Цы у царды фæндаг? Ацы фарстыл хъуыды кодтой дунейы номдзыд философтæ. Цинтæ æмæ хъыгтæй арæзт. Цин æмæ зиан хо æмæ æфсымæрт сты, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ дзырдæ у фыдæлты заманæй ардæм. Хъыг куы нæ уаид, уæд царды аргъæн йе цæг нысан арф æмæ бæлвырд не ‘мбариккам. Æхсызгæттæ куы нæ æмбариккам æмæ æнкъариккам, уæд та цард нæ уаид, йæ зарæг нæ хъуысид. Нæ зониккам ноггуырды худты æхсызгон зæлланг, йæ фыццаг дзырдтæ «мад», «фыд», йæ арæхстгай æндæр ныхæстæ æмæ фыццаг къахдзæфтæй æхсызгондзинад нæ исиккам.
Куыд æхсæнады политикон æмæ экономикон-социалон, культурон, ахуырадон, фæсивæды хъомылады уаг, афтæ ивы адæмы уд æмæ зæрдæйы равг, зондахаст, мидуавæр, бакаст, суанг ма уæлæдарæс дæр.
Нæ рухсыбадинаг фыдæлтæ царды махæй фылдæр федтой æмæ зыдтой царды цинтæн æмæ хъыгтæн сæ аргъ, сæ нысан æмæ ад. Уыцы уагыл дзырдтой æмæ фæдзæхстой сæ кæстæртæн. Цардæн йæ аргъ зонут, царды хæрзтæ сыгъдæгзæрдæ фæллойæ арут. Цард æмæ мæлæт æнусмæйы тохгæнджытæ сты, цард мæлæтæй тыхджындæр у, цард цардæй агуырынц. Чырыстон дины æгъдауы дæр Куадзæны рæстæг уымæн вæййы афтæ арæх загъд – Чырысти æрцыд ацы зæхмæ, адæмы тæригъæдтæй фервæзын кæныны тыххæй йæ цард радта дзуарыл байтыгъдæй æмæ мæлæт райсгæйæ, йæ уды райгасæй мæлæтыл фæуæлахиз.
Зианы фынгыл дæр, нæ фыдæлтæй баззайгæ æгъдауы, рæгъытæ цæуынц Хуыцауы ном ссарыны фæстæ, рухсаджы рæгъ, йæ фæстæ та цæуы цæрæнбоны рæгъ. Зианы фынгыл цы бæркад вæййы, уый алчидæр йæ марды рухсагæн, мæрдтæм йæ фæндаджы удыбæстæйы æнцойæн æрцæттæ кæны. Уæ фарн бирæ, фæлæ уыдон æфсæдæн бæркад не сты. Фынгыл бадынц æмæ дзы цы вæййы, уымæй марды ном аргæйæ уаг æмæ æгъдауыл аходынц.
Нæ фыдæлты зианы æмæ цины æгъдæуттæ бирæ сты, фæлæ сæм бахæрд æмæ бануæзты цæстæй куы нæ кæсай, куы сыл хъуыды кæнай æмæ сæ афтæмæй куы æххæст кæнай, уæд æнцон æмбарæн æмæ æххæстгæнгæ сты. Зынæй сæ ницы ис, уымæн æмæ алы æгъдауы дæр ис арф мидис æмæ логикон хъуыды.
Фыдæлты дуджы зианы æгъдау куыд æххæст кодтой, ныр афтæ нал у. Фæлæ дзы уыцы рæстæгæй цы райсæм, абон дæр чи сбæздзæн æгъдауæн, марды удыбæстæйæн, уый ис.
Мæ фыд æмæ æз мæ хистæртимæ Дзæуджыхъæуы историон хай Ирыхъæуы цардыстæм. Нæ сыхы-иу зиан куы æрцыд, уæдиу йæ цæрджытæй, карджынæйæрыгонæй, суанг сывæллоны онг, мæрдджынты фарсмæ балæууын алкæмæн дæр хæсыл нымад уыд. Ирыхъæу Хуыцауы дзуары бын цæрынц, алы кæмттæй æмæ хъæутæй ралыгъдысты Дзæуджыхъæумæ æмæ дзы галиузонд адæм, ирон чи нæу, уыцы цæрджыты ‘хсæн дæр нæ уыд æмæ нæй. Цины дæр æмæ зианы дæр кæмæн цы ‘мбæлд, уый кодтой. Ныртæккæ ирон зианы фынг иуæй-иу хистæр дæр йæхи уаг æмæ æгъдаумæ гæсгæ куыд рацаразы, афтæ дзы никуы федтон.
