ХЪÆДДЗАУ

0
15

ХЪÆДДЗАУ

Мит ныффæлдæхти урс кæрцау хæхтыл,

Быдыр — урс нымæт — айтынг и дард.

Ласынц дзоныгъ хъæрзгæ митыл бæхтæ

Сугамадæй, мæ хæдзары — арт…

Ныр мæ бинонтæ баддзысты хъармы,

Пецы зарынмæ хъусдзысты ’нцад.

Зонын, афонмæ рауайы дуармæ

Урс уæлæфтауы сабиты мад.

Хъæды фæндагмæ саразы йе ’нгас,

Зæрдæ ’хсайы: хъæддзау лæгæн — зын.

Ехх, изæры куы ’рбамбырд уæм не ’гас,

Уæд — хъæрмуд фынг, цæхх æмæ кæрдзын.

Гъе стæй алчи, гыццылæй-ыстырæй,

Уым йæ боны хъуыддæгтæ хынцдзæн.

Пецы фарсмæ йæ зæронд фæндырæй

Æфсин рагон цæгъдтытæ кæндзæн.

Мит ныффæлдæхти урс кæрцау хæхтыл,

Быдыр — урс нымæт — айтынг ис дард…

Гаджиты Барис

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz