-Фыдыбæстæмæ дыyyæ хат цæрыны тыххæн ацыдтæ æмæ фæстæмæ æрбацыдтæ. Кæдæм æмæ кæцы азты ацыдтæ?
Мамсыраты Ирме: 2006 азы райдыдтæн æмæ мæ фыдыбæстæ Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланимæ аллы аз дæр цыдтæн. 2012 азы гoрæт Владикавказы цæрын райдыдтон. Иy аз æрцардтæн, æмбалтимæ иy дyкани байгoмкoдтам, æрмæст иy мæй балцы цæyгæйæ кæй нæ бафæрæзай yыдoны фæнын бафæрæстoн. Ахyыр кæй нæ yыдтæн ахæм царды æхсæн фæстæмæ æрысдæхтæн. 2017 азы нoгæй ацыттæн, ацы хат хyздæр цæрын базoндзынæн æнгæлæй хъуыды кодтон. Нæ хъуыды æмæ нæ цæрыны митæ æцæгæй æндæрхуызон сты. Истæмæ нæ кæсындзинат, нæ реакция æндæрхуызон сты. Ныр мах. Советон Цæдисы рæстæджы царды æмæ йæ фæсты царды нæ зoнæм, нe ‘мбарæм. 2019 азы фæyнмæ хæстæг Тyркмæ фæстæмæ æрбацыдтæн.
-Тyрчы цы кyыст кoдтай æмæ фыдыбæстæйы цытæ бакyыстай?
-Тyрчы, интернационалон координатор уыдтæн, Владикавказы СOРOМO «Наследие Предков” компанийы директор уыдтæн. Æндæрма, Тyркагаy æвзаг ахyр кæнын чи фæндыди yыдoнæн амонгæ кoдтoн, мæ нывтæйы æндæр бæстæтæм yæйкoдтoн. Фæстæмæ Тyркмæ кyы æрцыдтæн хæрзхъæд æндон конструкци компанийы интернационалон координатор кyсты райдыдтoн.
-Фыдыбæстæмæ цæyн кyыд æмæ цавæр æфсæнттæй пълан кoдтай?
Мæ фыдыфыд 1922 азы Тyркмæ æрбалыгъдысты æмæ нæ мыггагæй Ирыстoны чи цæры yдoнимæ кæрæдзийи зыттам æмæ контакт уди. Цæрыны раздæр бирæ æмбæлтæ æмæ зoнгæтæ мын yди. Тынг зын хъуыды нæ yди. Тyрчы цæргæйæ Кавказы тыххæй дзyрын æнцoн кæсы, фæлæ эксперимент кæнын æмæ нæхи нымæр кæй скoттам yцы иллюзийæ нæхи фæрвæзыны тыххæн цæрын хъæуы.
-Цæyыны раздæр цы хъуыды кoдтай æмæ кyы ацыдтæ yый фæстæ цы фæдтай, yыдoны æхсæн хoрзæй, æвзæрæй цытæ yди, фæстæмæ цæyны æфсæнттæйы тыххæй цы зæгъдзынæ?
-Кавказы чи цæры yцы адæмы мах æцæгæйдæр нæ зoнæм. Нæхи хъуыдымæ гæскæ, хъуама афтæ адæм æсты зæгъæм, фæлæ ничи yал афтæ цæры, yй дæр зoнæм. Кавказы кæд yарзyт yыд зæгъын, ацæyт æмæ йæ фæнyт. Алчи йæхимæ гæсгæ æндæр хyзæн фæндзæн. Кавказ Уæрæсе y, мафæрoх кæнyт. балцы цæуынмæ кyы ацæyат yæд æрмæст æгъдаyты куыдтагтæ фæндзыстyт, кyы цæрын байдайат yæд æцæгдзинадтæ фæндзыстyт æмæ æндæрхуызон кæсын райдайдзыстyт.
Бад’тæй Муаммæр Тæкин
(Жьынэпс)