Заманхъулы та мæ мадырвадæлтæ Мыртазтæ цæрынц, мыггаджы æмæ хъæуы хистæртæй дзы кæйдæрты æрæййæфтон. Зианы хæрнæджы бирæ никуы бадтысты, дзæгъæл ныхас, хъæр никуы кодтой. Гуыбыныл хæцын фæрæзтой. Зианы агъдауæй нырау, уæлдайдæр Дзæуджыхъæуы вæййы арæхдæр, арвистон нæ арæзтой. Фыццаджыдæр, зианы фынгыл фыццаг рæгъы размæ æртæ кæрдзыны нæ хастой (зианы фынджы цъайраг «кæрдзын» уымæн хуынд, æмæ йыл цины фынджы цъайрагау, хæрзаддæры тыххæй, уæлдай хъацæнтæ йæ гахмæ не фтыдтой – царв, айк). «Кæрдзын» йæ номæй дæр нысан кодта зиан, мардæрцыды цъайраг. Хуыцауы ном дзы нæ ардтой, фынгыл æртæ цъайраджы не ‘вæрдтой, фæлæ иу фыццаг рæгъы фынджы хистæр загъта дыууæ хъуыдыйады: «Нæ зиан дæр, нæ цин дæр Хуыцауы уазаг уæд». Æндæр дзы бирæ дзырдæн фыццаг рæгъы фæстæ дæр бынат нæ уыд. Æмæ абон дæр хъуамæ ма уа. Зианы фынг æмæ зианы æгъдау хиуылхæстæй, ныхасæй дæр, уагæй дæр, бакастæй дæр, бæлвырд æгъдауæй фидауынц.
Ирыхъæуы дæр æмæ Заманхъулы дæр зианмæ æз никуы федтон сылгоймæгты дæр æмæ нæлгоймæгты дæр гомкъах, гомсæр, гомзæнг æмæ гомцонгæй цæугæ.
Зианы хæрнæджы-иу бирæ нæ бадтысты. Рæгъытæ дæр-иу цыбыр æмæ бæлвырд уыдысты. Ахæм уагæн уын æрхæссон иу дæнцæг. Мæ мадыфыд Мыртазты Дауырбег хъæуы кадджын лæг уыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ фæллойы ветеран, уый-иу зианмæ кæнæ кæндмæ куы цыд, уæд-иу рагацау æрбацыд кæддæриддæр йæ хæдзармæ. Цинмæ кæнæ зианы æгъдауы фæдыл цæугæйæ, йæхи-иу дарæс æмæ бакасты уагæй куыд хъæуы, афтæ æрцæттæ кодта, акомдзаг-иу кодта уырдæм цæугæйæ æмæ уырдыгæй æрбаздæхгæйæ, бæрц зыдта нозт æмæ хæрдæн алы фынгыл дæр.
Адæймаджы, бинойнаджы, хæдзары хистæры мардæрцыды фынгæй чындзæхсæвы фынг нæ арæзтой фыдæлтæ. Фыццаджыдæр, уымæн æмæ конд уыд марды удыбæстæйæн. Уый тыххæй-иу ын йæ фылдæр хай, хæрнæджы бадты фæстæ, стæй уый размæ дæр байуæрзтой æвæрæз бинонтæн, карджын, рынчын-иу кæмæ уыд, уыцы хæдзæрттыл. Социалистон Фæллойы хъæбатыр, зындгонд ахуыргæнæг Цæлыккаты Нинæ йæ царды фæстаг рæстæджыты йæ бинонтæн фæдзæхста – зианы хæрнæгæн, стæй уый фæстæ кæндтыты дæр æмæ рухсаджы бæркад байуарын сидзæр сывæллæтты хæдзæрттыл. Æмæ афтæ бакодтой. Уый уыд зæрдæджын, хорз хистæры уынаффæ.
Ныртæккæ цард социалонэкономикон уагæй æнцон нæу. Уый чи æмбары, ахæм адæм кусы абон ритуалон куыстуæтты хицæутты ‘хсæн дæр. Сæ иуы сæргълæууæг Габеты Эммæ мын куыд радзырдта, афтæмæй, йæ бон у, марды æгъдауæн цы хъæуы, уыдон чырынæй, ингæн къахыны онг хæсæй бакæнын. Зианы хабар куы æрцæуы, уæд мæрдджынæн йæ хъыг йæ цæстытæй кæсы, йæ сагъæсæй цы фæуа, уый нæ зоны, æмæ йын ахæм хуызы йæ уавæр фæрог кæнын. Уый фæстæ зиан бафснайыны хæрдзтæ бафидæн вæййы сабæттæгты æхцайæ.
-Зиан бафснайынæн, йæ фæстаг фæндаджы æгъдауæн цы хъæуы, уыдонæн дæр сæ алкæмæн дæр ис хицæн æгъдæуттæ. Зианджын æмæ йæ хиуæттæ сæ амал куыд у, афтæ цæмæй сæ марды йæ фæстаг фæндагыл рæсугъд кад æмæ радæй арвитой, уымæ дæр сæм ме ‘ххуысы къух бадарын ме ‘мкусджытимæ, – дзырдта нын Эммæ.
Ирон адæммæ циндзинад: куывд, чындзæхсæв æмæ чызгæрвыст, зарæг, кафт æмæ фæндыры цагъдæй, зæрдæбын гаджидæуттæй æмæ арфæтæй фидауынц. Нысан канынц ног бинонтæн сæ царды райдайæн. Уыдон лæппу æмæ чызгæн сты Хуыцаумæ, йе сконд зæдтæм сæ амондджын царды курдиаты нысантæ. Цæмæй сæ хизой фыдбылызæй, дæттой сын цард, цотхалы амонд, фарн. Ныр чындзæхсæвты, чызгæрвысты, куывды бирæ хатт фехъусдзынæ фынджы уæлхъусæй фыдæлтыккон рагон зарджытæ. Чындзæхсæв æмæ чызгæрвысты чындзы йæ райгуырæн хæдзарæй, йæ хурæргом къонамæ æрвитгæйæ, раздæрау къухылхæцæг æмæ æмдзуарджын нал ныззырынц «Нанайы зарæг» æмæ «Чындзхæсджыты зарæг».
Адæймаг йа цардæй куы ахицæн вæййы, уæд йæ хиууæттæн сæ хъыг, сæ уæззау маст, сæ хъарм цæссыджы æркалдæй сылгоймаг-сыхæгтæ, къабæзтæ, æмбæлттæ, æмкусджытæ æмæ зианмæ æрцæуæг адæм бабуц кæнынц. Фыдæлты æмбисонд дæр хуымæтæджы нæ баззад – мард цæссыгæй фидауы, зæгъгæ. Ацы æгъдауæн ма ис æндæр ахсджиаг хай дæр – хъарæг. Ирыстоны рагæй-æрæгмæ дæр уыд дæсны хъарæггæнджытæ. Фæлæ, хъыгагæн, зианыл хъарæггæныны æгъдау, кæд æнæмæнг æххæстгæнинаг у, уæддæр сабыргайсабыргай рæстæджы дымгæ йæ йæхи бакæнынмæ хъавы. Сæфы! Æрмæстдæр ма хъарæг фехъусын вæййы арæхдæр Хуссар Ирыстоны æмæ Дыгуры. Афтæ кæй у, уый, мæнмæ гæсгæ, хъыгаг хабар у. Марды номыл цæссыг æркалын, зæрдиаг хъарæг ыл ныккæнын у марды удыбæстæйæн ахъаз Хуыцауы раз, йæ тæригъæдтæ ссыгъдæг кæныны хъуыддаджы æмæ йын дзæнæтмæ фæндагæн аххуыс. Цас зæрдиагдæрæй иу уыд мардыл æгæсты цæссыгæркалд, уыйбæрц-иу сыл цардаудæн уыцы дунейæ фылдæр кæй кæндзæн зиан, уый уырныдта нæ фыдæлты æмæ-иу хъарæг кæныны агъдау æххæст кодтой.
Æз ацы уац зианы æгъдауы фæдыл искæйы бафхæрыны тыххæй нæ хæссын уæ размæ, зынаргъ газеткæсджытæ, фæлæ мæ фæнды, цæмæй ирон æгъдауæн йæ бындурмæ кæсæм æмæ йæ алчидæр аивæй æххæст кæна. Зæрдæрухс æмæ амондджынæй уыл цæуæд уæ царды алы бон дæр! (gztslovo.ru)
Фарс бацæттæ кодта Гасанты Валери