«Адæймаджы цастæ хъæуы»

0
42

«Адæймаджы цастæ хъæуы»

(«Человеку надо мало») 

Адæймаджы цастæ хъæуы:

Архайгæйæ ‘ссара фаг.

Мæ фыццаджы дæр æмбæлы

Иу хæлар стæй иу ызнаг…

Адæймаджы цастæ хъæуы:

Дардмæ къахвæндаг цæуа.

Æмæ мад цæра уæлæуыл,

Цас æй бафæнда – цæра.

Aдæймаджы цастæ хъæуы:

Тагъддæр арвнæрын фæуа.

Мигъæй иу гæбаз йæ сæрмæ.

Иу цард, иу мæлæт куыд уа.

Фадат газетмæ æркæсын,

Йемæ – дзыллæтимæ баст.

Æмæ иу дуне æрмæстдæр:

Зæхх! Æмæ уыдзæнис раст.

‘Рттивгæ стъалытæм фæндæгтæ,

Стæй ма тагъд цыды бæллиц.

Уымæн ницы хъæуы ‘ппындæр,

Уымæн мадзалттæ дæр ис.

Адæмы æхсæн нымады,

Стæй чысыл хæрзиуæг уæд.

Бирæтæ нæ хъæуы царды,

Исчи ‘нхæлмæ дæм кæсæд.

(тæлмацгæнæг: Залина Басиева)

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz