БЫНАТЫ (хæдзары) ХИЦАУЫ ÆХСÆВ

0
162

Ирон Æгъдæуттæ – 18

БЫНАТЫ (хæдзары) ХИЦАУЫ ÆХСÆВ

Бынаты Хицауы бæрæгбон фæкæнынц тъæнджы мæйы, фыццаг кæнæ дыккаг къуырийы æртыццæг æхсæв. Ирон адæмы уырнынадмæ гæсгæ, алы хæдзар, алы бинонтæн дæр ис йæхи бардуаг. Æмæ цæмæй дæ бынаты амондджынæй, æнæнизæй, æнæфыдбылызæй цæрай, уый тыххæй йыл дæхи бафæдзæхс, дæ кæстæрты тыххæй йæм батабу кæн. Ирон адæм ын циндзинады алы фынгыл дæр арынц йæ ном, лæгъстæ йын кæнынц, цæмæй сæ йæ хорзæх уа.

Раздæр-иу Бынаты Хицауы æхсæвмæ снывонд кодтой кусæрттаг: сæгъ кæнæ фыс, ныр арæхдæр аргæвдынц карк кæнæ уасæг. Нывондаг кусарт кæнæ маргъ фыхтой афтæ: йæ уæнгтæ æнæхъæнæй куыд баззадаиккой. Куы-иу сфыхт, уæд-иу дзидза сивыры кæнæ æндæр исты кæхцмæ систой, истæмæй-иу æй æрæмбæрзтой, чъиритæ, нозт йæ цуры, æмæ-иу бинонты хистæр скуывта:

«О, Бынаты Хицау, дæ хорзæх нæ уæд! Рæдийын нæ ма бауадз, фыдæхæй нæ бахиз. Адæймагæй, бæхæй, фосæй — нæ сæртæ де уазæг уæнт. Нæ зæрдæбын куывд нын фехъус, нывондæй, хойрагæй, нозтæй дын цы сцæттæ кодтам, уыдон дын барст уæнт. Нæ фæстаг фиддон дын ма фæуæнт…».

Бынаты Хицауы æхсæвы бæрæгбонмæ цы сцæттæ кæнынц, уыдонæй æцæгæлонæн хæрыны бар нæй. Уыцы бон уазæгуаты цæуын дæр аив нæу.

ХÆЙРÆДЖЫТЫ ÆХСÆВ

Кæддæр, дам, адæм æмæ хæйрæджытæ иумæ цардысты, сæ ныхас кæрæдзийыл бадт, фæлæ иурæстæджы фæныхмæ сты, æмæ кæд Уастырджи хæйрæджыты фесæфта, уæддæр сæ адæм тарстысты æмæ сын сæрмагондæй сæ ном ардтой.

Йæ фадат кæмæн амыдта, уый æргæвста сæгъ. Сæгъ, дам, хæйрæджыты сфæлдыст у æмæ уый адджындæрæн исынц. Чи та-иу аргæвста фыс, уасæг кæнæ карк. Цы-иу аргæвстой, уымæн-иу йæ туг рауагътой иу ранмæ æмæ-иу æй арф баныгæдтой, кæнæ-иу æй цæугæдоны ауагътой, куыдз кæнæ дзы гæды куыд нæ фæхъæстæ уыдаид, афтæ.

Æмбисæхсæв-иу хæдзары бинонтæ чысылæй-стырæй кæртмæ рацыдысты. Афтæ дзырдтой, зæгъгæ, дам, уыцы рæстæг хæйрæджытæ хæдзары февзæрынц, ацаходынц кувинæгтæй æмæ æрбайсæфынц.

Иуцасдæр-иу хæдзары бинонтæ кæрты алæууыдысты, стæй-иу мидæмæ хæ-дзармæ бацыдысты.

Бынаты Хицауы æмæ Хæйрæджыты æхсæвы бæрæгбонтæ дзурынц ууыл, æмæ алы хæдзар, алы бынатæн дæр ис йæхи хæрзаудæг бардуаг æмæ хæйрæджы хай. Бынаты Хицауы бардуагмæ батабу кæн, цæмæй дæ хæдзар, дæ бынат амондджын уа, йæ хорзæх уа бынаты. Дæ бынат бафæдзæхс хæйрæджытыл, цæмæй йæм хæстæг ма цæуой, хæдзарæн фыдбылыз ма хæссой.

Хæйрæджыты æхсæв ныр дæр бирæтæ бæрæг кæнынц. Аргæвдынц карк. Цы хæринаг конд æрцæуы, уымæй хъуамæ бинонты йеддæмæ мачи фæхъæстæ уа, науæд, дам, уый хæйрæгæн хъыг уыдзæн æмæ сын сæ кувинæгтæ нæ айсдзæн.

 

НОГБОН

Ирон адæмы уарзондæр бæрæгбонтæй иу у Ногбон.

Цыппурсæй къуыри фæстæдæр, 13 январы куы æрталынг вæййы, уæд ирæттæ нысан кæнынц Ногбон. Æфсинтæ дзулаг ссады хыссæйæ скæнынц адæймаджы, цæрæгойты æмæ хæдзарон дзаумæтты сурæттæ. Æппæты стырдæр фæхуыйны деда, иннæтæ — лæппынтæ, сæ иуæй-иуты та фæхонынц зæхгуысты алы кусæнгæрзты нæмттæй. Уыдон раттынц, хуым чи фæкæны, уыдонæн. Скæнынц ма цыхтджын гуылтæ æмæ сæ фæхонынц басылтæ æмæ стыр гуыдын — æртхурон. Бахæрынц æй æр-мæстдæр хæдзары бинонтæ. Æртхурон комкоммæ тæлмацæй нысан кæны «хуры зынг — хуры хъæбул».

Бинонтæй-иу дзы алкæмæ дæр æрхаудта стыр карст æмæ-иу æй æнæмæнг хъуамæ бахордтаид. Æртхуронмæ магион тых уыди, æмæ-иу йæ хай чи бахордта, ууыл йæ ног аз хорзæй кæй ацæудзæн, уый сæ уырныдта. Уый тыххæй-иу чъирийы цыхтимæ ба-вæрдтой фидæны амонды фæсномыг нысæнттæ — æвзист æхца, къуымбилы бындзыг, хъуымацы гæбаз. Æмæ æууæндыдысты: гуыдыны хаимæ цы лæвар æрхауа, ног аз уымæй уыдзæн хайджын. Бон æрба-цъæх, уæд-иу алы хæдзар дæр йæ размæ арт скодта æмæ-иу архайдтой, кæй арт стырдæр уыдзæн, ууыл. Æртытæ-иу сæхи арвы хъæбысмæ ивæзтой. Хистæрæй кæстæрмæ-иу арты алыварс нытымбыл сты. Хæдзæртты дуæрттæм-иу æртытæ куы ахуыссыдысты, уæд-иу къонайы кæнæ пецы бавæрдтой ногбоны къодах, ома, фидæн аз хæдзар сугхъуаг нæ уыдзæн, сæ къона сæ тавдзæн, сæ хæдзар уыдзæн рухс. Куы баизæр, уæд-иу бинонтæ фынджы алыварс æрæмбырд сты. Лæгтæ-иу фынгты уæлхъус рабадтысты. Ногбоны фынджы уæлхъус-иу бинонты хистæр фæткмæ гæсгæ бирæ фæкуывта, цæмæй сын ног аз бирæ хорздзинæдтæ æрхастаид.

Ногбон æхсæв хъæлдзæг бæрæгбон у. Фæсивæд-иу сæ уæлæ, куыд ничи сæ базыдтаид, афтæ алыгъуызон дарæс скодтой æмæ-иу хæдзæрттыл зылдысты заргæйæ.

Бинонтæ-иу Ногбоны æхсæвы бирæ фæбадтысты, райсомæй-иу сæ раздæр чи ахызт æддæмæ, уый-иу æрбацыд лыстытæ, хъæмп кæнæ хоры нæмгуытимæ æмæ-иу сæ хæдзары къуымты бапырх кодта, уал æмæ уал хорзы хæдзарыл æрцæуæд. Ног азы бон нæлгоймæгтæ фæцæуынц кæрæ-дзимæ арфæтæ кæнынмæ. Уымæй сæ уырны, ног азы дæ къæсæрæй фыццаг чи æрбахиза, уымæн кæд амондджын къах ис, уæд амонд æрбахæсдзæн, иннæйы æрбацыд та фыдбылызы хос фæуыдзæн. Ахæм хуызы аргъ кодтой дыккаг боны фыссæн æхсæв (ома, хъысмæт нывгæнæн) кæй хуыдтой, уымæн дæр. Уыцы æхсæв чызджытæ сагъæс кодтой сæ фидæны амондыл. Скодтой-иу цæхджын гуылтæ. Гуылтæ хъуамæ æнæдзургæйæ бахордтаиккой æмæ-иу уый фæстæ бафынæй кодтаиккой.

Цыкурайы фæрдыг кæмæ уыд, уыдон-иу æй Ногбон æхсæв систой æмæ йæм кастысты, сæхи йыл фæдзæхстой, табу йын кодтой.

Ныры рæстæджы, хъыгагæн, ацы бæрæгбонтæ дæр бирæбæрцæй фæивтой, раздæр сæ куыд нысан кодтой, афтæ сæ нал нысан кæнынц.

https://xurzarin.ru/iron-aegdaeuttae-3/ https://www.youtube.com/watch?v=0n8btqWTbD0

 

CEVAP VER

Lütfen yorumunuzu giriniz!
Lütfen isminizi buraya giriniz