Bağımsızlık Demokrasi Özgürlük Eşitlik Birlik

Ног азы хорзæх уæ уæд!

Ног азы хорзæх уæ уæд, Иры дзыллæтæ!

Хуыцау уын арфæ ракæнæд! Иры зæдтæ, дауджытæ уын хæрзгæнæг уæнт!

Ног аз ног хæрзтæ æрхæссæд! Æвзæрæй цы уыд царды, уыдон та зæронд аз йемæ ахæссæд.

Ирон адæм фæкувынц, бæстæ сабыр куыд уа, нæ уæнгты уа æнæниздзинад, нæ бакуысты – бæркад, æмæ нын ахæм лæвар Иунæг Кадджын Стыр Хуыцау саккаг кæнæд! Ног азы йæ райдайæнæй йæ кæронмæ уарзон адæмы ‘хсæн цинты цæуæг ут! Кæрæдзийы уарзгæйæ цæрут! Хуыцау нæ фыдбылызæй хызт уадзæд, фыдæзнаджы фæндийаг нæ макуы уал фæкæнæд.

О Стыр Хуыцау! Кæддæриддæр дын дæ ном куывдты æмæ чындзæхсæвты куыд арæм, ахæм цард ныл бафтау! Де ’сконд зæдтæ æмæ дауджыты хорзæх дæр нæ уæд!

Сыгъзæрин Уастырджи, Хуыцауæй — ирон адæммæ, ирон адæмæй — Хуыцаумæ, дыууæрдæм минæвар дæ, Хуыцаумæ фæндаг дын уæгъд у, æмæ-иу курдиаты бон йæ хорздзинæдтæй ирон адæмæн ракур. Ирон адæмыл ног азы рæстæрдæм куыд аудай, ахæм амонд сæ уæд! Дæ рахиз базыры бын сæ кæн! Хуыцауы фыдæхæй сæ хъахъхъæн! Байрагæй бæх кæныс, лæппуйæ та — лæг, æмæ нæ кæстæртæ — де уазæг! Фыдбылызæй сæ бахиз! Бынаты дæр, фæндагыл дæр — кæддæриддæр дзæбæх куыд уой, уыцы арфæ сын дæ цæст бауарзæд!

Ног азы хорзæх дæ уæд, Ирыстон-Алани! Стыр Хуыцау æмæ уæ Уастырджийы хорзæх уæд, мæ зынаргъ æмтуг адæм!

Ног, 2024 азы хорзæх уæ уæд!

Yazarın Diğer Yazıları

VEFAT

Çerkes edebiyatının yazar ve şairi Meşbaşe İshak’ı sonsuzluğa uğurladık. 90’ın üzerinde kitabı olan, eserleri toplamda 4 milyondan fazla baskı yapan Meşbaşe İshak’ın kitaplarından bazıları dünya...

Mezbjen Dragon Bot hafta sonu yarışacak

Gaziantep Büyükşehir Belediyesi tarafından bu yıl 7’ncisi düzenlenen Uluslararası Rumkale Su Sporları Festivali 7 Eylül’de başladı. Festival, doğa yürüyüşü, bisiklet yarışı, yüzme, dragon bot...

Mehmet Ayberk Koşak altın madalya kazandı

Uzunyayla Methiye Köyü’nden Mehmet Ayberk Koşak, 21 Ağustos-3 Eylül tarihlerinde, İtalya’nın Taranto kentinde düzenlenen 20. Akdeniz Oyunları’nda artistik jimnastik halka kategorisinde 14.250 puan alarak...

Sosyal Medyalarımız

9,251BeğenenlerBeğen
2,745TakipçilerTakip Et
4,012TakipçilerTakip Et
677AboneAbone Ol

Son Yazılar

- Advertisement -spot_img