Хъуамæ Æнцой Кæнæм Æгъдауыл

0
339

Ирон адæмон æгъдæуттæ – 23

Адæймаджы зæрдыл арæх æрлæууынц советон дуджы азтæ. Цъыф сыл цасфæнды фæкалæнт, фæфауæнт сæ, уæддæр, цы уыдысты, уымæй баззадысты. Рæстаг фæллойгæнæджы фарны хъæстæ фæкодтой, адæймаг дзы цыдæр æвзæрдзинæдты æдде адæймагдзинады æууæлтæ уыдта æмæ æнкъардта. Ныр дæм мæгуыргур йæ къух куы æрбадаргъ кæна, дæ размæ бомж куы фæуа, уæд дæхи куыд хъуамæ æнкъарай? Æви æфсæст æххормаджы хъуамæ ма æмбара, уый раст у? Мæгуыргур дæр адæймаг у æмæ бомж дæр. Уый онг дæлейау æрхаудтой сæ царды уавæрты азарæй. Æхсæнады уагæвæрды фыдæй.

О, фæлæ ныр мæ зæрдыл хорзы тыххæй не ‘рлæууыд уыцы дуг. Тыхмийæ дзы бирæ цыдæртæ арæзт цыд. Уæлдайдæр та — Ирыстоны. Нæ уæды хицауады-иу цыбыр рæстæгмæ бирæ стыр хъуыддæгтæ ацаразын бафæндыд. Ирон адæмы удварны дæр. Уымæй дæр халæн куысты. Уæдæ цы уыд нæ кувæндæттимæ тох, æртæ чъирийы ныхмæ дзæнгæда цæгъдын, нæ чындзæхсæвты фæтк халын! Стыр кадджын кодтой уæд фæскомцæдисон чындзæхсæв. Æмæ иу хъуыддагæй хорз уыд: ног къайæн-иу хицауад стыр лæвæрттæ ракодта, сæ иумæйаг царды фыццаг къахдзæфты сын стыр ахъаз чи фæуыдаид, ахæмтæ. Ныр дæр бæргæ афтæ куы уаид. Фæлæ ахæм чынзæхсæвтæ бындуронæй хæлдтой ирон чындзæхсæвы фæтк, йæ хъуыды, йæ рæсугъддзинад, йæ цин. Гъе уый тыххæй ирон царды бынат не ссардтой, нæ ныффидар сты.

Цардивылд цæугæдонæй уæлдай нæу. Иуæрдæм кæнæ иннæрдæм аздахæн ын ис, бауромæн ын нæй! Йæ разæй дæ сæр-сæфæнмæ ахæсдзæн. Æгъдæуттæ дæр цардæй цæуынц æмæ уыдонæн дæр бацауазæн — бынтон аивæн нæй. Уымæн æмæ царды фæлтæрддзинадыл æнцой кæнынц. Ис сæм ивддзинæдтæ хæссæн, ис сын хорз æмæ æвзæрæрдæм здахæн. Æмæ сæ цавæр адæймаг кæны, уымæ гæсгæ сæ æнкъарынц ирæттæ æмæ иннæ адæмтæ дæр. Хорз лæджы къухы кусæнгарз, хæцæнгарз куыд хорз сфидауы, афтæ — æгъдау дæр. Хуыцауæй разы — хуыздæртæ фылдæр сты, æмæ нæ æгъдæуттæ дæр сæ хуыз скалынц, хуыздæр кæнынц, цардимæ æмдзу кæнынц.

Зæгъæм, ныры дуджы чындзæхсæвы лæвæрттæ æмæ кусæрттаг дзырддаг нал сты, йæ сæрмæ ничиуал хæссы уыдоныл ныхас стынг кæнын. Кæнæ чындзы уæлæдарæс, хæдзары дзаумæттæ. Дæ фадат куыд амоны, афтæ кæн.

Уæдæ хæрнæджы фынгæй фæндаггæгтæ дæр фæкъаддæр сты. Йæ сæрмæ ничиуал хæссы, фынгæй сыстгæйæ ма къæбцæй йемæ сахатмæ цæуинаг фæндагмæ исты айсын. Куырыхон хистæртæ архайынц, цæмæй адæм мæрдæхсæвæр мауал кæной, сабатизæртæм нæлгоймæгтæ ма цæуой. Хæрнæджы фынгыл цыппар рæгъæй фылдæр ма кæной. Хатт сын тыхмийы хуызæн рауайы, æгъдау та тыхми нæ быхсы. Æмæ фылдæр адæм мæрдæхсæвæр дæр, стæй ма хæрнæджы фынгыл цыппар нæ, фæлæ дыууадæс рæгъы дæр кæнынц. Æвæццæгæн, æгъдæуттæм ахæм стыр ивддзинæдтæ æвиппайды хæсгæ не сты. Фæлæ уал мæрдæхсæвæр æмæ сабатизæртæ, нæ фыдæлтæ куыд кодтой, уымæ куы раздæхиккам. Раджы мæрдджыны хæдзары пецы хойраджы тыххæй арт скæнын, арынгмæ æвналын йе ‘вæрæн бонæй раздæр нæ фæтчыд. Хиуæтты æмæ хорз сыхæгты фæрцы, ома, сæ хаст хойрагæй æвæрдтой фынг, мардныгæнæн боны хæстыл адзурыны тыххæй-иу чи æрæмбырд, уыдонæн. Куы-иу бауынаффæ кодтой, уæд сæ-иу мардæн ныххæлар кодтой. Ныр та кусарт нæ акæныныл дæр нал фæлæууынц. Уæдæ сабатизæрты дæр лæгтæ фынгыл нæ бадтысты. Æмбисондæн куы баззад: «Сабатизæры устытау, ныхасыл фесты».

Уæдæ дыууиссæдзæм бон та, кæд кæныс, уæд фæдзур æрмæст æввахс хæстæджытæ æмæ хæрз сыхæгтæм. Æмæ де ‘гъдау скæн — дæ мардæн дæ æрцæттæгонд хойраг ныххæлар кæн, æрымысут ын йæ ном. Стыр фæлхæстæ дæр дзы цæмæн хъæуы? Кæмдæрты хæрнæджы фынг цины фынгæй куыд нал фæхицæн кæны, уый та у æнæфенд ми.

Хæрнæджы фынгыл æрмæст цыппар рæгъы кæнынмæ чи хъавы, уый йыл цыфæнды куы дзура, уæддæр иннæтæ сæ кæнон кæндзысты. Хуыздæр нæ уаид, нæ фыдæлтæм та фæстæмæ акæсын æмæ сæм хорзæй цы уыд, уый райсын. Уыдон арфæйы нуазæнæй æмæ искæй мæрдтæн рухсаг зæгъынæй дæр рæгъытæ нæ уагътой. Уыдон куы аиуварс кæнæм, уæд ма рауайдзысты 8 рæгъы 1. Стыр Хуыцауыл марды æмæ мæрдджын бинонты бафæдзæхсын. 2. Рухсаджы рæгъ. 3. Бинонты цæрæнбоны рæгъ. 4. Йæ хиуæттæй йæ разæй мæрдтæм чи бацыд, уыдонæн рухсаг зæгъын. 5. Æрцæуæг адæмæн арфæ ракæныны рæгъ. 6. Æрцæуæг адæмы хистæрæн рæгъы бар. 7. Кæстæрты цæрæнбоны тыххæй рæгъ. 8. Бинонты æмæ марды Мыкалгабырыл бафæдзæхсын — бæркады рæгъ. Уыдон дæр æнæмæнг нуазгæ хъуамæ ма уой. Дæ агуывзæйæ саход æмæ йæ æрæвæр стъолыл, цæмæй адæм зианы фынгыл нозтджын ма кæной, дзолгъо-молгъо ма кæной. Æмæ нæ марды æгъдау йæ уагыл уа.

Иу хатт ма йæ зæгъын: æгъдау тыхми нæ быхсы. Æгъдау аразгæ у цардимæ баргæйæ, адæмы уагимæ, нæ фыдæлтæ дзы цы мидис бавæрдтой, уымæ гæсгæ. Уыцы хуызы йæ куы кæнай, уæд нæ фæрæдидзынæ. Махæн нæ дин не ‘гъдæуттæ сты, æмæ сæ чырыстон динимæ чи хæццæ кæны, уый рæдийы. Райсæм мæрдæгъдæуттæ Зæрдæвæрæн æмæ Майрæмы куадзæн. Зæрдæвæрæн у ног марды ингæныл уалдзæджы нæууæвæрæн æмæ йын ног халсар, гагадыргъæй рухсаг зæгъын. Æрвылаз дæр вæййы майы фæстаг цыппæрæмы. Чырыстон Вознесение Господнеимæ йæ чи бæтты, уый рæдийы.

