Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Гаджиты Барис (Журнал «Мах дуг», 2009, №12)

Æнкъардæй бадын ме стъолы цур уаты.

Æддейы тымыгъ бæлæстыл хъæрзы,

Фырмæстæй уый ныффутт кæны Арбаты,

Йæ пырх уисойæ ногуард мит мæрзы.

Зымæгон изæр уазал у Мæскуыйы,

Мæ зæрдæ мысы хъарм хуссар, нæ хъæу.

Ам хъызты дур дæр ихæнæй ыскъуыйы,

Ирон лæгæн йæ цæрæнбынат нæу.

Æмæ мæныл цыдæр пъæззы ныббадти,

Мæлы мæстæй ызгæ цъысымы уд.

Мæ бæллиц, маргъау, горæтты фæхатти,

Хъысмæт æм каст, æрвæрдынау, рæсугъд.

Ныр дидинæгау бахус и… Зын кары

Нæхимæ зæрдæ атæхы æваст.

Уый тынгæй-тынгдæр, хаст лæгау, æнкъары,

Кæм ныууагъта фыдæлты уæзæг, уарзт…

***

Æз фидын бонзонгæ мæ хæстæ, —

Кæннод мыл худдзысты мæ фæстæ.

Уыдзынæн хъазæнхъул хæхбæсты, —

Цæуын нæ уæнддзынæн уæ рæзты.

Уæ фидис, карз уайдзæф æдзухæй

Мæн тондзæн алырдæм сындз-къухæй.

Æмæ ысфæлмæцдзынæн цардæй,

Мæ зарæг нал хъуысдзæни дардæй.

Æрхуысдзæн уды цырагъ. Хохы

Уыдзынæн дойнаг дурау рохы.

Мæ кой дæр нал уыдзæни хъæуы, —

Æгуыдзæг ницы у, кæй хъæуы…

Фæлтау æз фиддзынæн мæ хæстæ, —

Уæд мыл нæ худдзысты мæ фæстæ.

***

Лæг йæ кæнон —

цæрынтæй хъазын —

искуы куы ныууадзид,

уæд, æвæццæгæн, æхсæвтæ бонтæй

нæ хицæн кæниккой.

Æз нæма дæн, нæ зæххыл цытæ цæуы,

уыдонæй райгонд.

Бонтау,

æхсæвтау —

адæм кæрæдзийæ лидзынц.

Фæлæ сæ ничи никæй æййафы

уадиссаг удуæлдай тахты.

Нæдæр фыд йæ хивæнд фырты,

нæдæр мад йæ хиуарзон чызджы.

Майдыма!

Никуы æмæ никæд уыдзæнис,

æвæццæгæн, уый.

Æз ныууагътон мæ кæнон.

Дзæгъæлы рацу-бацутыл нал дæн,

мæ кæстæрты фæдыл кæсын

æмæ царды цин хæдзары нуазын.

Лæг куы ныууадза искуы цæрынтæй хъазын,

уæд цы уыдзæн,

цы кæндзæнис лæг,

ууыл хъуыды мæ æрбадын нæ уадзы…

Алырдæм мæ раппар-баппар кæны…

Æз дæр мæ ахуыр нæ уадзын:

цæрынтæй хъазын…

Зæхх — царды хос тауæг —

йæ хорзæхтæ адæмæн радта дывæрæй тм у

æмæ урсбæмбæг миты бын уалдзæгмæ,

хурмæ бæлгæйæ, улæфы фæлмæстæй.

Арс дæр зымæджы къæсæрыл

афтæ ныффæлдæхы лæгæты,

фенхъæлмæ кæсы цъæх уалдзæгмæ,

сдæры йæ дзæмбы…

Зæхх — царды билцъ раттæг —

радта йæ фæллæйттæ адæмæн

æмæ бафынæй миты бын,

йæ зæрдæ мур дæр ницæмæ ’хсайгæйæ,

суанг уалдзæгмæ.

Мæн дæр ацы хатт,

дунейы цытæ цæуы, уыдон хъусгæйæ,

тынг æрфæндыди бафæзмын арсы!..

Yazarın Diğer Yazıları

Kuşha Doğan ile Xabze üzerine…

Uzunyayla Kafkas Kültür ve Yardımlaşma Derneği’nin (İstanbul) düzenlediği kahvaltının konuğu Kuşha Doğan Özden olacak. 26 Nisan Pazar günü saat 10.30’da başlayacak etkinlikte Kuşha Doğan...

“Kökler ve Kanatlar” okurlarıyla bir araya geliyor

Mısost Ayşen Göksu Dağıstanlı, Papirüs Yayınları etiketiyle yayımlanan “Kökler ve Kanatlar-Çerkes Aile Hikâyeleri” adlı kitabını imzalamak ve söyleşiye katılmak üzere 18 Nisan’da Ankara Çerkes...

“Cümrı” sahneleniyor

İstanbul Kafkas Kültür Derneği (İKKD) bünyesinde çalışmalarını sürdüren Worşer Tiyatro’nun “Cümrı” adlı oyunu 26 Nisan Pazar günü İstanbul seyircisiyle buluşacak. Sanatçı Dug Aysel Yıldırım yönetmenliğindeki...

Sosyal Medyalarımız

9,251BeğenenlerBeğen
2,745TakipçilerTakip Et
4,012TakipçilerTakip Et
677AboneAbone Ol

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img