныхмæ бинонты æхсæн дæр æмæ хæстæджыты æхсæн дæр.
Ирæд скуынæг кæнын къухы цæмæй бафта, ууыл зæрдиагдæр æмæ хъуыддагджындæрæй бакусын хъæуы ахуыргонд ирæтты, уæлдайдæр сауджынтæ æмæ ахуыргæнджыты — уыдон хæстæгдæр сты сæ æнахуыр æфсымæртæм. Мæнмæ гæсгæ, уыцы нысаны тыхæй спайдагæнæн ис, внебогослужебные собеседования, кæй хонынц, уыдонæй. Уыдон фæзындысты 1895 азы æмæ уæдæй нырмæ цæуынц ирон хъæуты. Уыцы ныхæстæн сæ хæс у адæмы дин æмæ хорз æгъдæуттыл ахуыр кæнын. Разамынд сын дæттынц сауджынтæ æмæ ахуыргæнджытæ. Уыдон ма адæмæн æххæст сафинаг æгъдæуттыл дæр куы дзуриккой, уæд уый сæ комкоммæ нысанæй иуварс нæ хизид, фæлæ сын ахъаз кæнид сæ хъуыддагæн — аразид ын, хъуаг кæмæй у, уыцы ахсджиаг фарста. Хъыгагæн, уыцы ныхæстæ иуæй-иу хъæуты цæуынц тынг æвзæр, кæмдæрты та æрмæст фæтчыгъæдæн. Мах уырны, сауджынтæ æмæ ахуыргæнджытæ нæ банымайдзысты сæхицæн стыр зыныл сæ ныхæсты программæтæм адæмæн зианхæссæг æгъдæутты фарстатæ бахæссын. Сæ зæрдыл дарæнт, уымæй феххуыс уаиккой, талынджы хъизæмар чи кæны, уыцы æфсымæртæн рухсмæ рацæуынæн.
Амынд ныхæстыл ма ахæм фарстатæ куы бафта æмæ сын нывыл разамынд куы уа, уæд, фидарæй зæгъæн ис, чызджы уæй кæнын æмæ æлхæныны æгъдау, æфхæрæн фæрæзты руаджы нæ, фæлæ уымæй сæфт æрцæудзæн тагъддæр æмæ бæлвырддæр.
Коцойты Арсен,
https://ironau.ru/kocojty.html#__RefHeading___Toc417209300