Майрæмы куадзæн ирон адæммæ у ног мæрдтæн сæрдыгон халсæрттæ æмæ дыргътæй ныххæлар кæныны мæрдты бон. Æрвылаз дæр вæййы августы фæстаг майрæмбоны. Майрæмы куадзæн дæр уымæн хуыйны. Чырыстон бæрæгбон Успение Пресвятой Богородицыимæ йæ чи бæтты, уый рæдийы. Уыцы бæрæгбон æрвылаз дæр вæййы 28 августы æмæ æрцæуы хуыцаубонмæ дæр. Ирон адæммæ та хуыцаубоны уæлмæрдмæ цæуын нæ фæтчы. Зæгъынц, раздæр, дам, хуыцаубоны мард дæр нæ ныгæдтой.

Хуыцаубоны нæ фæтчы дыууиссæдзæм боны кæнд кæнын дæр. Арæх адæм фæфæрсынц, мардæн йæ дыууиссæдзæм бон кæдæй нымайгæ у, зæгъгæ. Нымайгæ у йæ мæлæн бонæй æмæ йæ кæнгæ у сабаты — мæрдты бон. Сабатмæ куы нæ цæуа, уæд та йæ нымадмæ гæсгæ хæстæгдæр сабаты. Йæ дыууиссæдзæм бон та йын йæ ном æрымысын фæхъæуы бинонты æхсæн.

Ирон адæм сæ царды бонтæ нымайынц: къатыбонтæй, æнцойбонтæй, рæмонбонтæй, бæрæгбæттæ æмæ тæфæбонтæй. Къатыбон у кусгæ бон, æнцойбон — фæлладуадзæн бон, рæмонбон — цины бон, бæрæгбон — кувæндонмæ цæуæн, кувæн бон, тæфæбон — мардæрцыдыл хъыггæнæн бон.

Уымæй уæлдай ма ирон адæммæ къуырийы алы бон дæр баст у кæцыдæр зæд кæнæ дуаджы номимæ. Къуырисæр у Уацилламæ, Алардымæ. Тутырмæ кувæн бон, нымад у уыдоны боныл. Дыццæг у Уастырджийы бон, æртыццæг — Бынаты бардуаджы. Цыппæрæм — Мыкалгабыры, майрæмбон — Мады зæды, Мады-Майрæмы, сабат у мæрдты бон, хуыцаубон — Хуыцауы бон.

Къуырийы бонтæн сæ æхсæвтæ дæр сты уæлдæр ранымадмæ гæсгæ уыцы зæдты æмæ дауджыты, стæй сабатæхсæв — мæрдты æмæ Хуыцау æхсæв. Æмæ дын «дæ бон хорз»-æн исчи куы зæгъа: «Кæй бон у, уый хорзæх дæ уæд», уæд æй зон: къуырисæры дæ кæй фæдзæхсы Уациллайыл, Тутырыл; Алардыйыл; дыццæджы — Уастырджийыл, æртыццæджы — дæ бынаты бардуагыл, цыппæрæмы — Мыкалгабырыл; майрæмбоны — Мады зæдыл, Мады-Майрæмыл, Хуыцаубоны — Стыр Хуыцауыл.

Сабат бон мæрдты бон у æмæ, дам, зæды аудындзинадæй марды аудындзинад къаддæр нæу. Дæ мæрдтæ дыл аудæнт, сæ уæлеон зæрдæ дæм дарæнт — вæййы ахæм арфæйы ныхас. Ирон адæм сæ мæрдтæй хуымæтæджы нымд нæ кæнынц. Рæстæгæй-рæстæгмæ сын фынджыдзагæй сæ ном ссарынц. Сылгоймаг та йæ мойы мард хиуæттæй искæй ном бадгæйæ куы фехъусы, уæд фесты æмæ йын “рухсаг у” фæзæгъы.

Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй дыууиссæдзæм боны кæнд аргъуаны нымадмæ гæсгæ æнæмæнг уыцы бон кæнгæ нæу. Сабат мæрдты бон у, æмæ, дам, уыцы бон мæрдтæй алчидæр фенхъæлмæ кæсы, чи йæ цæмæй æрхъуыды кæндзæн, уымæ. Уымæ гæсгæ йын йæ дыууиссæдзæм боны кæнды цыдæриддæр ныххæлар кæнынц, уый йæм сыгъдæгдæрæй хæццæ кæны. (www.xurzarin.ru)

 

Цгъойты Хазби

 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz