Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

ИРЫСТОНÆН

ИРЫСТОНÆН

 

I

Мæ Ир, æз дын дæ ном нæ мысын

Æмдзæвгæты, мæнг уарзты охыл!

Дæ урс хæхтæй цы зарæг хъуысы,

Мæн уый кæны æрвылбон тохмæ.

 

Æппæлын разагъды фыдæлтæй

Нæ хæссын нартау æз мæ сæрмæ.

Æхсызгон мын уæд у, кæмдæрты

Куы хъусын ахæм кой æндæртæй.

 

Мæ фыдæл тохмондаг нæ уыди,

Фæлæ тыхы рæстæг кæм нæ уыд:

Сæнтурсдзыкку мадыл нæ зынди

Йæ хъулон хъæбултæн сæ фæхъуыд…

 

Æнусон тох… Нæ уыныс развæд…

Алайнаг бæхæй саргъ нæ иста,

Æмæ-иу сау æфсургъæн алкæд

Йæ мыр-мыр туглæсæнæй хъуысти.

 

II

Ныр мæнæ, гъе, мæ хохы цъасс, мæнæн

Мæ фыдæлтæй цы баззади — цæрæнуат.

Йæ кæрæттыл æххæссы цæст. Фæлмæн

Æрытауынц ам сау мигътæ сæ нымæт.

 

Сæумæйæ ног — æрвæрттывды тæмæн,

Уæд хохаг райгонд, амондджын у, хъал у.

Æз ацы къæсы райгуырдтæн, æмæ —

Ыстыр, чысыл у — ивинаг мын нал у.

 

Фæлæ уæддæр мæ зæрдæйы рæбын,

Æгъæдзарау, æваст нызгъæлы цæссыг.

Мæ фыдæл, хатын мæрдтæм дæр дæ зын,

Дæ цырты раз дæ хъæбул у къæмдзæстыг.

 

III

Уæвгæ, ныр ма цы рамбулæн и мастæй!..

Мæ Ир цы у, гъеуымæй у дзæнæт.

Хъæбулы уарзт куы нымаиккой азтæй, —

Нæ мын уаид уæд а зæххыл мæлæт!a

Хаджеты Таймураз

Yazarın Diğer Yazıları

Асҭамыр Кәыҵниа имултфилм ҿыцқәа

Амультипликатор Асәамыр Кәыәниа мышқәак раәхьа ахәыҷы рацәа еизигеит. Иара иаәиәаз аәсуа мультфильмқәа әба: «Риәа алегендеи», «Ахьча Чаҳмаәи Аәсәаа Қәамзачи» рәыргараәы азал азна әәын. Амульфильмқәа...

«Дзакәыда Миҳри» Анҭалиаҿы

Анҭалиа Азиндырҩыцәа Рнаплакы, Аҳәса Рзинқәа Ауаажәларратә Хаҵеи-Ҧҳәыси Реиҟарара Акомиссиа еиҿнакааз, Аҳәса ирызку Акинофилмқәа цәыргара иҭагӡаны, адокументард фильм «Дзакәыда Миҳри» гьы иыубарҭан. Хәажәкрамза 13 рзы,...

Акоманда Нарҭ чемпионхит

Аҧсны Супер Куп Ашьапылампыл Чемпионат аҿы, акоманда Нарҭ аиааира агыит. Афинал мач, Динамо астадиум аҿы, Хәажәкрамза 20 амш, акомандақәа Ерцахәы’и Нарҭ’и ирыбжьан. Ҭашәарада инҵәаз 90...

Sosyal Medyalarımız

9,251BeğenenlerBeğen
2,745TakipçilerTakip Et
4,012TakipçilerTakip Et
677AboneAbone Ol

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img